Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Би-былты Анатоли, Уæрæсейы Федераци респуб-ликæйы хæдбардзинад куы банымадта, уыцы боныл 10 азы сæххæсты хæдразмæ информацион агентад «РЕС»-æн интервьюйы хатдзæгтæ сарæзта аивгъуыйгæ æмгъуыдæн.

Уымæй уæлдай ма бæстæйы сæргълæууæг ра-дзырдта уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æмахас-тыты, æддагон политикæйы, социалон-экономи-кон фадыджы республикæйы къухы цы æнтысты-тæ бафтыд, уыдоны тыххæй, афтæ ма банысан кодта Хуссар Ирыстоны дарддæры рæзты приори-теттæ.

– Уæрæсейы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадæуыд, уый фæстæ 10 азы дæргъы ды уыдтæ республикæйы, куыстай алы-гъуызон бынæтты. Куыфд аргъ кæныс уыцы æмгъуыды республикæйы размæцыдæн?

– Кæд æмæ Хуссар Ирыстоны банымайыны фæстæ Уæрæсейы Федераци махæн æххуыс кодта æппæт къабæзты дæр, уæддæр республикæйы сæвзæрдис мидполитикон проблемæтæ. Хæсты фæстæ не ‘хсæнады раз слæууыд, æддагон тæссагдзинад æмæ æддагполи-тикон тыхæндæвдад нæ, фæлæ вазыгджын мидполити-кон процесстæ, нымад паддзахады уавæрты чи сæв-зæры, ахæм ног мидполитикон равæринаг фарстытæ.

Мах, хъыгагæн, уымæ цæттæ нæ уыдыстæм, æмæ уый уавæр скарз кодта, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд уый фаг нæ уыдзæн.

Фæлæ уæддæр Хуссар Ирыстон рахызт уыцы кризисæй, æмæ уымæй равдыста, йæ кары чи бацыд, ахæм æхсæнадау йæ бон кæй у мидæггагон проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын. Дарддæры процесстæ, уыдонимæ парламентон æмæ президентон æвзæрстытæ дæр, æвдисæн уыдысты, не ‘хсæнады политикон мидæмбарынад æмæ политикон хъомылад бæрæг кæй сырæзтысты 2011 азимæ абаргæйæ.

Адæм райдыдтой æмбарын, хъæлæс дæттын кæй хъæуы цавæрдæр хиондзинады ахастыты, афтид ныфсæвæрдтыты æмæ цæхгæр сидтыты тыххæй нæ, фæлæ хъуыдыгæнгæйæ, иу кæнæ иннæ политикон архайæг кæнæ политикон тыхы хъуыддæгтæм лæмбынæг хъус æрдаргæйæ. Æз уый Республикæ Хуссар Ирыстонæн нымайын стыр æнтыстыл.

Республикæйы æндидзын кæныны фарстыл куы дзурæм, уæд ацы ран дæр æвзæрд бæлвырд проблемæтæ, уымæн æмæ уыдон дæр баст уыдысты политикæимæ.

Уæддæр æмæ уæддæр хъæуы бузныг зæгъын нæ адæмæн, уыдон бамбæрстой, уыцы вазыгджын уавæрæй рахизын кæй хъæуы. Афтæмæй бæлвырд рæстæджы фæстæ республикæ сабыргай æмбæлон уагмæ æркодта йæ финансон системæ, скъуыддзаг кодта æндидзын кæнын æмæ размæцыды фарстатæ, æмæ уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, у Хуссар Ирыстонæн стыр æнтыст. Дзырд дæр ыл нæй, уый дæр къухты бафтыд Уæрæсейы æгæрон æххуысы фæрцы.

