Нæ ирон газетæн стыр нысаниуæг ис нæ адæмы царды. Уый у  нæ республикæйы иунæг ирон газет æмæ йыл ног азы фыццаг бон сæххæст уыдзæн 100 азы.

Йæ хъæздыг æмæ дæргъвæтин историйы газет йæ ном цалдæр хатты аивта, фæлæ уымæй йæ нысаниуæг нæ къаддæр кодта.

Цард ивæнтæ кæны, газет «Хурзæрин» дæр рæстæгимæ кæны æмдзу æмæ адæмы размæ хæссы, нæ адæмы царды цы ивындзинæдтæ цæуы, уыдон.

Газет нæ къухтæм куы райсæм, куы дзы бакæсæм фæстаг хабæрттæ, цымыдисаг цаутæ, газеткæсджыты æргом хъуыдытæ, уæд мах нæ фæхъуыды кæнæм йæ ивгъуыд азтыл. Æрмæстдæр фыццаг номыры бур сыфтæм куы æркæсæм, уæд ис банкъарæн, цы даргъ æмæ гуыргъахъ фæндагыл рацыд, уый. Æмæ йæ алыхуызон дугивæнтæ рæстæджы фæлмы бын кæй нæ фæкодтой.

Газеты фæрстыл æвдыст цæуы республикæйы алы къабазы архайд дæр – политикæ, экономикæ, культурæ, спорт, хъæууон хæдзарад… Ахъаз кæны адæмы æхсæн хæларадон ахастытæ æмæ рæзгæ фæлтæрты патриотон хъомыладæн. Газеты кусджыты æмуд коллектив аккагæй дарддæр кæнынц сæ хистæр фæлтæрты хуыздæр традицитæ.

Газет «Хурзæрин» канд республикæйы цæсгом æмæ кад хъахъхъæныныл нæ архайы, фæлæ стыр хъусдард здахы не стратегион партнер Уæрæсейы ахастытæ ноджы æнгомдæр кæныныл.

«Хурзæрин» у ирон адӕмы иугӕнӕг, æнгомгæнæг тых. Уымæн ис ӕмӕ уыдзӕн иу ирон адӕм ӕмӕ кусы йӕ иудзинадыл, йе ‘нгомдзинадыл.

Цалынмæ нæ мадæлон æвзаг цæра, уæдмæ цæрдзысты нæ адæм, нæ райгуырæн бæстæ – Ирыстон дæр. Æмæ хъуамæ цæрой æнустæм. Хъуамæ не ‘взаг хъахъхъæнæм æмæ йын кад кæнын фæразæм, цæмæй суинаг фæлтæртæн сæ къухтæм радтын нæ бон бауа нæ хæзнаты хæзна. Ирон æвзаг, ирон культурæ æмæ зонады рæзтæн сæ цард  снывонд кодтой: Хетæгкаты Къоста, Коцойты Арсен, Гæдиаты Секъа, Æмбалты Цоцко, Абайты Васо æмæ бирæ æндæр разагъды лæгтæ. Уыдон ирон дзырды фарн ныууагътой махæн.

Хуссар Ирыстон ссис хӕдбар республикӕ, ирон ӕвзаг нӕм сси паддзахадон ӕвзаг. Ирон адӕмы хъысмӕтыл, нӕ мадӕлон ӕвзаджы фæдыл ныхас фæцӕуы «Хурзæрин»-ы фæрстыл. Сæдæ азы лæггад кæны адæмæн, Ирыстонæн. Уадз æмæ газет «Хурзæрин»-ы кусджыты ныры фæлтæр, уыцы традицитæ дарддæр рæсугъдæй хæссæт. Мæ зæрдæ сын зæгъы ног сфæлдыстадон æнтыстытæ. Цы бирæ хæстæ сывæрут уæ разы, уыдон уын дзæбæхæй бантысæнт сæххæст кæнын. Уæлахиз æмæ фæрнайдзаг ут, дарддæр хæссут ирон дзырды фарн!

ДРИАТЫ Лейла

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.