Æрбалæууыд 2008 азы августы хæстыл 10 азы сæххæсты бон. Цхинвалмæ æхсæвыгон Гуырдзыстон куы райдыдта бырсын æмæ гуырдзиаг спецслужбæтæ абон цы куыст кæнынц, ацæугæ 10 азы Хуссар Ирыстоны æнтыстытæ æмæ Дамаскимæ сразы-дзинæдтæ, сириаг партнертимæ бизнесконтактты перспективæтæ æмæ республикæйы хи æфтиæгты рæзт,  æппæт уыдæтты тыххæй РИА Новостийæн йæ интервьюйы радзырдта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли.

– 2008 азы августы ды уыдтæ фидауынгæнæг батальоны командиры хæдивæг. Куыд базыдтай, хæст кæй райдыдта, кæй райдыдта гуырдзиаг æфсады размæбырст?

– Æз уый тыххæй базыдтон, Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм æй куы базыдтой, растдæр уæд. Цхинвалы цæрджытæ уый тыххæй базыдтой, столицæйы алыгъуызон хæцæнгæрзтæй æмæхст кæнын куы райдыдтой, уæд.

Бæлвырддæрæй зæгъгæйæ, хæст уæддæр райдыдта 1989 азы. 2008 азы та æрбалæууыд, уыцы азæй фæстæмæ цы цаутæ цыдысты, уыдонæн сæ апогей. 2008 азы 1 августы снайпертæ куынæг кæнын райдыдтой хуымæтæджы адæмы.

7 августы изæрæй уыдтæн Фидауынгæнæг тыхты æфсæддон хайы. Уырдыгæй æз ацыдтæн Уæлахизы уынгмæ, мæ хæлармæ. Уымæ уазæгуаты æрцыд нæ иумæйаг хæлар – десанты службæгæнæг. Уый уыд хæсты хæдразмæ – алцыдæр куы ныссабыр. Райдыдта иуæндæсæм сахат. Мах абадтыстæм, ныхæстæ кодтам æмæ уыцы рæстæджы райдыдтой æхстытæ. Стæй 10-15 минуты бæрц бæстæ фæсабыр, æз ацыдтæн æфсæддон хаймæ.

Уайтагъд бамбæрстай, хæст кæй райдыдта?

– Гуырдзыстон куы фехъусын кодта, тыхæй кæй нал спайда  кæндзысты, æгæрыстæмæй провокацитæн дæр дзуапп кæй нæ дæтдзысты, уый фæстæ бæрæг æдыхстдзинад фæзынд, фæлæ катайдзинад нæ фесæфт.

– Хъуыды ма кæныс, цахæм хъуыдытæ фæзындысты дæ сæры, æхстытæ куы райдыдтой, уæд?

– Фыццаджыдæр, сæры магъзы уыдысты хъуыдытæ, цы нæ саразын хъæуы, цæмæй размæбырст урæд æрцæуа, нæ бон цы у саразын. Уый фæдыл мæм æрбацыдысты дæлхæйттæй иуы службæгæнджытæ æмæ мæм бахатыдысты, цæмæй исты сорганизаци кæнæм. Уыдон нæ зыдтой, цы саразой, уый. Цоциты Гена æмæ Хъотайты Аланимæ мах Тъбеты хъæуыл ахызтыстæм æмæ федтам, Къостайыхъæуы ‘рдыгæй техникæ кæй цыдис не ‘рдæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, цыдысты æхсгæйæ. Нæхи дæр нын æхстой. Æввахс рæтты хаудысты минæтæ. Хъуыды кæнын, нæ шофыр Хъотайты фыртæн куыд дзырдтон, тагъддæр цу, нæ фæстæ минæтæ хæлынц, зæгъын. Мах уыдтам, техникæ кæй цæуы  уый уыдис 8-æм августы райсомæй. Уæд æз бамбæрстон æмæ мемæ чи уыдысты, уыдонæн загътон, ам мах кæй ницы хъуыддаг ис, хъæуы горæтмæ цæуын æмæ хъахъхъæнынад сорганизаци кæнын. Мæнмæ уæд æндæр ницы хъуыды уыдис.

