Ленингоры районы Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъола дæр 24-æм майы уыд бæрæгбонвæлыст. Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр ацы скъолайы коллектив сæ директор Гуссойты Ласкойы сæргълæудæй сæ рауагъдонтæн бацæттæ кодтой хорз мадзал. Ацы уалдзыгон бон скъоладзаутæ дæр уыдысты уæлдай рæсугъддæр. Сæ цæсгæмттыл хъазыд уæздан мидбылхудт. Скъолайы кæртæй хъуыстысты музыкæйы æхцон зæлтæ. 10 сахатмæ æввахс Цъинагары Культурæйы хæдзармæ æрбамбырд сты скъолайы коллектив æмæ ахуырдзаутæ, рауагъдонты ныййарджытæ æмæ хъæуы цæрджытæ. Ацы аз скъолайы уыд  авд рауагъдоны – дыууæ чызджы æмæ фондз лæппуйы.

Цытджын мадзал – Фæстаг дзæнгæрæгмæ фæуазæг сты РХИ-йы Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан æмæ Цъинагарæй Парламенты депутат Хуыбылты Илья (рауагъдонтæй иуы ныййарæг).

Гуссойты Ласко рауагъдонтæн загъта бирæ хъарм ныхæстæ: «Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй нырма рауагъдон, æмæ уый фæстæ та уæлдæр ахуырадон уагдæттæм бацæуæн фæлварæнтæ радтат хорз нысæнттыл æмæ царды аккаг бынат ссарат. Макуы фæхудинаг кæнут уæ ахуыргæнджыты, уæ ныййарджыты. Кад кæнут уæ радтæг хæстæфхæрд Ирыстонæн».

Рауагъдонтæн раарфæ кодта Мæргъиты Алан. Йæ цæст сын бауарзта æрмæстдæр æнтыстытæ сæ дарддæры хъомыладон царды. «Кæдæмфæнды ма ацæуат ахуырмæ, уæддæр уæ зæрдыл дарут ирæттæ кæй стут, уый.  Нæ сомбон сымахæй аразгæ у æмæ уын нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй уæ къухты æфтой бæллиццаг æнтыстытæ. Уæ сæрмæ та кæддæриддæр арв уæд сыгъдæг», – загъта уый. Фæндараст-гæнæн ныхæстæ сын загъта Хуыбылты Илья дæр.

Скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнинæгтæ рауагъдонтæн бакастысты æмдзæвгæтæ, сæх-хæст кодтой зарджытæ. Сæхæдæг дæр бузныг загътой 11 азы дæргъы сын сæ зонындзинæдтæ æнæвгъау чи амыдта, уыцы ахуыргæнджытæн.

Кæронбæттæны ахуыргæнинæгтæ æмæ рауагъдонтæ иумæ сæххæст кодтой ирон национ кафт «Симд».  Æмæ айзæлыд фæстаг дзæнгæрæг.

ХУЫБЫЛТЫ Ленæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.