Хуссар Ирыстон аккаг царды сæрыл куыд тох кодта, чи йын баххуыс кодта уыцы хъуыддаджы æмæ йæ ныхмæ чи лæууыд, уыдæтты тыххæй æрвылкъуырион «Звезда»-йæн радзырдта республикæйы Президент Бибылты Анатоли.

– Цахæм æнкъарæнтæ дæм сæвзæрыд республикæйы банымайыны боныл 10 азы сæххæсты рæстæджы?

– Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайын Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй кæрон скодта сæрибардзинады сæрыл республикæйы адæмы тохæн. Растдæр йæ банымадæй, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ æууæндын райдыдтой сæ сомбоныл. Æмæ уымæ гæсгæ æз дæр æнкъарын ахæм æнкъарæнтæ – ныфсы æмæ стыр цины æнкъарæнтæ. Уыцы-иу рæстæджы ис бæрндзинады æнкъарæн дæр. Абон алцыдæр ис нæхи къухы, республикæйæн ис стыр фадæттæ æмæ нæхицæй кæнгæ у бæстæйы дарддæры рæзт.

– 2008 азы ды уыдтæ цауты тæккæ астæу, дыууæ хатты фæцæф дæ. Дæс азы размæйы цаутæй иууыл тынгдæр цы бахъуыды кодтай, чизоны ахæмтæ дæр, кæцыты тыххæй нырма никуы ра-дзырдтай? Цы дæ тынгдæр æндæвта, цæуыл тынгдæр фæхъыг кодтай?

– «Бахъуыды кæнын», æвæццæгæн, иууыл растæр ныхас нæу. Нæй ферохгæнæн, Цхинвал куыд рызтис хъомысджын артиллерион æмæ минометон æхстыты бын, кæцы райдыдта 7 августæй 8 августмæ æхсæвы. Нæй ферохгæнæн, Зары фæндагыл куыд ныццагътой бæлццæтты. Мысынадæй нæй сисæн, уыцы уæззау æнкъарæн,  куы бамбæрстон, знаджы æруромæн кæй нæй Цхинвалмæ бацæуæнты æмæ кæй бахъæудзæн уынгты тох кæнын.

Уыцы-иу рæстæджы æз цæрæнбонтæм бахъуыды кодтон горæты хъахъхъæнджыты иудзинад, сæ дисциплинæ, кæцыты руаджы Уæрæсейæ æххуысы æрцыдмæ сæ бон бацис знаджы ныхмæ фæлæууын. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæнæн иууыл уæззаудæр уыд, гуырдзиаг фистæг æфсады бронемашинæтимæ Хъайтарты уынджы уæлæмæ цæугæ куы уыдтам, уый. Уыдоны æхстам, бахаудыстæм сæ хæдæхсты æхстыты бын. Фæлæ сын уæддæр сæ размæбырст æрурæдтам. Мæнæн фæцæф мæ цæсты цур æмæ мæ уæраг. Мæхæдæг тынг тыхстæн мæ бинонты тыххæй. Уыдон уыдысты Цхинвалы, гуырдзиаг æф-сæдтæ горæты кæм уыдысты, уыцы хæдзæрттæй сæ иуы ныккæнды. Уый уыдис тынг зын.

– Ныртæккæ цахæм аргъ скæндзынæ фондзбонон хæсты хæстон архайдтыты цыдæн?

– Ис ын иу аргъ скæнæн. Гуырдзыстоны тыхæй сабырадмæ куынæ æркондæ-уыдаид, уæд Хуссар Ирыстоны æнцойад нæ уыдаид, уый нæ, фæлæ, æвæццæгæн, Хуссар Ирыстоны территорийыл ирæттæ нал цардаиккой. Гуырдзыстоны фидыдадмæ тыхæй не ‘ркæнгæйæ, мах Цхинвалы бæстыастæу нæ ныхас кæниккам.

– Гæнæн ис ныртæккæ фæлхатт æрцæуа, 10 азы размæ цы æрцыд, уый?