Хъыгагæн, горæтмæ бахизæны фæмард сты ОМОН-ы хæстонтæ. Æз сын уæд дзырдтон  хъæуы фæстæмæ алæууын. Фæлæ уыдон æххæст кодтой бардзырд æмæ уыцы хъайтар лæппутæ стыр кады аккаг сты, бардзырд æххæст кæнгæйæ кæй фæмард сты. Горæты æз Фриты Хъазбегæй (Сабырадбахъахъхъæныны фæдыл æмхæццæ тыхты цæгатирыстойнаг батальоны хистæр) бардзырд райстон æмæ Вокзалгæрон фæзуаты районы сорганизаци кодтам хъахъхъæнынад. Бацахстам корпусты дыккаг уæладзгуытæ æмæ афтæмæй æмбæлдыстæм ныхмæлæууæгыл. Уый нæм фæстæдæр æввахс кæнын райдыдта.

Æрмæстдæр цæуыл тыхстæн, уыдон уыдысты мæ сывæллæттæ æмæ мæ бинонтæ. Уыдон мæм æввахс уыдысты,  мæ цардæмбалы фыдмæ, ныккæнды. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, тыхстæн.

– Хæсты размæ цалдæр боны сывæллæтты æрвыстой Цхинвалæй. Цæуылнæ сæ арвыстай ды горæтæй?

– Уæд дзыллон æгъдауæй эвакуаци организацигонд не ‘рцыд. Эвакуацимæ ничи æрсидт. Æз ахæмæй ницы хъуыды кæнын. Куы зыдтаин организацион æгъдауæй эвакуаци цæуы, уæд гæнæн уыд, æмæ дзы спайда кодтаин.

– Куыд нымайыс, гæнæн уыд æмæ уыцы хæст ма æруагъдæуыдаид? Æви абон уыдаид, æви сом, уæддæр хъуамæ æрцыдаид?

– Æвæццæгæн, нæ. Уымæй аивæрзæн нæ уыд. Гæнæн уыд ма ‘рцыдаид, уыцы Саакашвили куы нæ уыдаид, уæд. Уый баныхæсты æвварс нæ хæцыд. Уый нæ уыд фарстатæ политикон æгъдауæй  скъуыддзаг кæныны æвварсхæцæг. Саакашвили йæ разы уыдта бæлвырд хæс (йæхæдæг æй равзæрста, кæнæ та йын æй чидæр бахæс кодта) фарст скъуыддзаг хъæуы, Аджарийы йæ куыд аскъуыддзаг кодта,  растдæр афтæ. Зæгъгæ, æз æрцыдтæн, æз хорз лæппу дæн, æз тыхджын дæн æмæ фæцис! Фæлæ Саакашвили хицауиуæгадмæ куы ‘рцыд, уæд рабæрæг, йæ риторикæйæ, йæ агрессивон ныхæстæй, йæ эмоционалондзинадæй бадзырдон процесс йæ кæронмæ  кæй цæуы. Ницахæм иллюзитæ уыдис. Æндæр хъуыддаг у, мах кæй зæгъын æй хъæуы, не ‘нхъæлмæ кастыстæм ахæм тыхджын æхстытæм. Æмæ-иу адæймаг дæр нæ ахъуыды кодтаид, æрдæгæхсæв горæтыл бомбæтæ кæлын кæй райдайдзысты. Чи хъуамæ æнхъæлмæ кастаид ахæм цыдæрмæ? Афтæ бакодта æрмæстдæр НАТО Югославийы.

– Цы фæивта 10 азы дæргъы республикæйы?

– Фыццаг æмæ сæйраг ивындзинад у адæм æдыхстæй кæй цæрынц. Адæм нал тæрсынц, æхстытæ кæй райдайдзысты, уымæй. Адæм не сты æдзух хæстон цæттæдзинады уавæры, цæмæй асинтыл æрлидзой æмæ бамбæхсой ныккæнды. Уый у иууыл сæйрагдæр æнтыст. Алы адæймагæн дæр сæйраг у сабырад æмæ æнцойад. Уыцы æнцойад абон ис Республикæ Хуссар Ирыстоны.

