Цæмæй ахуыргæнæг-хъомылгæнæг йæ разылæууæг хæстæ æнтысгæйæ æххæст кæна, ахуыр-хъомыладон куыст зæрдæйы фæндиаг уа, уый тыххæй алцы йæхицæй кæнгæ нæу. Уыцы хъуыддаджы уымæн дæр хъæуы алыварсон æххуыс.

Ацы хъуыддаджы фæстæ нæ лæууы Цхинвалы районы разамынад дæр æмæ сæ фадæттæ æмæ уавæртæм гæсгæ кусынц ахуыргæнæн уагдæтты цалцæг кæныныл. Районы адæмон ахуырады хайады сæргълæууæг Козаты Олег куыд банысан кодта, афтæмæй хицæн скъолатæ æрцыдысты рог цалцæг. Зæгъæм, ахæм цалцæг скодтой Къостайыхъæу, Тъбет, Зар, Бихъар æмæ Сатихъары скъолаты. Ацы куыстытæ æххæст кæныныл хорз бацархайдтой районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ.

Фылдæр куыстытæ ныртæккæ æххæст кæнынц Дменисы астæуккаг скъолайы бæстыхайы æмæ сыл аразджытæ тагъд кæнынц сæ уавæртæ æмæ фадæттæм гæсгæ. Арæзтадон куыстытæ хъуамæ сæххæст кæной ацы скъолайы æртыккаг уæладзыджы. Аразинаг ма сын цы куыстытæ ис, уыдон та хъуамæ ахицæн кæной ацы мæйы кæронмæ. Кæд дзы раздæры азтау бирæ ахуыргæнинæгтæ нал ис, уæддæр скъолайы бæстыхай егъау у æмæ йæ сцалцæг кæнын у æнæмæнгхъæуæг. Æртыккаг уæладзыгмæ схастой фæллойадон ахуыры кабинет, у тынг хорз цалцæг. Уымæй дарддæр ма цалдæр ахуыргæнæн кабинеты дæр уым æрбынат кæндзысты. Цухдзинад уыд Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы химийы кабинеты, скъолайы йæ сырæзты рæстæджы арæзт уыд вентиляцион къанал, фæлæ дзы, хъыгагæн, мотор æвæрд нæ уыд. Ныр ахуырады хайады сæргълæууæджы фæрцы цухдзинад иуварс æрцыд, ацы ахуыры аз сын бантыст уым мотор сæвæрын æмæ вентиляци райдыдта кусын.

Хъæрмад цæмæй æппæт скъолаты дæр æнæкъуылымпыйæ уа, ууыл дæр зæрдиагæй бацархайдтой. Фарон аз ацы хъуыддаджы проблемæ уыд Арцеуы скъолайы, фæлæ уавæр ныр уым дæр æрбæстон. Афтæ æмæ районы æппæт скъолатæ дæр нал фæтыхсынц æнæ хъæрмадæй.

Ахуыр-хъомыладон куысты тыххæй куы дзурæм, уæд банысан кæнын хъæуы, методбаиугæндтæ мадзæлттæ кæй ауадзынц ирон, стæй уырыссаг æвзаг æмæ литературæйæ, физикæйæ æмæ æндæр предметтæй. Ахæм мадзал ауадзын вæнд кæнынц Дменисы астæуккаг скъолайы поэт æмæ йæ райгуырæн Ирыстоны иузæрдион хъæбул Икъаты Владимиры тыххæй. Иудзырдæй, районы скъолаты раз дзæвгар ахсджиаг хæстæ ис æмæ кусынц сæ аскъуыддзаг кæныныл.

                                                                 ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.