– Гæнæн ис хæстон агресси бафæлвæрдæуа, тыхæй не спайда кæныны тыххæй Меморандумыл къух æрфыссыныл Гуырдзыстон кæй нæ разы кæны, уый хынцгæйæ. АИШ та уыцы хъуыддаджы йе ‘вварс хæцы. Катайдзинад ма æвзæрын кæны, гуырдзыстон НАТО-мæ тынг кæй тырны, регулярон æгъдауæй дзы æфсæддон ахуыртæ кæй цæуынц, гæрзифтонг сæ скæныны тыххæй нæ сыхæгтæн стыр фæрæзтæ хицæн кæй цæуы. Æмбæрстгонд у, махмæ кæй æвзæры фарст, кæй ныхмæ кæны Гуырдзыстон йæхи хотыхджын? Уæрæсе, Сомихстон, Азербайджанмæ бабырсыныныл не сфæлвар-дзæн. Баззадыстæм ма дзы Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон. Уыимæ мæ иттæг уырны, ахæм хæст куы райтынг кæна, уæд агрессор карзæй æфхæрд кæй æрцæудзæн.

– Республикæйы гарзджын тыхтæ æмæ спецслужбæтæн сæ бон у адæмы æддагон знæгтæй бахъахъхъæнын? Æви стабилондзинады гарантыл ды нымайыс РХИ-йы уæрæсейаг æфсæддон базæйы?

– Кæй зæгъын æй хъæуы, 4-æм æфсæддон базæйы хуызы Уæрæсейы Федераци у æдасдзинады гарант. Фæлæ проблемæ скъуыддзаг нæ цæуы, уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты уæхсджытыл æдасдзинады фарст сæвæргæйæ. Абоны бонмæ, зæгъæн ис, бакуыст æрцыд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æдасдзинады иууон контур саразыны план. Бакуыстæуыд æмархайды æппæт фарстатæ дæр, бæрæг æрцыдысты приоритетон здæхтытæ æмæ Уæрæсейы Гарзджын тыхтæ, 4-æм æфсæддон базæ, Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад æрæвнæлдтой ацы комплексон план æххæст кæнынмæ. Уый фадат ратдзæн цахæмфæнды провокациты ныхмæ дæр фæлæууынæн.

– Арæнтыл провокацитæ вæййы? Цас тасдзинад хæссы уый регионы сабырадæн?

– Уыдон стыр инциденттæ нæ вæййынц, кæцытæ, гæнæн ис, суой хæстон архайдтыты райдиан, уымæн æмæ Гуырдзыстон зоны, цæй фæдыл дзырдтон, уыцы мадзæлтты тыххæй, зоны ма, уыцы провокацитæн лæвæрд кæй æрцæудзæн аккаг ныхкъуырд. Инциденттæ сæ дзурыны аккаг дæр не сты: фехалынц арæнгæрон нысæнттæ, арæнгæрæтты ракæ-бакæ кæнынц америкæйаг кæнæ европæйаг политикты, туристты, аразынц æндæр шоу-балцытæ. Гуырдзыстоны ныртæккæ цæуы президентон кампани æмæ мах æнхъæлмæ кæсæм, ахæм архайдтытæ кæй фæарæхдæр уыдзысты политикон, æхсæ-надон организациты ‘рдыгæй, кæцытæн æнцойад нæ дæтты, Республикæ Хуссар Ирыстон размæ кæй цæуы, уымæй дæр, Хуыцауы фæрцы, размæ цæуы æнæ Гуырдзыстон.

– Цахæм аргъ кæныс Уæрæсейы Президент Владимир Путинимæ уæ æрæ-джыйы баныхæстæн, цахæм у сæ нысаниуæг республикæйæн?