Дыккаджы, æндидзыд цæуы республикæ æмæ йæ экономикæ. Уый дæр иттæг ахсджиаг у, уымæн æмæ сæ хæдзæрттæ чи фесæфтой, уыдонæн ис ныр сæхи цæрæнбынат. Кæй зæгъын æй хъæуы, нырма бирæ саразын хъæуы. Фæлæ ацы куыст цæуы.

Уæрæхдæр æмæ хуыздæр кæны республикæйы инфраструктурæ. Цы политикон процесстæ дзы цæуы, уыдон сты бынтондæр демократон. Уый ныридæгæн у хуссарирыстойнаг æхсæнады æнтыст. Хуыздæр кæны æнæниздзинад хъахъхъæныны системæ. Уыдон сты фельдшерон-акушерон пункттæ арæнгæрон зонæты, ног хирургион комплекс, арæзт чи цæуы, уыцы гуырæн хæдзар, нæ соматикон рынчындоны алыварс кæй аразæм, уыцы медицинон кластер.

Экономикæйы ис æнтысгæ проекттæ, кæцытæ реализаци цæуынц дыргъкуысты къабазы, базальтон фæскъау уадзыны. Арæзт цæуынц сывæллæтты цæхæрадæттæ, скъолатæ, фæндæгтæ. Æппæт уыдæттæ æвæрццагæй æндавынц адæмы цардыл, республикæйы имиджыл.

– Уæрæсе уæ куы банымадта, уый фæстæ уыдтæн республикæйы. Ныр цæсты хауынц ивындзинæдтæ – ногæй сырæзтысты университет, театр, Парламенты бæстыхай. Хъуыддæгтæ еныр цæмæн феггуырстысты? Цавæрдæр ног æхцатæ фæзындысты республикæйы?

– Кæй зæгъын æй хъæуы, фылдæр æхцатæ куы уа, уæд фадæттæ дæр фылдæр уыдзысты. Фæлæ æз нымайын афтæ æмæ фыццаг рады хъуамæ эффективондзинад уа, республикæмæ чи цæуынц, уыцы финансон фæрæзтæй пайда кæныны. Кæд æмæ сæ эффективонæй пайда кæнæм æмæ  нын Уæрæсе æххуысы хуызы цы æхцатæ хицæн кæны, афтæ ма нæхи бюджетыл дæр кæд аудæм, уæд ноджы фылдæр ис гæнæн саразæн.

Æнæ бæлвырд планкæнынадæй, фæстиуæг нæ уынгæйæ, алцыдæр цæуы хæддзуйæ. Нæй гæнæн къухты æнтыст бафтæн æнæхъæн горæты уынгты куы скъахай æмæ куы ничи ницы араза. Уыцы проблемæтæ æнæхъуыдыгондæй скъуыддзаг кæнын æркæны социалон æндыгъддзинады сытынгмæ.

– Цасбæрцæй æвдисгæ у республикæ Уæрæсейы æхцатæй, бюджеты цахæм хай арæзт цæуы уæрæсейаг æхцаты хыгъдæй? Цас бакусы республикæ йæхæдæг? Уыцы æмахаст исты хуызы фæивта хицауиуæгадмæ де ‘рцыдæй?

– РХИ-йы бюджеты нæхи хайы куы абарæм ивгъуыд азты бæрæггæнæнтимæ, уæд – æз Парламенты Сæрдар куы уыдтæн  мах бюджет истам 2017 азæн. Уæд республикæйæн йæхи æфтиæгтимæ уыдысты 700 милуан сомы. Ныртæккæ уыдон сты 1 миллиард 250 милуан сомы бæрц.

– Цæй фæрцы сырæзтысты республикæйы æфтиæгтæ?