Ныртæккæ бæлвырдæй нысангонд сты арæзтады, экономикæйы, политикæйы хъуыддаджы нæ позицитæ. Æппæт ацы къабæзтæ кæрæдзиимæ сты æмбаст, æмæ цалынмæ уыдон æмрæзт кæнынц, уæдмæ æхсæнады вæййы æдыхстдзинад, æмæ цавæрдæр социалон æндыгъддзинадæн йæ кой дæр нæ вæййы. Куыддæр ацы къабæзтæй иу дæр фæкъуыхцы вæййы, афтæ сæвзæры политикон ныхмæдзыдты тæссагдзинад.

Уæлдæр цы загътон, уый хынцгæйæ, махæн ис æппæт бындуртæ дæр, Хуссар Ирыстон йæ рæзты ног æмвæзадмæ хизы, зæгъгæ, уый зæгъынæн.

Ивгъуыды политикон æндыгъддзинад æмæ экономикон проблемæты кой куы кæнæм, уæд мæн нæ фæнды азым искæуыл æвæрын. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, кæцыфæнды къухдариуæггæнæг дæр кусы, цы дуджы ис, уый уавæрты. Уымæ гæсгæ, æз афтæ зæгъын, æмæ Хуссар Ирыстоны æппæт разамонджытæ дæр, сæ бон куыд уыди, афтæ сæ хайбавæрд бахастой нæ республикæйы размæцыды хъуыддагмæ Хъуылымбегты Торезæй райдай æмæ мæ размæуæвæг Тыбылты Леонидæй фæугæйæ. Мæн фæнды уыдонæн бузныг зæгъын, абон мах республикæйы 10 азы кæй нысан кæнæм, уый тыххæй.

– Дæ хъуыдымæ гæсгæ, цы хъуамæ уа ахсджиагдæр хуссарирыстойнаг паддзахадæн, цæмæй йæ разылæууæг хæстæ аскъуыддзаг кæна, раздæры рæдыдтытæ ма ‘руадза, афтæмæй?

– Хуссар Ирыстон у бирæбинонджын хæдзары хуызæн, бирæ милуангай адæмтæ кæм цæрынц, уыцы бæстæтимæ йæ куы абарæм, уæд. Бинонты æхсæн та алчидæр йæхи хъуамæ æнкъара хорз. Уыцы нысан цæмæй нæ къухты бафта, уый тыххæй хъуамæ адæм æнкъарой рæстдзинад. Уыдон æй сæхи царды куынæ æнкъарой, уæд сæм æвзæры цавæрдæр ныхмæлæууындзинад, сæ алыварс цы цæуы, уыдонмæ. Ацы ран хъуамæ мах ма рох кæнæм, хуссарирыстойнаг æхсæнадæн йæ апп у рæстдзинады æнкъарынад алыран дæр. Уый хауы цæрæнуæттæ раст адих кæныны, социалон гарантиты, æндидзынады фарстытæм, æмæ а.д.

Æмæ кæд республикæйы цæрæнуæттæ уæрст цæуынц рæстдзинады бындурыл, уæд нæ уыдзæн хивæндæй хæдзæрттæ бацахсыны цаутæ, уымæн æмæ адæм æмбардзысты, абон уа æви райсом, уæддæр сæ фатер райсдзысты. Фæлæ абон цæрæнуат райсынмæ рады чи лæууы, уыдон нырма нæ уырны, фатер райсдзысты, уый, ома, «ам рæстдзинад нæ уыди æмæ никуыдæр уыдзæн». Фæлæ уæддæр цæрæнуæттæ уæрст цæудзысты раст, закъонмæ гæсгæ кæмæ æмбæлынц, уыдонæн. Рады 3-аг дæ æви 303-аг, цæрæнуат райсдзынæ, номхыгъды куыдæй фыст дæ, уымæ гæсгæ, æмæ æрмæстдæр уæд, кæд æцæгæй хъуаг дæ цæрæнуатæй.

Сæйраг у, адæм рæстдзинады уæлахиз куы уыной, уæд архайдзысты сæхи, стæй сæ бæстæйы размæцыдыл дæр. Уæд уыдон райдайдзысты æнкъарын, Хуссар Ирыстоны цы арæзт цæуы, уымæ сæхи æмхицдзинад.

