Ирыстоны зонады рæзт йæхи тынгдæр зонын кæнын райдыдта дыууынæм скъолаты ахуыр кæныны æмæ царды уæрæх фæндагмæ рахизыны фадат куы фæцис, уæд. Уæлдай тынгдæр размæ феггуырстысты гуманитарон фадыджы зонæдтæ, фæлæ тагъд чи рæзт, уыцы экономикæйы дæр хъуыд канд кусæгон кадртæ нæ, фæлæ зонадон æгъдауæй йæ рæзты фарстытыл чи куыстаид, чи сæ иртæстаид, ахæм зонадон кусджытæ дæр. Æмæ уыдон цыдысты нæ адæмы ʻхсæнæй. Нæ ныхас абон кæуыл у, уый дæр сæ нымæцмæ хауы. Уый та у экономикон зонæдты кандидат Тъехты Виктор. Абон уый не `хсæн нал ис, фæлæ куыд ахуыргонд, куыд бæрнон бы-нæтты кусæг æмæ, сæйраджыдæр та куыд адæймаг, афтæ æмбæ-лы йæ рухс ном æрымысын æмæ йын йæ царды фæндагыл цыбыртæй нæ цæст ахæссын. Уымæн ма ис иу аххосаг – ацы бонты йæ райгуырдыл æххæст кæны 90 азы.

Виктор Цхинвалы райгуырд, 1933 азы.  Цымыдисон уый у, æмæ горæттаг лæппу уæвгæйæ, йæ зонадон архайд кæй сбаста экономикæйы ахæм ахсджиаг къабазимæ, куыд хъæууон хæдзарад. Йæхæдæг уый афтæ æмбарын кодта, зæгъгæ, скъолайы ахуыр кæнгæйæ, арæх цыдтæн Цхинвалы районы Хъларсы хъæумæ, мæ мадыфсымæртæм æмæ сын, зæгъгæ, æххуыс кодтон алыгъуызон куыстыты. Æмæ, æцæгæйдæр, хъæууон цардмæ, рæсугъд æрдзы хъæбысмæ æввахсдæр балæугæйæ, уыдон æнæбандавгæ нæ фæуыдаиккой йæ сомбоны фæндаг равзарыныл.

Уæззау дугмæ æрхауд Викторы æвзонгад – уыдон уыдысты хæсты агъоммæ, хæсты æмæ уый фæстæ азтæ. Адæм мæгуыр, æххормаг, тыхст цард кодтой æмæ йæ йæхиуыл æвзæрста Виктор дæр. Фæлæ йын йæ ныййарджытæ скъоламæ  йæ фæндаг никуы æхгæдтой. Афтæмæй æнтысгæйæ каст фæцис астæуккаг скъола. Йæ дарддæры ахуырыл бæргæ хъуыды кодта, фæлæ йæ фадæттæ къуындæг уыдысты æмæ уал кусынмæ бацыд машинæ-тракторон станцмæ, кæцы нæ хъæууон хæдзарады ифтонг кодта техникæйæ. Ам дыууæ азы бæрц куы акуыста, уæд ногæй æрлæууыд йæ ахуыры фæндагыл æмæ йæ æркодта Киевы финансон-экономикон институтмæ. Лектортæ æмæ йæ йе `мкъурсонтæ бирæ уарзтой, æрвылбондæр йæ зонындзинæдтæ уæрæхдæр кæй кодта æмæ ахуырмæ æвзыгъд кæй уыд, уый тыххæй. Украинæйы уæвгæйæ дæр Виктор фидар хæст уыд  ирондзинадыл, фыдæлты æгъдæуттыл. Уый къæм абадын никуы бауагъта йæ ныййарджыты намысыл, æнæуаг ми йæ сæрмæ никуы схаста.

Йæ ахуыр фæуыны фæстæ кусын райдыдта Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты кæстæр зонадон кусæгæй. Ахуырмæ йæ æгæрон тырнынад æмæ æрдзæй рахæсгæ фæндвидардзинад Викторы ногæй сразæнгард кодтой йæ ахуыр адарддæр кæнынмæ æмæ 1960 азы бацыд Гуырдзыстоны зонæдты академийы экономикæ æмæ барады институты цур аспирантурæмæ æмæ йæ каст фæцис æнтыстджынæй 1963 азы. Æрбаздæхт йæ райгуырæн горæтмæ æмæ ногæй кусын райдыдта Хуссар Ирыстоны зонад- иртасæн институты. Викторæн йæ цымыс нæ къаддæр кодта хъæууон хæдзарадмæ, уæлдайдæр та сæндоны куыстмæ, кæцыйы нымадта Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады ахсджиагдæр къабæзтæй сæ иуыл. Ахуыр ма куы кодта, уæд раиртæста æмæ ныммыхуыр кодта зонадон куыстытæ сæндонкуысты фæдыл. Скодта йын экономикон анализ æмæ раргом кодта ацы къабазы цы цухдзинæдтæ ис, афтæ ма йæ дарддæр куыд рæзын кæнын хъæуы, уыдæттæ. Æмæ цæмæй сæндонкуысты эффективондзинад бæрзонддæр кæна, уый тыххæй Викторы хъуыдымæ гæсгæ, уæрæхæй биноныг кæнын хъæуы механизаци, бæрзонддæр хъæуы сæндонкуыстгæнæджы материалон цымыдисдзинад, дырысæй хъахъхъæнын хъæуы агротехникæйы домæнтæ.