– Фыццаджыдæр, æфтиæгтæ администрад кæныны. Мах æмбарæм, æфтиæгты администрад кæнынæн ис арæн, фæлæ æнæ уый экономикæйы æмæ æндæр къабæзты дæр дарддæры къахдзæфтæ план кæнын гæнæн нæй. Финансон дисциплинæ, фиддонон æмæ æнæфиддонон æфтиæгты дырыс администрад дын куынæ уа, уæд физикон æгъдауæй дæ бон нæ бауыдзæн план кæнын.

Мах æнцой кодтам ууыл æмæ хъуамæ бамбарæм, цахæм фадæттæ ис паддзахадæн. Ацы фарсты мах фæтк æрæвæрдтам æмæ уымæ гæсгæ нæхи фæрæзтæй æрвылаз дæр 2 проценты хицæн кæнæм чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады рæзтæн. Нырма уыцы æхцатæ цъус сты.

2018 азы бюджет нын уыд 1 миллиард сомы. Уыдонæй 2 проценты (20 милуаны) рахицæн кодтам амалиуæгады рæзтæн. Афæдзмæ 5 процентыл уыдонæн дæттæм чысылбæрц хæс, кредиттæ, кæцытæй спайда кæнынц, цæмæй сæ фарстатæ аскъуыддзаг кæной æмæ уый та ахъаз кæны сæ  чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады рæзтæн. Мах администрад кæнынæй куынæ спайда кодтаиккам, уæд нын ахæм фадат нæ уыдаид. Æрбалæугæ азы, мæ хъуыдымæ гæсгæ, чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуыс уыдзæн 30 милуан сомы бæрц. Мах æмбарæм, кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссар Ирыстоны егъау корпорацитæ физикон æгъдауæй, нæй гæнæн æмæ уой.

– Ды зæгъыс, зæгъгæ, фæтк æрæвæрдтам. Лæмбынæгдæр нын куы радзурис, дзырд цæй тыххæй цæуы.

– Бирæ паддзахадон унитарон куыстуæттæ кæй нæ фыстой, уыцы акцизтæй æфтиæгтæ фæфылдæр сты, фæфылдæр сты, амалиуæггæнджытæ кæй нæ фыстой, уыцы фиддонтæ. Бастдзинады «Остелекомы» хуссарирыстойнаг оператор паддзахадæн райдыдта фидын æфтиæгтæ. 2005 азæй фæстæмæ сæ уый нæ фыста. Фидын райдыдтой бангтæ. Национ бангы паддзахады хай фæфылдæр.

– Хуссар Ирыстонæн ис рæзты цавæрдæр финансон-экономикон стратеги?

– Дæргъæмгъуыдон проекттæ аразын махæн зын у. Уымæн æмæ уыдонæн хъæуы сæрибар æхцатæ. Фæлæ астæуккагæмгъуыдон перспективæйы ис æхцатæ æмæ сæ æвæрæм уыцы проектты.

– Зæгъæн ис æмæ фæстаг азы фæактивондæр Хуссар Ирыстоны дипломатон архайд. Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арæх вæййы фæсарæнтæм визитты. Дæхæдæг визитимæ уыдтæ Донецкы Адæмон Республикæйы, Сербаг Республикæйы, Сирийы. Цахæм у ныртæккæ Хуссар Ирыстоны æддагполитикон стратеги?

– Ис хæдбар паддзахад  Республикæ Хуссар Ирыстон, кæцыйæн хъуамæ уа йæхи æддагон политикæ. Алчидæр зоны, æз кæй дæн, уый фарс цæмæй нæ республикæ бацæуа Уæрæсейы скондмæ. Уыцыиу рæстæджы æддагполитикон къабазы мæ активон архайд æмæ Уæрæсейы скондмæ нæ бацыды фæндондзинад хæццæ кæнынц. Мæн кæддæриддæр фæнды бамбарын кæнын, мах иуран бадын æмæ æнхъæлмæ кæсын кæй нæ хъæуы, Уæрæсейы скондмæ кæд бацæудзыстæм, уымæ. Мах хъуамæ аразæм къахдзæфтæ. Æмæ мах цы къахдзæфтæ аразæм, уыдон сты перспективон ирон адæмы баиу кæныны хъуыддаджы.

