Президент Гаглойты Алан ауагъта æмбырд тыхон министрадты æмæ ведомствоты сæргълæуджытимæ.

Генералон прокуроры хæстæ æххæстгæнæг Битеты Сергей паддзахады сæргълæууæгæн фехъусын кодта, Хъахъхъæнынады министрады объекттæ сцалцæг кæныны фæдыл уголовон хъуыддаг бакæнын æмæ слестгæнæн мадзæлттæ ауадзыны тыххæй.

Гаглойты Алан æрдомдта компетентон органтæй цæсгомджын фæдагуырд ауадзын.

Битеты Сергей ма радзырдта Паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы архайды фæдыл басгæрсты тыххæй.

«Слестгæнæн басгæрсты размæ стадийы махмæ ис æрмæджытæ, кæцытæ нæм æрбарвыстой Контролон-нымайæн палатæйæ паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы объекттæ сцалцæг кæныны тыххæй. Æрмæстдæр басгæрсты кæрон ист цæудзæн уынаффæ уголовон хъуыддаг бакæныны тыххæй», – банысан кодта уый.

Генералон прокуратурæ ма уадзы басгæрст Уæрæсейы казначействойы акты æрмæджыты фæдыл.

«Æппæт министрадтæ æмæ ведомствотæй мах исæм информаци æмæ йын анализ аразæм. Куысты гуырахст у егъау», – загъта Битеты Сергей.

Хыгъдон рæстæджы криминогенон уавæры тыххæй фехъусын кодта мидхъуыддæгты министр Гæззаты Валери.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, аивгъуыйгæ къуыри республикæйы территорийыл не ‘рцыд фыдракæнд.

«Æхсæнадон фæткы алыгъуызон бархалæнты тыххæй горæт Цхинвалы мидхъуыддæгты управленийы кусджытæ бæрндзинадмæ æркодтой иу адæймаджы. Хуссар Ирыстоны фæндæгтыл бæрæг æрцыд  фæндагон змæлды фæтк фехалыны 342 цауы, æрцыд иу фæндагон-транспортон цау», – загъта уый.

Гаглойты Алан Гæззаты Валерийы хъусдард аздæхта, рæстæгмæдарæн изоляторы территорийыл цы æвæткдзинад ис, уымæ.

«Æз мæхæдæг уыдтæн  уыцы  территорийыл  æмæ мæ фæнды банысан кæнын, уым уæвыны режим алкæмæндæр кæй у иу, барадхъахъхъæнæн органы кусæг у æви нæ. Курæг уæ дæн, ацы фиппаинаг бахынцат», – загъта президент.

Уæлвæткон уавæрты министрады куысты тыххæй фехъусын кодта ведомствойы хæстæ æххæстгæнæг Цоциты Азæмæт.

«Хыгъдон рæстæджы зынгхуыссынгæнджытæ зынгсивæрзты бынатмæ ацыдысты 46 хатты. Кæд æмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл зынгсивæрзтытæ фæфылдæр уой, уæд мах бахъæудзæн Уæлвæткон уавæрты министрады сконд казармæйон уавæрмæ ракæнын», – загъта уый.

Гаглойты Алан фæндон бахаста, цæмæй ахъуыды кæной, æндæр министрадтæ æмæ ведомствоты ба-лансты цы техникæ ис, уыдон спайда кæныны æнæмæнгхъæуындзинадыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады ведомствойы цы планон мадзæлттæ уагъд цæуынц, уый тыххæй радзырдта хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг Виктор Федоров.

Уый фехъусын кодта, 25 августы уагъд кæй æрцæудзæн ног æрсиддонты æмæ Уæрæсейы Федерацийы æфсæддон уæлдæр ахуыргæнæндæттæм курсантты æфсæддон ардбахæрд.

Виктор Федоров бахатыд паддзахады сæргълæууæгмæ æххуысы тыххæй – Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон-дохтырон къамисы скондæй æхсæз дохтыры дыууæ куыст бынаты кусыны фарст аскъуыддзаг кæнын.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æфсæддон-дохтырон къамис у республикæйы иунæг къамис, дохтырты сæйраг хай ма кусынц Республикон бирæпрофилон медицинон центры дæр.

«Кæд æмæ уыдон æвзарой ацы дыууæ куыстæй, уæд уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, равзардзысты медицинон центры куыст. Уымæ гæсгæ, махмæ нал уыдзæн æфсæддон-дохтырон къамис, цыран басгæрст цæуынц æрмæст хъахъхъæнынады министрады кусджытæ нæ, фæлæ ма республикæйы æфсæддон ведомствоты æппæт кусджытæ дæр. Уыдон сты æхсæз адæймаджы», – загъта Виктор Федоров.

Уадзæн пункттæ «Раздæхæн» æмæ «Переу»-ы уавæры тыххæй фехъусын кодта Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнгæрон службæйы къухдариуæггæнæджы хæстæ æххæстгæнæг Алиханты Валери.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæстаг дыууæ суткæйы Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæныл дыууæ фарсæрдыгæй дæр ахызтысты 508 адæймаджы æмæ арæныл  хизæн бынæтты нæ уыд ажиотаж. Алцы дæр уагъд æрцыд штатон режимы.

«Æдасдзинады советы уынаффæмæ гæсгæ арæнгæрон службæ райдыдта, Ленингоры æмæ Дзауы районты цы æмбæстæгтæ цæрынц, уыдон арæныл уа-дзын. 20 августæй 21 августмæ уадзæн пункт «Раздæхæн»-ыл ахызт 411 адæймаджы, республикæйæ ахызт 192 адæймаджы, æрбахызт  219 адæймаджы. Уадзæн пункт «Переу»-ыл ахызт 97 адæймаджы, уыдонæй Хус-сар Ирыстонæй ахызт 49, æрбацыд  48 адæймаджы», – фехъусын кодта уый.

Алиханты Валери банысан кодта, зæгъгæ, Арæнгæрон службæмæ фæзынд фарстытæ, Гуырдзыстоны территоримæ раздæр цы æмбæстæгтæ ацыдысты паспорттæй (æнæ специалон уадзæн гæххæттæй) æмæ ныр сæ бон кæмæн нæу æрбаздæхын, уыдонмæ.

Паддзахады сæргълæууæг бахаста ахæм фæндон, цæмæй бацæттæ кæной республикæйæ хуссарирыстойнаг паспорттæй чи ахызт, уыцы æмбæстæгты ном-хыгъдтæ æмæ сын бар радтой фæстæмæ арæныл рахизын паспорттæй.

Темæйы фæдыл паддзахадон æдсдзинады комитеты сæрдар Олег Ширан банысан кодта, цæрджыты реакци ацы уавæры тыххæй кæй нæ уыд иухуызон: Ксаны комы æмæ Синагуры æмæ Карзманы хъæуты цæрджытæ ацы уынаффæ æхсызгонæй райстой, фæлæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты иу хай разы не сты, зæгъгæ, тæссаг у вирусон  æмæ æдасдзинады тасдзинадæй иумиагæй сисгæйæ.

Гуманитарон æмбарынад хынцгæйæ, уадзæн пунктты куыст сног кæныны уынаффæ президент нымайы растыл.

«Æз æмбарын æппæт тæссагдзинæдтæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты ахсты дарын, кæцытæн арæнæй ахизгæйæ ис хиуæттæ, махæн уый бар нæй. Проблемæйы гуманитарон цæстæнгас нырма ничи аивта», – загъта Гаглойты Алан.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.