– Владимир Владимиры фыртмæ ис æппæт информаци Хуссар Ирыстоны тыххæй æмæ уымæ  гæсгæ баныхæстæ ацæуынц æнтысгæйæ. Фембæлды фæстиуæг уыдзæн Уæрæсейы ‘рдыгæй бирæпланон æххуыс Хуссар Ирыстоны размæцыдæн. Мах æруынаффæ кодтам инвестицион программæ реализаци кæныны фарстатыл, республикæйы цæрджыты социалон ифтонгадыл, Уæрæсейы Федерациимæ товарæрзылд фæфылдæр кæныны гæнæнтыл, сæудæджерадон кондады рæзты перспективæтыл. Иумиагæй сисгæйæ, ацы фембæлды фæстиуæг суыдзæн Хуссар Ирыстоны цæрджыты царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын.

– Ды дæ хæстон инæлар, рацыдтæ æфсæддон карьерæйы æппæт асинтыл, службæ кодтай «тæвд бынаты». Уый дын æххуыс кæны æмбæстагон службæйы?

– Кæй зæгъын æй хъæуы, æххуыс кæны. Ис ахæм æмбисонд: «Дæлбар уæвын йæ бон кæмæн нæу, уый командæ кæнын нæ сахуыр уыдзæн». Царды дæр афтæ у: йæхæдæг чи нæ куыста, уымæн йæ бон не суыдзæн искæуыл къухдариуæг кæнын. Уый раст у. Æфсæддон хъуыддагыл дзырд куы цæуа, уæд уый, кæй зæгъын æй хъæуы, у дисциплинæйыл цайдагъдзинад, ситуацийæн уайтагъд саргъ кæнын, уынаффæтæ райсынмæ арæхстдзинад. Æфсæддонтæн уый дырысæй бæлвырд у куыд æмгъуыдмæ, афтæ гъæдмæ гæсгæ дæр. О, мæнæн цы æфсæддон бындур ис, уый мын, бирæбæрцæй, фадат дæтты эффективонæй кусынæн.

– Уыцы рæстæджы дын цы бантыст æмæ цы нæ бантыст саразын?

– Мах æндидзын кæнын райдыдтам, 2008 азы цы хæдзæрттæн разиан чындæ-уыд, уыдоны.  Уыцы хæдзæртты гæнæн уыд раджы сцалцæг кæнын, Уæрæсе цы финансон фæрæзтæ рахицæн кодта, уыдон дæр фагæй фылдæр сты, цæмæй абон уыцы куыст æххæст æрцæуа. Ныртæккæ мах пырх хæдзæртты æн-дидзын кæнæм. Æнтыстыл нымайын республикæйы бюджетмæ хи фæрæзтæ фактон æгъдауæй 40 проценты кæй фæ-фылдæр сты, уый. Республикæйы стабилондзинад дæр æхсæнадæн, иумæйагæй сисгæйæ, у æнтыст. Ис, кæй зæгъын æй хъæуы, проблемæтæ, кæцыты аскъуыддзаг кæнын къухты нæма бафтыд, цæвиттон, Хуссар Ирыстоны фылдæр кусæн бынæттæ саразын. Ацы здæхты цæуы серьезон куыст æмæ уый комкоммæ баст у экономикæйы рæзтимæ, инвесторты æр-бахонгæйæ.

– Æвзæрстыты агъоммæ кампанийы рæстæджы ды дзырдтай Цæгат Ирыстон æмæ Уæрæсеимæ баиуы тыххæй. Дæ цæстæнгасмæ гæсгæ уый гæнæн ис?

– Ирыстоны хуссар æмæ цæгаты баиу кæныны æнæмæнгхъæуындзинад æрмæст мæ фæндон нæу, уый у ирон адæмы национ идея, кæцыйы сæрыл бирæ фæлтæртæ радтой сæ цард. Мæн уырны, уымæн альтернативæ кæй нæй, нæй гæнæн иу этнос рæза хицæнтæй, уымæн æмæ уый фидæны, æнæмæнг, æркæндзæнис хицæн хæдидентификацимæ, кæрæдзимæ ныхмæлæудмæ, ныртæккæ уырыссæгтæ æмæ украинæгты ‘хсæн цы уынæм, уымæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.