Абон кæд мах хæдбар паддзахад стæм, уæд хъуамæ нæ политикæ аразæм, цæмæй республикæйы фылдæр паддзахадтæ банымайой, цæмæй йæ дунейы хуыздæр зоной. Махæн ис стратегион партнер – Уæрæсейы Федераци. Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдзыстæм Уæрæсейы сконды  ууыл æз нæ дызæрдыг кæнын, уымæн æмæ мæ тынг уырны, ирон адæмы стратегион нысан, кæцы бæлвырд æрцыд уартæ 1920 азы, куы нæ адих кодтой, уæд, ис уый мидæг æмæ мах кæй фæнды иу географион æмæ политикон тыгъдады уæвын.

Мах уый куынæ саразæм, уæд æз тынг тæрсын, уырыссæгтæ æмæ украинæгтимæ куыд рауад, афтæ куы рауайа.

Æз тынг тæрсын, 100-150 азы фæстæ мах куы дзурæм «цæгаттаг ирæттæ ирæттæ кæй не сты», кæнæ та уыдон куы дзурой «хуссайраг ирæттæ ирæттæ не сты». Хуыцау ма зæгъæт æмæ мах сом райдайæм дзурын, Ирыстоны кæцы хай лæууы бæрзонддæр кæнæ ныллæгдæр. Цæмæй афтæ ма рауайа, уый тыххæй хъуамæ размæ цæуæм иумæ, фæнды нæ, æви нæ, уæддæр. Мах куынæ баиу уæм, уæд, хъыгагæн, райсдзыстæм, æндæр дих адæмтæ цы райстой, уый. Мæнмæ уый, æцæгæйдæр тасдзинад æвзæрын кæны.

– Æввахс рæстæджы æнхъæлмæ кæсæн ис æндæр бæстæты ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны банымадмæ?

– Цæуылнæ. Мах активон куыст кæнæм. Фæстаг дæс азы ахæм активон æддагполитикон архайд нæ уыд. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мах дарддæр кæндзыстæм уыцы политикæ. Мах иумæ архайдзыстæм нæ сæйраг стратегион партнер Уæрæсеимæ æмæ ма нæ чи банымадтой, уыцы бæстæтимæ. Мах уыдоны руаджы уынын кæндзыстæм, нæ республикæйы кæй цæрынц хæстхъом адæм, кæцыйæн йæ  туджы ис хæстон хъомыс, фæлæ уыцы адæмы кæй фæнды йæ сыхæгтимæ, дунеон æмæхсæнадимæ сабырæй цæрын. Мах  хъуамæ агурæм æмæ арæм ахæм хæлæртты, кæцытæ нæ æмбарынц æмæ уыдон та фылдæрæй фылдæр кæнынц. Мах уынæм, фæсаууонмæ алчидæр кæй дзуры, Уæрæсе Гуырдзыстонмæ кæй нæ бабырста, Уæрæсе Хуссар Ирыстоны кæй фервæзын кодта. Æмæ кæд фæсаууонмæ афтæ дзурынц, уæд æввахс рæстæджы та райдайдзысты æргомæй дзурын. Фæлæ нырма бирæтæм нæй политикон фæндондзинад, цæмæй нæ банымайой, уымæн æмæ сæм политикон лæдзæгæй æртхъирæн кæнынц. Дæ ныхас куы зæгъай, уæд дын дæ сæр æрцæвдзысты. Дада Сем алцæмæ дæр йæ хъус дары.

– Лæдзæг кæмæ не ‘взидæуы, уыцы паддзахадтыл куы дзурæм, уæд нæ хъуыдымæ æрцæуы Иран, кæцы историон æгъдауæй баст у ирон этносимæ, æвзаджы аспектты уæддæр. Сиримæ дæ визиты рæстæджы президент Башар Асад йæ фæндон нæ загъта, цæмæй æхсæны лæг уа Цхинвал æмæ Тегераны ‘хсæн бастдзинæдтæ æрбæстон кæныны?

