Президент Бибылты Анатоли æмбырд ауагъта дыууæ æмæ фылдæр бынæтты кусæг службæгæнджыты фарсты фæдыл.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта иуæй-иу ведомствоты уавæр æрбæстон кæныны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмбæстагон службæйы тыххæй» Закъонмæ гæсгæ.

«Ацы проблемæ рагæй уæвынад кæны Хуссар Ирыстоны. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ практикон æгъдауæй æппæт министрадты æмæ ведомствоты уагъд кæй æрцыд стыр куыст, цæмæй дыууæ æмæ фылдæр бынæтты мауал кусой. Афон у ацы проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, дыууæ кæнæ цалдæр бынаты куыст æндавы ведомствойыл дæр æмæ куысты гъæдыл дæр. «Уымæй дарддæр ма, уый баст у æвзонг адæймæгтимæ, кæцытæ каст фæвæййынц уæлдæр ахуырадон уагдæттæ æмæ фæагурынц куыст. Ис ахæм специалисттæ, кæцытæ тынг хорз нысæнттыл каст фæвæййынц, райсынц сырх дипломтæ, фæлæ баззайынц  æгуыстæй. Æз нымайын афтæ æмæ уый раст нæу æмæ хъыгдары не ‘хсæнады рæзты. Бюджетон организацтæн æмæ паддзахадон службæгæнджытæн куыстмызд кæй фæфылдæр, уый бахынцгæйæ, мах хъуамæ аскъуыддзаг кæнæм ацы фарст», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, баззад нын тыхон структурæты куыстмызд фæфылдæр кæныны фарст, фæлæ уый хъуамæ скъуыддзаг æрцæуа æввахсдæр рæстæджы. Президент хæслæвæрдтæ радта ведомствоты къухдариуæггæнджытæн æмæ сын снысан кодта æмгъуыд сæ бакæнгæ куыстæн хатдзæгтæ саразыны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.