Ацы темæйыл бахъахъхъæдта йæ кан-дидатон диссертаци “Хуссар Ирыстоны колхозты сæндоны куыст райтынг кæнын” æмæ йын лæвæрд æрцыд экономикон зонæдты кандидаты ном. 1968 азы Тъехты Виктор æвзæрст æрцыд Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты экономикæйы хайады сæргълæууæгæй. Уырдыгæй 1976 азы раконд æрцыд  Хуссар Ирыстоны партийы областон комитеты хъæууон хæдзарады хайады сæргълæууæгæй æмæ уæзгæ бавæрд хаста экономикæйы ацы къабаз рæзын кæнынмæ.

1980 азы Виктор нысан æрцыд уæды областы адæмон контролы комитеты сæрдарæй. Уыд партийы областон комитеты уæнг, стæй та обкомы бюройы уæнг. Афтæ ма æвзæрст æрцыд адæмон депутатты Хуссар Ирыстоны советы 18-19 æрсидты депутатæй.

1985 азы ногæй раздæхт зонадон куыстмæ æмæ кусын райдыдта хистæр зонадон кусæгæй Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты. Йæ цæсгомджын архайды тыххæй 1994 азы ногæй æвзæрст æрцыд экономикæйы хайады сæргълæууæгæй.

Тъехты Викторæн ис хъæууон хæдзарады æндæр æмæ æндæр фарстыты фæдыл 80 зонадон куыстæй фылдæр. 1972 азы мыхуыры рацыд йæ чиныг “Хуссар Ирыстоны колхозты сæндонкуысты райрæзт æмæ йæ экономикон æфтиаг”.

Виктор хайад иста экономикæйы фæдыл 5-æм дунеон конгрессы. Уый уагъд цыд 1970 азы Ленинграды æмæ дзы хайад истой 38 паддзахады минæвæрттæ.

Виктор ма хайад иста институты æндæр æмæ æндæр экспедициты, 1975 азы та къухдариуæг кодта экономикæйы хайады зонадон экспедицийæн. Экспедицийы рæстæджы ахуыр кодта Дзауы районы фæллойгæнджыты социалон-экономикон уавæр. Уый фæдыл æрмæджытæ бакуыстгонд æрцыдысты æмæ сæ бындурыл ныммыхуыр кодта цалдæр зонадон куысты.

2014 азы Тъехты Викторæн мыхуыры рацыд ноджыдæр дыууæ чиныджы: “Хуссар Ирыстоны экономикон географи” æмæ “Республикæ Хуссар Ирыстоны æрдз, йæ цæрджытæ æмæ йæ экономикæ”.

Виктор арæх дзырдта, зæгъгæ, цард тагъд ивы æмæ бирæ ивындзинæдтæ хæссы йемæ. Уый хауы хъæууон хæдзарадмæ дæр. Раздæр цы системæ уыдис, уый дуджы домæнтæн дзуапп нал дæтты. Зæххæн хъуамæ уа æцæг хицау, чи йыл ауда, ахæм. Уый тыххæй та рæзын кæнын хъæуы арендон ахастытæ, райтынг кæ-нын хъæуы фермерон хæдзарадты архайд. Махæн нæ зæхх хъæздыг кæй у æмæ йыл чи куса, чи йыл ауда, уыдонæн сæ фыдæбон дзæгъæлы кæй нæ фæуыдзæн фæстæмæ бирæбæрцæй.

