Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд 1993 азы Присы хъæуы фæмардуæвджыты ныййарджытимæ. Фембæлды ма хайад райстой Президенты æххуысгæнæг Джыгкайты Алан, Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим, Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь, Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Присы хъæуы цы лæппутæ фæмард, уыдон иууылдæр уыдысты Райгуырæн зæхх хъахъхъæнджытæ æмæ сæ амæлæт у æппæт Ирыстоны трагеди.

«Уыцы лæппутæ иууылдæр тох кодтой Ирыстоны сæрыл æмæ 1993 азы цы æрцыд, уый та у хицæн темæ – фæсхæстон рæстæджы бирæнымæц трагедитæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æз мæсæллæйы ныхæстæ дзурын уæ сывæллæтты амæлæты тыххæй. Уæлдай тынгдæр мæ банысан кæнын фæнды, уый æрмæст уæхи сæрмагонд рыст кæй нæу, фæлæ у æппæт Ирыс-тоны трагеди», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта, зæгъгæ, Присы трагеди алкæмæн дæр хъуамæ уа зондзонæн.

«Уыцы лæппутæ æхсарджынæй хъахъхъæдтой сæ Райгуырæн зæхх, куыд Присы цауты иннæ фарсы лæппутæ, афтæ, уым дызæрдыг кæнын нæ хъæуы. Фæлæ стæй алкæмæндæр фæзынд йæхи позици, кæцы райсайдта мидæггагон быцæутæ. Мах дзурдзыстæм Присы трагедийы темæйыл, цæмæй ахæм цау мауал сфæлхат уа. Фæлæ абон уыцы трагикон цаутæн аргъ кæнгæйæ, аххосæгты факттæ агурын, мах æркæндзæн æхсæнады конфронтацимæ. Æмæ уый æруадзын нæ хъæуы», – загъта уый.

Фæмардуæвджытæй сæ иуы хо Бестауты Татьянæ æрæмбырдуæвджыты номæй бузны-джы ныхæстæ загъта паддзахады сæргълæууæгæн, сæ рыст сын кæй æмбары, уый тыххæй.

«Ды барадон аргъ скодтай уыцы цаутæн, трагеди сæ схонгæйæ. Нæ рыст никуы  банцай-дзæн, ды раст загътай, цæмæй дарддæр трагедитæ мауал æрцæуа, нæ фидæны фæлтæры сæраппонд мах ивгъуыд азтыл нæ дзурдзыстæм. Стыр бузныг уын, кæй нæм байхъуыстат. Ды цы нюанстæ банысан кодтай, уыдонмæ хъæуы æркæсын æмæ сæ хъусдардмæ райсын», – загъта уый.

Фембæлды кæронбæттæны Бибылты Анатоли се ‘пæттæн дæр бузныджы ныхæстæ загъта йæ позициты æмбарынады тыххæй, цæмæй ахæм трагедитæ фæлхат мауал цæуой æмæ стыр кады æнкъарæнтæ загъта фæмардуæвджыты мæдтæ æмæ æввахс хиуæттæн.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, паддзахад цæттæ у хæстон архайдтытæ, кæнæ фæсхæстон рæстæджы йæ хиуæтты чи фесæфта, уыдонæн æххуыс кæнынмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.