Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы таможнæты кусджытæ ацы аз райдайдзысты иумæйаг контрол уадзæн пункт «Дæллаг Зæрæмæг»-ы. Уый практикон æгъдауæй æххæст куыд цæудзæнис, уый тыххæй Sputnik-мæ хуынд æрцыд Хуссар Ирыстоны таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мурат.

«2016 азы Паддзахадон таможнæйон комитет йæ къух æрфыста Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Æмгуыстад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырдмæ уæлæмхас сразыдзинадыл. Уый фæдыл нын уыд фембæлд УФ-йы таможнæйон службæйы минæвæрттимæ. Сразыдзинады нысан æрцыд 2020 азы онг хуссарирыстойнаг таможнæйы Евразиаг экономикон цæдисы закъондæттынадмæ рахызт. Хъуамæ 2017 азы кæронмæ Ручъы хъæуы таможнæйы кусджытæ рахызтаиккой Дæллаг Зæрæмæджы таможнæйон постмæ, цæмæй контроль кодтаиккой сæ уæрæсейаг коллегæтимæ иумæ. Фæлæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ хъуыддаг фæкъуылымпы ис. Куыд зонæм, афтæмæй уыцы иумиаг контроль бирæбæрцæй фæхуымæтæгдæр кæндзæн арæны сæрты амалиуæггæнджыты цæуыны фæтк», – загъта Цхуырбаты Мурат журналисттæн.

Æндæр министрадтæ æмæ ведомствотимæ архайды тыххæй Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, практикон æгъдауæй алы ведомствоимæ дæр кæрæдзийæн дæттæм æмбæлон информаци. «Уыдон нæ арæх фæдомынц, цæмæй сын баххуыс кæнæм, сæ адресыл цы уæзтæ ластæуы, уыдон регистрацийы. Хъалонтæ исæн службæимæ нын ис æргом ахаст, радтæм сын, цы товартæ ласт цæуы, уыдон тыххæй информаци, сæрмагондæй уый хауы акцизон товартæм», – банысан кодта Цхуырбайы фырт.

Ацы системæмæ куы ахизой таможнæйы кусджытæ, уæд куысты схемæ арæзт уыдзæнис афтæ: хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг таможнæйы кусджытæ кусдзысты иу агъуысты. Зæгъæм, уæрæсейаг таможнæйы кусæг базайрагæн экспортмæ йæ гæххæттытæ куы араза, уæд нæ кусæг та уыцы базайрагæн сараздзæн импорты фæдыл гæххæттытæ.

Уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг арæныл базайрæгтæ æмæ æндæр уæзтыл иумæйаг контролæй дарддæр ма таможнæйы къабазы бадзырд нысан кæны, хуссарирыстойнаг таможнæйон органтæ кæй рахиздзысты Евразиаг цæдисы закъондæттынадмæ таможнæйон             хъуыддаджы.

Журналисты цымыдис кодта таможнæйы материалон-техникон ифтонгад. Уый фæдыл Цхуырбаты Мурат, бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы Федерацийы таможнæйон службæйæн, кæцы сын æххуыс кæ-ны материалон-техникон ифтонгады фарстатæ скъуыддзаг кæнгæйæ. 2013 азы Уæрæсейы таможнæйон службæ балæвар кодта цыппар техникон фæрæзы таможнæйон басгæрст æххæст кæныны тыххæй. Ивгъуыд аз та сын балæвар кодтой 100 комплекты сæрмагонд дарæс, уыдон сты зымæгон, парадон æмæ æрвылбонон дарæс. Ныр та сын балæвар кодтой цыппар уæрæсейаг машинæ. Ивгъуыд аз куыстмæ райстæуыд цыппар æвзонг специалисты, кæцытæ ахуыр фесты Уæрæсейы таможнæйон академийы.

Проблемæтыл дзургæйæ, комитеты сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, сын нæй, вазыгджын æмæ аскъуыддзаггæнæн кæмæн нæй, ахæм проблемæтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ куыст у стыр æмæ гуырахстджын, кæцы домы раст æмæ арæхстджын архайд. Уый фæстиуæгæн комитеты кусджытæ кусынц æххæст хъомысæй.

Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, 2018 азы фæнд кæнынц, республикæйы бюджетмæ цы ‘хцайы фæрæзтæ цæуы, уыдон дыууæ хатты фæфылдæр кæнын. Уый тыххæй ис хорз фадæттæ. «Æз райгонд дæн ме ‘мкусджытæй, сæ куыстмæ сын бæрнон ахаст кæй ис, уый тыххæй», – загъта Цхуырбаты Мурат.

Уазæгты Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.