Ахуыргонды тынг тыхсын кодта нæ хъæууон цæрджытæй бирæтæ æндæр рæттæм хуыздæр цардагур кæй лидзынц æмæ кæй къаддæр кæнынц, хицæн хъæутæ та æдзæрæг кæй кæнынц, уый. Ахæм процесс дарддæр куы цæуа, уæд дзурæн нæй хъæууон хæдзарады рæзтыл. Цæмæй уыцы процесс урæд æрцæуа, уый тыххæй Виктор куыд дзырдта, афтæмæй фылдæр хъусдард аздахын хъæуы хъæу-уон цæрджыты царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ, кусынæн сын æмбæлон уавæртæ, аразынмæ. – Хорзыл нымадта поддзахады рдыгæй арендатортæн æххуыс кæй цæуы. Æнæ паддзахадон æххуысæй  зын кæй уыдзæн хъæу-уон хæдзарад райтынг кæнын. Тъехты Викторæн стыр кад кодтой Уанеты Заха-ры номыл ХИЗИИ-йы æппæт коллектив, йæ хайады кусджытæ. Уый иууыл сæйрагдæрыл нымадта адæмы хорзæх. Æмæ йæ къухты бафтыд, уый йæ рацæргæ азтыл рацыдис кад æмæ радимæ, бафæзминаг къухдариуæггæнæг, хорз хистæр, кадджын адæймагæй. Чизоны æмæ Виктор æндæр фæндаг равзæрстаид царды, фæлæ, йæ йæ фыд Сикъо йæ дæсныйады фæдыл акодта. Уый уыдис тынг хорз æрмдæсны. Уыдис ын йæхи чысыл æрмадз. Виктор чысылæй фæстæмæ йæ хъус дардта æмæ уыдта хъæдæрмæгæй йæ фыды къухæй рæсугъд мигæнæнтæ куыд гуырдысты. Фæлæ фыд стыр аргъ кодта ахуырдзинадæн æмæ куы рахатыдта хъæдæрмæджы куыст лæппуйы йæхимæ æлвасы, уæд-иу æй рарвыста æрмадзæй.

– Цæугæ, цæугæ кæн, мæ хъæбул. Мæ бæллиц у, цæмæй мын ахуыр лæг рауайай. Фæлæ хъæдæсныйы куыстмæ уарзондзинад йæ зæрдæйæ уæддæр нæ сæфтыд æмæ ахуыргонд лæг куы ссис, уæддæр фæлвæрдта йæхи хъæдæрмæгимæ куысты дæр. Æмæ-иу йæ сæрибар рæстæг фылдæр æрвыста йæ фыды æрмадзы. Мæнгæй нæ акæнынц фыды фарн, дам, мæрдтæм нæ цæуы. Викторæн йæ хæдзар рафидауын кодтой йæхи арæзт бандæттæ, скъаппытæ, чиныгæвæрæн тæрхæджытæ…

Æнæзæгъгæ нæй Тъехты Викторæн йæ адæймагон миниуджыты тыххæй дæр, уымæн æмæ уый уыдис, адæмы кæрæдзийыл чи баста, ахæм куырыхон зонды хицау. Йемæ дæсгай азты дæргъы чи куыста, уыдон æвдисæн уыдысты, цæстмæмитæй тынг дард кæй лæууыд. Никуы ничи йæ федта мæстыгæрæй, æнæгъдау ныхасгæнгæ. Ахæм фæтк æмæ æгъдауыл амад уыдысты йæ ахастдзинæдтæ канд йе `мкусджытимæ нæ, фæлæ æнæзонгæтимæ дæр. Бынтон бафæзминаг та йæ ныхасыхъæд уыд: фæлмæн, хъæздыг æмæ рæсугъд. Экономист уæвгæйæ йæ мадæлон æвзагыл дзырдта тынг аив. Йæ намысджын  зонадон архайд ын æнæ бафиппайгæ нæ фесты æмæ йын лæвæрд æрцыд “Республикæ Хуссар Ирыстоны зонады сгуыхт архайæг”-ы кадджын ном. Хорзæхджын уыд “Хæлардзинады орден”-æй.

Царды бирæ хорздзинæдтæй фæхайджын Виктор, фæлæ хъыгдзинæдтæй дæр æнæ хай нæ баззад. Тохгæнæг Цхинвалмæ хостæ вертолетыл ласгæйæ, æрхаудта æмæ ныппырх йæ чызджы æмкъай курдиатджын хирург Мæргъиты Робертимæ Тъехты бинонтæн уыд уæззау цæф. Æнæуый Виктор зæрдæрухс уыд йæхи цардæй. Йæ фарсмæ æдзух уыд уарзæгой æмкъай Жужунæ хорз æфсин, хæдзары æгъдаудæттæг æмæ аудæг мад. Уыдон схъомыл кодтой æмæ царды раст фæндагыл слæууын кодтой сæ дыууæ хъæбулы – сæ чызг Нана æмæ Иналы. Сæ дыууæ дæр сты курдиатджын дохтыртæ æмæ цæстуарзонæй аудынц нæ адæмы æнæниздзинадыл. Нана æмæ Роберты фырт Алан дæр равзæрста сæ дæсныйад æмæ кусы дохтырæй.

Виктор кæддæриддæр уыд хъуыддаджы лæг, рæстдзинадыл дзурæг, йæ ныхасæн хицау, никуы æрхаста йæ сæрмæ мæнгард, гæды  митæ кæнын. Куысты – домаг, æппæты фыццаг йæхицæй, стæй та кæимæ куыста, уыдонæй.

Тъехты Виктор йæ фæстæ ныууагъта хорз æмæ рæсугъд фæд æмæ йæ рухс ном цæрдзæн, чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты.

       БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.