– Мах Асадимæ фехъусын кодтам, кæрæдзийы интерестæ кæй размæ кæн-дзыстæм æртыккаг бæстæты. Сири – арабаг бæстæты, Хуссар Ирыстон та фадæттæм гæсгæ уыцы бæстæты, кæцытимæ нын ис хæларадон ахастытæ. Иран уа, æви æндæр арабаг паддзахад, æви африкæйаг, латинагамерикæйаг, кæнæ æндæр исчи, мах уый араздзыстæм.

– Цæуыл ныхас кодтой Асадимæ?

– Бирæ фарстатыл уынаффæ кодтам. Уынаффæ кодтам Хуссар Ирыстон æмæ Сирийы ахастыты рæзты перспективæтыл. Бирæ ныхас кодтам иумæйаг куыстуæттæ организаци кæныны къабазы махæн дæр æмæ уыдонæн дæр цы фадæттæ ис, уыдоныл, Сирийы бизнес организаци кæныныл. Уынаффæ кодтам æндæр ахæм фарстатыл, кæцытæ ахсджиаг сты махæн дæр æмæ уыдонæн дæр. Уыцы нымæцы дзырдтам банджы къабазы нæ архайдтытыл дæр.

– Исты сразыдзинæдтæм æнхъæлмæ кæсæн ис банджы къабазы?

– Æввахс рæстæджы къухтæ æрфыс-тæуыдзæн нæ базарадон-сæудæджерадон палатæты ‘хсæн сразыдзинæдтыл. Уый бæлвырд у. Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хаххыл куыст цæуы, сразыдзинæдтыл кæд æмæ кæм хъуамæ æрфыссой къухтæ, ууыл. Сирийы бизнесменты фæнды Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын, афтæ хуссарирыстойнаг бизнесы дæр фæнды Сиримæ æрцæуын. Фæлæ уый тыххæй, фыцца-джыдæр, хъæуы байгом кæнын базарадон-сæудæджерадон  палатæ.

Башар Асады нæ фæнды Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын?

– Кæй зæгъын æй хъæуы, фæнды йæ уый нæ, фæлæ ма мах бадзырдтам, æнæмæнгæй кæй фембæлдзыстæм Хуссар Ирыстоны. Фæлæ кæд, уый нырма хъæуы сбæлвырд  кæнын.

– Кæд план цæуы РХИ-йы минæварад Сирийы æмæ Сирийы минæварад та Хуссар Ирыстоны байгом кæнын?

– Ууыл кусы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад. Уый хъуамæ тагъд уа.

– Фæсарæйнаг лидертæй кæмæ æнхъæлмæ кæсут 26 августы, республикæйы банымайыны боны?

– Æвæццæгæн, нæм æрцæудзæн Сербаг Республикæйы сæргълæууæг. Мах тынг фæнды, цæмæй нæм æрцæуа Науруйы лидер. Хъуамæ нæм уой Донецкы æмæ Луганскы республикæты лидертæ. Ныфс нæ ис, кæй нæм æрцæудзысты.

– Сирийæ дзы Уæрæсейы ацы бæстæйы минæвар Рияд Хаддад уыдзæнис?

– О, æнæмæнгæй.

– Уæрæсейы президент дæр æрцæудзæнис?

– Бакæсæм.

– Фидæнмæ Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт Парламентмæ æвзæрстытæ уагъд цæудзысты æмхæццæ системæмæ гæсгæ. Цæмæн райст æрцыд ахæм уынаффæ? Нæ тæрсыс, Парламентмæ куы бахауой, политикæйæ дард чи сты, ахæм адæймæгтæ?