– Нæ хæдбардзинад банымайыны юбилейы рæстæджы æнæскойгæнгæ нæй уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æмахас-тытæн. Куыд аргъ кæныс уыдон рæзтæн ивгъуыд дæс азы дæргъы æмæ сæ абоны уавæрæн? Æххæстбæрцæй пайда кæнынц дыууæ фарсы интеграцион процессты хъомысæй? Кæцы фарстытæ нымайынц УФ æмæ РХИ-йы къухдариуæгад  ахсджиагдæрыл сæ дыууæфарсон боны фæткы?

– Интеграцион процесстыл куы дзурæм, кæцытæ сты æмæ уыдзысты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн,  уæд бирæ арæзт æрцыд дæс азы дæргъы нæ бæстæты æхсæн, къухтæ кæуыл æрфыстæуыд, уыцы сразыдзинæдты фæдыл. Бирæты зæрдæмæ уый нæ цæуы, уыдон афтæ æнхъæлынц, интеграци нын ныхилы нæ республикæйы хæдбардзинадмæ.

Мæ хъуыдымæ гæсгæ, кæд нæ адæм сæдæ азы размæ сæхицæн æрæвæрдтой Уæрæсейы скондмæ бацæуыны хæс, уæд æй хъæуы сæххæст кæнын, искæйы зæрдæмæ цæуы, æви нæ, уæддæр. Мах хъуамæ нæ нысаныл нæхи ма атигъ кæнæм, уымæн æмæ уыцы нысан сæххæст кæнын баст у, ирон адæм дыууæ дихы кæй сты, уыимæ. Уый тыххæй бирæ зынтæ бавзæрстой нæ интеллигенцийы сæдæгай минæвæрттæ, уыдонæй иуты амардтой, иннæты та ахастой Сыбырмæ ирон адæмы дихдзинады фарст аскъуыддзаг кæныны бæллицы тыххæй. Интеграцион процесстæ сты иттæг æнæмæнгхъæуæг, хъæуы нæ, гæнæн куыд ис, афтæ æнгом ахастытæ Уæрæсейы Федерациимæ. Хуссар Ирыстонæн æндæр историон фæндагæн уæвæн нæй.

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы къухдариуæгады раз лæууæг фарстыты кой куы кæнæм, уæд кæдфæндыдæр уыдонæн се ‘ппæты ахсджиагдæр у республикæйы цæрæг адæмæн хæрзвадат уавæртæ саразын.

Сæрмагондæй махæн ахсджиагдæр у экономикæйы райрæзт, афтæ ма социалон ифтонгады фарст дæр. Ацы нысæнтты сæраппонд хицæнгонд цæуынц бирæбæрц фæрæзтæ.

Фыццаг рады хъæуы цæрджытæн медицинон лæггæдты гъæд фæхуыздæр кæнын. Абоны бон ацы фарсты фæдыл арæзт цæуы бирæ. Бæлвырд куыд у, афтæмæй ныртæккæ махмæ кусы уæрæсейаг дохтырты къорд, цæрджытæн уагъд цæуы диспансеризаци, республикæйы скуыста бæрзондтехнологион хирургион комплекс, ныр уавæртæ фæзынд компьтерон томографи æмæ МРТ-йы фæрцы диагностикæ кæнынæн.

Æппæт уыдæттæ мах аразæм уымæн, цæмæй цæрджыты республикæйæн æддæмæ афтæ арæх цæуын мауал хъæуа медицинон æххуыс райсыны сæраппонд.

– Уæрæсейы Президент Владимир Путинимæ дæ фембæлды рæстæджы цавæр фарстытыл цыди дзырд?

