Президент Гаглойты Алан ауагъта æмбырд горæты æмæ районты администрациты сæргълæуджытимæ, афтæ ма комментаритæ сарæзта «зæронд хиды» алыварс цы уавæр сæвзæрд, уый тыххæй.

Æмбырды хайад райстой Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Елдзарты Константин, Паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы сæргълæууæг Сиукъаты Иван æмæ æндæртæ.

Дыууæ æмæ фылдæр куысты бынæтты кусыны проблемæ та ногæй банысан кодта Президент. Уый радзырдта æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы цы æбуалгъ цаутæ сбæрæг ис, уыдоны тыххæй, цыран иуæй-иу кусджытæ, кусынц фондз æмæ фылдæр куысты бынæтты, исынц куыстмызд, кæцы медицинон уагдæтты æндæр кусджыты куыстмыздæй у 10 хатты фылдæр. Паддзахады сæргълæууæг æрæмбырдуæвджыты хъус æрдарын ноджыдæр иу хатт аздæхта республикæйы районты дыгай бынæтты кусыны проблемæ аскъуыддзаг кæныны æнæмæнгхъæуындзинадмæ.

«Ацы фарст хъæуы цыбыр рæстæгмæ аскъуыддзаг кæнын. Проблемæйы аххосæй паддзахад æвзары æхцайы фæрæзты хъуагдзинад рынчынтæн хостæ æлхæныны хъуыддаджы», — загъта Президент.

Президент æрсидт районты сæргълæуджытæм, цæмæй ацы здæхты куыст райдайой техперсоналæй нæ, фæлæ уæлдæр бынæтты чи кусы, уыцы адæмæй.

«Бындуриуæг кæнут мæхи сæрмагонд бахæсыл. Банысан кæнын мæ фæнды, уый мæ домæн кæй нæу, фæлæ у цалдæр азы размæ Уæрæсейы Федерациимæ къухтæ цы сразыдзинадыл æрфыстам, уый сæххæст кæныны тыххæй», — загъта Президент.

Уый размæ æмбырды рæстæджы Президент цы хæстæ радта, уый фæдыл районты сæргълæуджытæ ныридæгæн фыстæджытæ арвыстой дыууæ кæнæ фылдæр бынæтты чи кусы, уыцы адæймæгтæм. Уыдон хъуамæ равзарой цы куысты бынæттæ ахсынц, уыдонæй иу.

Фембæлды рæстæджы паддзахады сæргълæууæг комментаритæ сарæзта «Зæронд хиды» фарсты фæдыл.

Гаглойты Алан банысан кодта, зæгъгæ, нæ хæцы хид ныппырх кæныны фарс, фæлæ ис экспертты хатдзæгтæ, кæцытæ загътой сæ профессионалон хъуыды.

«Æз аразæг æмæ ахæм фарстыты фæдыл эксперт нæ дæн æмæ мæхимæ нæ исын бæрндзинад ацы фарсты фæдыл хатдзæгтæ саразынæн. Инициативон къорды уæнгтæй хид ныппырх кæныны ныхмæ дзурджытæ дæр не сты эксперттæ. Ацы проблемæйы фæдыл уынаффæ ист æрцыд дыууæ азы размæ. Уæд къухтæ фыст æрцыдысты хид ныппырх кæныны æмæ ног саразыны тыххæй æппæт документтыл. Уæрæсейы Федераци æхцайы фæрæзтæ рахицæн кодта. Æз ныхас кодтон инициативон къордимæ, кæцытæ разы не сты „Зæронд хид“ ныппырх кæныныл, бамбарын сын кодтон æппæт нюанстæ. Горæты уыцы районы цæрджытæ та разы сты хид ныппырх кæныныл, зæгъгæ, хид ис аварион уавæры æмæ гæнæн ис ныккæла. Растдæр ууыл дзурынц, экспертизæ цы специалисттæ сарæзтой, уыдон дæр», — загъта Президент.

Ленингоры районы сæргълæууæг Гæджиты Илларион цы сæйраг фарстытæ банысан кодта, уыдон сты фæндæгтæ æмæ донифтонгад.

«Æппæт проблемон фадгуытæ æмæ фæндæгтыл æххæст цæуынц куыстытæ, техникæйы фæрцы рæвдз калд цæуы хуыр», — загъта Гæджиты Илларион.

Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Инал фехъусын кодта, зæгъгæ, паддзахады сæргълæууæг уый размæ æмбырды цы хæстæ радта, уыдон æххæстгонд сты.

«Ныртæккæ районы администраци йæхи цæттæ кæны зымæгмæ. Тбеты хъæуы Культурæйы хæдзары хъæрмуаты проблемæ ис æмæ архайæм йæ аскъуыддзаг кæныныл», — загъта уый.

Дзауы районы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ паддзахады сæргълæууæгæн фехъусын кодта Дзауы поселочы газификацийы тыххæй, сæрмагондæй «Фаллагфарсы» районы.

Знауыры районы цы проблемæтæ ис, уый тыххæй та фехъусын кодта районы администрацийы сæргълæууæг Гобозты Алан. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Арчънеты хъæуы нуазыны доны хъуагдзинад скъуыддзаггонд нæма ’рцыд, фæлæ йыл архайынц æппæт тыхтæй.

«Нуазыны доны гуырæнтæ ссарын нын нæма бантыст, суанг ахæм рæтты, кæцытæ нын бацамыдтой бынæттон цæрджытæ», — загъта районы сæргълæууæг.

Гобозты Алан радзырдта Знауыры хъæуы скъолайы хъæрмуаты тыххæй.

«Хъармгæнæн сезон уыдзæн тыхстгомау. Иу азæн цы æртаг уыд, уый хардзгонд æрцыд азы райдианы», — банысан кодта уый.

Гаглойты Алан бахæс кодта ацы фарст æввахс рæстæджы аскъуыддзаг кæнын.

Уымæй уæлдай ма, паддзахады сæргълæууæг цымыдис кодта районты хъæуты æрдзон баллонты конд газæй сифтонг кæнын куыд цæуы, ууыл. Президентæн ныфс бавæрдтой, зæгъгæ, спецмашинæтæ хъæутæм райдыдтой газ ласын.

Æмбырды кæрон Президент районты сæргълæуджытæн радта хæслæвæрдтæ, кæцытæ хъуамæ сæххæст кæной иннæ æмбырдмæ.

Йæ бакæнгæ куысты фæдыл радзырдта горæт Цхинвалы админстрацийы сæргълæууæг Къадзты Гено. Уый банысан кодта, зæгъгæ, азы кæронмæ æнæмæнг хъæуы Путины уынджы фæндаджы æнæарæзт хай саразын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уынджы арæзтад æмæ хæрзарæзтады фæдыл куыстытæ скъуыддзаг нæ цæуынц финанстæ фаг кæй не сты, уый аххосæй.

Ныхас ма цыд столицæйы парчы фос кæй хизынц æмæ горæты цæрджытыл дзæгъæл къуыйтæ кæй фæхæцынц, уый фæдыл дæр. Президент бахæс кодта горæты администрацийæн цыбыр æмгъуыдмæ æмбæлон мадзæлттæ райсын банысангонд фарстыты фæдыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.