Президент Бибылты Анатоли Афганистаны Ветеранты цæдисы сæрдар Гуыцмæзты Муратимæ бабæрæг кодтой Афганистаны хæстон архайдтыты рæстæджы Хуссар Ирыстонæй цы авд хæстон-интернационалисты фæмард, уыдонæй сæ иу Сиукъаты Игоры мад Сиукъаты Федосяйы.

Æрæджы, Афганистанæй советон æфсæдтæ ракæныныл 33 азы сæххæсты цытæн мадзалы рæстæджы, Бибылты Анатоли базыдта, Сиукъаты Федосяйы кæй хъæуы æххуыс: цы хæдзары цæры, уый у пырхытæ, куыд фыццаг, афтæ дыккаг уæладзыджы дæр. Сæйраджыдæр  сты пырх къултæ, кæцытæ хæлд æрцыдысты 2008 азы августы хæсты сармадзаны нæмыгæй.

Президент базонгæ ис хæстон-афгайнаджы мады цæрыны уавæртимæ. Уый бузныджы ныхæстæ загъта Сиукъаты Федосяйæн ахæм хъæбатыр фырт схъомыл кæныны тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, йын баххуыс кæндзæн йæ проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн.

«Æз æй уынын, хæдзар хъæуы цалцæг кæнын. Æввахс рæстæджы мах райсдзыстæм æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Уымæй уæлдай ма, Президент Гуыцмæзты Муратæн бахæс кодта, цæмæй йын социалон кусæг быххуырсыны фарст аскъуыддзаг кæной, кæцы регуляронæй æххуыс кæндзæн Сиукъаты Федосяйæн хæдзары хъуыддæгты, кусæгæн куыстмызд фидыны хæс Бибылты Анатоли райста йæхимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.