– Владимир Путинимæ мах цы фарстытыл дзырдтам, уыдонæн ис стыр нысаниуæг Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон райрæзт, стæй æхсæнадæмон бастдзинæдтæ рауæрæх кæныны хъуыддаджы. Мах аххæссыдыстæм нæ республикæйы цардархайды æппæт къабæзтыл дæр, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уынаффæ кодтам, нæ раздæры фембæлды рæстæджы цы фарстытыл дзырдтам, уыдоны фæдыл. Уынаффæ цыд фидауынгæнджыты хъуыддагыл, æмæ уыцы ран ис вазыгджын фарстатæ, фæлæ мæ уырны, иумæйаг хъуыдымæ кæй æрцæудзыстæм нæ республикæйы вертолетæй сифтонг кæныны охыл. Ног азæй кусы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министрадты æхсæн сфидаргонд бадзырд. Нæ республикæйы ирвæзынгæнæг ведомствойæн йæ бон у кæдфæндыдæр уæлдæфон транспорт ракурын УФ-йы клиникæтæм уæззау рынчынты аласыны тыххæй. Уынаффæ ма цыд æндæр фарстатыл дæр, æмæ æнхъæл дæн, уыцы баныхæсты фæстиуджытæ республикæйы цæрджытæ сæ царды фендзысты æввахсдæр рæстæджы.

Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ фембæлды рæстæджы мах сарæзтам хатдзæгтæ, Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад нымад куы ‘рцыд, уыцы бонæй рацæугæ дæс азæн. Владимир Владимиры фырт зæрдиаг арфæтæ ракодта Хуссар Ирыстоны адæмæн сæ хæдбардзинады 10 азон юбилейы цытæн æмæ фехъусын кодта, зæгъгæ, республикæйы рæзты сæраппонд УФ-йы ‘рдыгæй æххуыс дарддæр дæр цæудзæн.

– Хуссар Ирыстоны президентæй æвзæрст куы ‘рцыдтæ, уымæн йæ афæдз нысан æрцыд æддагон политикæйы иттæг активондзинадæй, æмæ уый та раздæры æмгъуыды куыд уыд, уымæй тынг хицæн кæны.

Æддагон политикæйы къухы цы бафтыд, уыдонæн куыд аргъ кæныс? Хуссар Ирыстоны Сири кæй банымадта, уымæй цы хорз фæстиуджытæ райсæн ис, стæй Сербаг Республикæ æмæ æндæр бæстæтимæ бастдзинæдтæй?

– Хуссар Ирыстоны æддагполитикон бастдзинæдты фæдыл æз куыстон президентæй мæ сæвзарыны размæ дæр, парти «Иугонд Ирыстон»-ы сырæзтæй фæстæмæ. Мах уæд дæр хорз æмбæрстам, Уæрæсейы ‘рдæм цæуынæн бирæ фæндæгтæ кæй ис æмæ уыдонæй иу кæй у, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æндæр бæстæтæ куы банымайой, уæд уый.

Парламенты Сæрдар уæвгæйæ æз цыдтæн фæсарæнтæм, уыдтæн  Италийы дæр, фембæлдтæн парти «Лига Севера»-йы лидер Маттео Сальвитниимæ, кæцы абон у мидхъуыддæгты министр æмæ Италийы хицауады вице-премьер дæр, афтæ ма мын фембæлдтытæ уыд æндæр политикон архайджытимæ. Мах уыдонмæ хæццæ кæнæм нæ позици, æмбарын сын кæнæм, цæмæй сын Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны уавæры тыххæй цы дзуры, ууыл ма æууæндой. Æмæ Хуссар Ирыстоны адресыл гуырдзиаг фарс цы характеристикæтæй пайда кæны, уыдон та сты, се ‘цæг цæсгом сын чи æвдисы, ахæм характеристикæтæ.