– Вæййы æхсæнады домæн. Æмæ ахæм домæн куы уа, уæд æхсæнады ныхмæ цæуын нæ хъæуы. Кæд æмæ æхсæнады фæнды, цæмæй депутатæй сæхи раразмæ кæныны барæй пайда кæной æрмæст партиты минæвæрттæ нæ, фæлæ партиты чи не сты, уыдон дæр, уæд цæуылнæ. Æз ууыл разы дæн. Æнæнхъæлæджы адæймæгты тыххæй куы дзурæм, уæд зæгъдзынæн, Хуссар Ирыстоны адæм политикон æгъдауæй цæттæ кæй сты, цæмæй ахицæн кæной, аккаг чи у æмæ чи нæу, уыдоны дæр. Махмæ кæрæдзийы зонынц  дзæнгæда чи цæгъды æмæ реалон хъуыддæгтæ чи аразы, уыдоны. Уымæ гæсгæ æз ахæм тасдзинад нæ уынын æмæ Парламентмæ бахауой политикæйæ кæнæ республикæйы цардæй дард адæймæгтæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ Парламенты æнæнхъæлæджы адæймæгтæ нæ уыдзæн. Адæм уый не ‘руадздзысты.

– Гуырдзыстон НАТО-мæ активонæй куы тырны æмæ ацы бæстæ альянсимæ æфсæддон ахуыртæ куы уадзы, уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны нæ хъæуы Уæрæсейы æфсæддон уæвынад ам фæтыхджындæр кæнын?

– Махæн нæ бон нæу бандавын, Гуырдзыстон НАТО-мæ бацæуа æви нæ, ууыл. Уый у гуырдзиаг æхсæнадæн йæхи хъуыддаг. Æвæццæгæн, ничи фæивдзæн, Гуырдзыстоны чи ис, уыцы «натофилийы». Æмæ Гуырдзыстоны адæммæ нæ, фæлæ йæ разамынадмæ цы русофоби ис, уый сæ адæмæн, кæцыйæн Уæрæсемæ ис хæлар ахаст, фадат нæ ратдзæн, цæмæй сæ хъуыды зæгъой НАТО-мæ бацæуыны ныхмæ. Тыхсын нæ кæны уый? О. Уымæ гæсгæ мах абон УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм æфсæддон базæимæ ауадзæм иумæйаг ахуыртæ æмархайды фæдыл. Уымæ гæсгæ мах абон Хуссар Ирыстоны арæнтæ фидар кæнæм дунеон нормæтæм гæсгæ. Мах æппæт дæр аразæм, цæмæй Гуырдзыстонæн иллюзитæ ма уа Хуссар Ирыстоны фарст тыхы руаджы аскъуыддзаг кæныны.

– Гуырдзиаг спецслужбæтæ сæхи куыд дарынц Хуссар Ирыстоны территорийыл? Бафæлвæрдтытæ нæй республикæйы уавæр дестабилизаци кæнынмæ?

– Гуырдзиаг спецслужбæтæн куыст уыдзæн. Уымæн сты спецслужбæтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах уынæм сæ бæрæг къахдзæфтæ, уыдоныл мах дырысæй контроль кæнæм. Мах зонæм, чи сæм сты, уыцы æндæвдады агентты. Уыдонæй бирæтæ уый зонгæ дæр нæ кæнынц, фæлæ сæ мах зонæм. Æмæ абон афтæ зæгъæн нæй, Хуссар Ирыстоны уавæр скарз кæныны фæдыл цавæрдæр экстраординарон куыст цæуы, зæгъгæ, уый. Уыдонæн уый фадат нæй, уымæн æмæ Гуырдзыстоны политикæ райсинаг нæу Хуссар Ирыстоны цæрджыты 98 процентæн. 1,5-2 проценты дзы баззад æмæ уыдон сты æндæвдады агенттæ. Уыдон та уыйбæрц не сты æмæ гуырдзиаг спецслужбæты куысты мах тыхсын кæной. Уыдон цы къахдзæфтæ аразынц, уыдон зынгонд сты æмæ исæм æмбæлон мадзæлттæ. Уыдонæн стыр хæрзиуæг у Хуссар Ирыстоны нæ кусын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.