Президентæй мæ куы сæвзæрстой, уый фæстæ мын, кæй зæгъын æй хъæуы, фæзынд фылдæр фадæттæ активон æддагон политикæ уадзыны тыххæй. Ацы здæхты стыр куыст кæны РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны минæварад. Дунейы цы процесстæ цæуынц, уыдон тыххæй нын нæ позици чи дих кæны, уыдонимæ ахастытæ аразынц бындур Хуссар Ирыстонимæ дарддæры æмгуыстады æмæ гæнæнуæвæг банымадæн. Мах дарддæр дæр фæнд кæнæм æддагон политикæйы фарстыты динамикæ бахъахъхъæнын.

Активон æддагполитикон архайды фæстиуджытæй иу у, Сириаг Арабаг Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уый. Хуссарирыстойнаг фарсы ‘рдыгæй æнæсерьезон куыстæй ацы банымад нæ уыдаид. Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт архайдтытæ дæр уагъд цыдысты нæ сæйраг стратегион партнер  Уæрæсейы Федерациимæ æмархайды. Сирийы æмгуыстадæй мах æнхъæлмæ кæсæм стыр политикон æмæ экономикон дивидендтæм. Уыимæ, нæ бахъæудзæн стыр тыхтæй бакусын.

– Хицауадмæ де ‘рбацыдимæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады социалон политикæйы нысан æрцыдысты гъæдджын æндæр приоритеттæ. Куыд бамбарæн ис æхсæнады социалон-æххуысхъуаг, афтæ ма гуырдзиаг агрессийæ хъыгдардбаййафæг фæлтæрæн æххуыс кæныны акцент, æмæ дарддæр куыд фæнд кæныс бæстæйы социалон политикæ аразын?

– Алыхатт дæр дзырдтон æмæ дзурдзынæн уый тыххæй, зæгъгæ, æхсæнады æххуысхъуаг фæлтæрæн социалон æххуысы фарстытæ нæ хъæуы паддзахадмæ æппарын. Ацы хъуыддаджы æхсæнадон организацитæ, политикон партитæ, фондтæ кæнæ æндæр бæстæты цæрæг æмзæххонтæ, кæцытæн ис бæрæг фадæттæ, хайад куынæ исой, уæд иунæг паддзахадæн дæр йæ бон не суыдзæн ацы проблемæйыл фæтых уæвын. Æрмæст хицауады органты тыхтæй социалон проблематикæ скъуыддзаг не ‘рцæудзæн. Уымæ гæсгæ мах кусæм практикон æгъдауæй æппæт политикон тыхтæ æмæ æхсæнадон организацитимæ, фæлварæм уыдоны сцымыдис кæныныл, республикæйы царды  уæлдай активон хайад райсынмæ сæ æрбакæныныл. Уый цадæггай нæ къухты æфтгæ дæр кæны. Паддзахад, адæм иумæ куынæ уой, уæд махæн нæ бон ницы саразын бауыдзæн. Хъыгагæн, нырма хицауады бæстыхаймæ бирæтæ кæсынц, куыд адæмы цардæй дард уæвæгмæ, афтæ. Æцæгæй та афтæ кæй нæу, ома, ацы бæстыхайы чи кусы, уыдонæн сæ бон нæу сæхи дунейы цæрын, уый фæдыл бирæтæн се ‘мбарынад, сæ хъуыды нырма нæ фивта. Мах ныридæгæн уый рацыдыстæм. Абоны бон махæн æнæмæнгхъæуæг у адæмимæ максималон контакт, цæрджыты проблемæтæ лыстæггай ахуыр кæнын æмæ сæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй æппæт фадæттæй дæр спайда кæнын. Уый ахъаз кæндзæн хицауад æмæ адæмы ‘хсæн нормалон ахастытæ саразынæн, æмæ иумиагæй та Хуссар Ирыстоны рæзтæн. Уый мидæг ис, мах цы политикæ уадзæм, уый бындур.

– Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны боны хæдразмæ уагъд цæуы ирон адæмы съезд, цыран план цæуы Ирыстоны цæгат æмæ хуссары дарддæры æрбаввахс кæныны фарстытыл æруынаффæ кæнын, афтæ ма иумиагæй æппæт адæмы консолидацийы тыххæй фарстыл дæр. Фыццаг рады ирæтты иудзинады фарстыты фæдыл цахæм аспектты нымайыс, дыууæ ирон республикæйы æмгуыстады рæзты динамикæ хынцгæйæ, кæцы фиппайдæуы фæстаг аз? Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны интеграцийы тыххæй æмбæлон бæрцæй спайда кæндзысты уыцы фадæттæй, кæцытæ сын байгом сты РХИ-йы хæдбардзинад банымайыны фæстæ?

– Хуссар Ирыстоны ирон адæмы съезд ауадзыны фæндон бахæсгæйæ, мах нæ разы æвæрдтам цалдæр нысаны. Уыдонæй иууыл сæйрагдæр ис уый мидæг, æмæ дунейы æппæт къуымтæй ирæттæ уыдзысты ам æмæ иумæ нысан кæндзыстæм Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны 10 азы бæрæгбон. Æз нымайын афтæ, æмæ ацы хъуыддагæн ис егъау иугæнæг фактор. Алы ирон дæр уæлдай тынгдæр банкъардзæн Райгуырæн бæстæмæ æввахсдзинад æмæ алы ирон дæр ноджы тынгдæр бамбардзæн йæ адæмы раз, Ирыстоны раз сæрмагонд бæрндзинад. Хæдбардзинад банымайыны 10 азы бæрæгбон мах хъуамæ банысан кæнæм иумæ, республикæйы аирвæзын кæныны æмæ Хуссар Ирыстоны рæзты фæдыл истцæуæг архайдтыты тыххæй Уæрæсейæн бузныг зæгъгæйæ. Иннæ нысан та ис мидæггагон ирон проблемæтыл æруынаффæ кæныны æнæмæнгхъæуындзинад, кæцытæ сты тынг бирæ. Фыццаг рады, дзырд цæуы ирон æвзагимæ баст фарстыты тыххæй. Ацы проблемæйы карздзинадыл дзурæг у уыцы факт дæр, æмæ мах Битарты Вячеславимæ кæй аскъуыддзаг кодтам иугонд къамис саразын, кæцы хъуамæ архайа ирон æвзаджы рæзтыл.

Иугонд къамис хъуамæ бакуса сæвзæргæ проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны фæдыл иумиаг амæлттæ, сбæрæг кæна приоритеттæ. Уымæй дарддæр ма, актуалон у ирон диаспорæты ‘хсæн бастдзинæдты фарст, кæцыты хъæуы рæзын кæнын, уæлæмхас импульс сын радтын. Карзæй лæууы Тырсыгомы æмæ æндæр кæмтты ирæтты проблемæ, кæцыты Гуырдзыстоны хицауад нæ уадзы сæ райгуырæн бынæттæм, сæ историон Райгуырæн бæстæмæ. Ничи ферох кодта уый, æмæ хæрзæрæджы Тырсыгом кæй уыд Гуырдзыстоны хай нæ, фæлæ Ирыстоны хай. Мах нæ сидæм цахæмдæр радикалон къахдзæфтæм, фæлæ фæнд кæнæм ирæтты бартæ хъахъхъæнын домын, кæцытæн ис æххæст бартæ сæ фыдæлты ингæнтæм æмæ сæ дзуæрттæм цæуынæн, сæ райгуырæн къуымты цæрынæн.

Хуссар Ирыстон тырны Тырсыгомы уавæрмæ дунеон æмæхсæнады хъусдард аздахын. Нæ делегаци регулярон æгъдауæй ацы темæ уынаффæмæ  рахæссы Женевæйаг дискусситæм. Мах цæттæ стæм æппæт быцæуаг фарстытæ дæр диалогы руаджы æнæ тыхон методтæй аскъуыддзаг кæнынмæ. Нæ нысан нæу искæимæ знагиуæг кæнын, фæлæ Кавказы æппæт адæмтимæ хæларсыхагон ахастытæ аразын, уыцы нымæцы Гуырдзыстонимæ дæр.

– Гуырдзыстоны хицауады политикæйæн куыд аргъ кæныс, кæцытæ нæ разы кæнынц Хуссар Ирыстон æмæ Абхазимæ тыхæй ма спайда кæныны фæдыл сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыныл, уыцы иурæстæджы НАТО-имæ æфсæддон æмгуыстад фидардæр кæнгæйæ? Цæгататлантикон альянсмæ Гуырдзыстоны бацыды тыххæй УФ-йы къухдариуæгады фыццаг адæймæгты хъусынгæнинæгтæ хынцгæйæ, цахæм у дæ прогноз Кавказы регионы уавæры рæзты фæдыл? Цахæм мадзæлттæ райсдзæн Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад йæ стратегион партнер – УФ-имæ æмархайды республикæйы æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй?

– Гуырдзыстон тыхæй ма спайда кæныны тыххæй меморандумыл къухтæ æрфыссыныл кæй нæ разы кæны æмæ уыцы иурæстæджы  НАТО-йы бæстæты гарзджын тыхты егъаумасштабон ахуырты хайад кæй исы, уый у тынг æвзæр тенденци. Уыимæ, фæстаг ахуырты рæстæджы, сæйраг элементтæй иу у Гуырдзыстоны хæстхъом нæлгоймæгты мобилизаци. Зын базонæн нæу, кæй ныхмæ мобилизаци кæны хæстхъом цæрджыты, уый. Сомихстоны, Азербайджан æмæ сæ Туркы ныхмæ нæ мобилизаци кæнынц. Уæрæсейы ныхмæ дæр зынбауырнæн у, уымæн æмæ сæ ныфс нæ бахæсдзысты. Баззадысты ма Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз, кæцыты ныхмæ гæнæн ис ахуырты рæстæджы сæхи цæттæ кæнынц.

Æндæр хъуыддаг у, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн хъахъхъæнынады фадыджы къухтæ фыст цы сразыдзинадыл æрцыд, уым дырысæй фыст кæй у, зæгъгæ, фæрстæй сæ иумæ æрбабырст æмбæрст цæудзæн, куыд сразыдзинады иннæ хайадисæджы ныхмæ агресси, афтæ.

Уыимæ ацы ахуыртæн ис хæцæнгæрзтæй дзыгъал-мыгъул кæныны характер, фæлæ уыдонæн сæ бон не суыдзæн Хуссар Ирыстоны политикæйыл бандавын. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци абон сарæзтой æдасдзинады иугонд контур æмæ уый у иунысанон сигнал Гуырдзыстон æмæ Ныгуылæны йæ партнертæн, зæгъгæ, нæ хъæуы рæузонд къахдзæфтæ аразын. Науæд гæнæн ис алцыдæр фесафой. Чизоны, Тбилисы фæнды тыхæй ма спайда кæныны тыххæй меморандумыл къухтæ æрфыссын, фæлæ, хъыгагæн, уынаффæтæ гуырдзиаг хицауад нæ фæисы. Алы къахдзæфы фæдыл дæр уым консультацитæ кæнынц америкæйаг фарсимæ æмæ сын «дядя Сэм»  бар нæ дæтты уый саразынæн, сæ бæттæн æгæр цыбыр у.

– Хуссар Ирыстонимæ æмархайды абон Уæрæсейы Федераци цы аразы, уыцы мадзæлттæ фаг сты республикæйы æххæст æдасдзинад сифтонг кæнынæн?

– Уыдон фаг сты цахæмфæнды потенциалон агрессоры æрбабырстæй бахъахъхъæныны тыххæй. Мах уый уырны. Уырны гуырдзиаг фарсы дæр æмæ АИШ-ы уыцы тыхты дæр, кæцытæ хæцынц Гуырдзыстоны æвварс. Уый афтæ куынæ уаид, уæд мах фениккам цауты рæзты æндæр сценари.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.