19-æм декабры Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты ауагътой тымбыл фынг. Хайад дзы райстой РХИ-йы таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цоциты Александр, ФТС-йы Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Алексей Попов, РХИ-йы хæлцадон продукттæй чи ифтонг кæны, уыцы иртасæн институты ахуыргæндтæ æмæ æндæртæ.

Экономикон зонæдты кандидат, профессор Дзабиты Александр йæ раныхасы загъта: «Не ‘мбæстæгтæ Зæрæмæджы контролон пунктыл продукттæ ласгæйæ цы зындзинæдтыл æмбæлынц, уый у рæстæгмæ. 1-æм октябрæй Евразиаг экономикон цæдис барамындтæ æмæ фæтк хъахъхъæныны нысанæн 7 процентмæ схызт, таможнæйы сæртыл цы экспортон товартæ ласт цæуы, уыдоны фæдыл таможнæйон процедурæйы аргъ. Транспортон контролы домынц экспортон деклараци. Уыцы закъондæттынад Хуссар Ирыстоны ныхмæ арæзт нæу, уый баст у Уæрæсейы ныхмæ Ныгуылæны бæстæты санкцитимæ. Мах хъæуы бацархайын, цæмæй нæм фылдæр уа бынæттон халсартæ, дыргътæ, æхсыры продукттæ».

Зонад-иртасæн институты директоры хæдивæг Къæбысты Мария та бахаста фæндон, цæмæй бынаты байгом кæной æмбарынгæнæн курсытæ, кæцыты амалиуæггæнджытæ ахуыр кæндзысты, цы товар ласынц, уымæн раст экспортон декларацитæ байдзаг кæныныл. «Таможнæйы сæртыл цы товар фæласынц, уымæн нæ вæййы экспортон деклараци, брокертæ дæр нæ арæхсынц гæххæттытимæ архайын æмæ йæ фæкæнынц таможнæйы кусджыты æфсон. Мах хъуамæ æмбарæм, Уæрæсейы Федераци кæй у хицæн паддзахад, йæхи закъæттæ æмæ фæтктимæ. Мах та кæд нæхи хæдбар паддзахад хонæм, уæд хъуамæ нымайæм æндæр паддзахадты закъæттæ», – загъта Къæбысты Мария.

Дзулфыцæн комбинаты сæргълæууæг Цхуырбаты Вадимы хъуыды та фарсты тыххæй у ахæм: «Цалынмæ контролон пунктыл хизгæйæ амалиуæггæнджытæ  зындзинæдтыл сæмбæлдысты, уæдмæ нæ республикæйы Базарадон-сæудæджерадон палатæ, амалиуæггæнджыты цæдис ацы фарстатыл цæмæннæ бакуыстой? Ам чидæриддæр ис, уыдон зонынц, ацы проблемæ фыццаг хатт кæй нæ сæвзæрд. УФ-йы таможнæйон службæтæ сæвзæргæ уавæр бæттынц Евразиаг бадзырды уагæвæрдимæ. Фарстайы фæдыл хъуыдис æрæмбырд кæнын нæ республикæйы амалиуæггæнджыты æмæ сын лæмбынæг бамбарын кæнын ног уагæвæрд».

Амалиуæггæнджытæ та дзырдтой, хъуыддаг æрмæст декларацитæ раст байдзаг кæныны кæй нæу, зæгъгæ, уыдонæн къуыригæйтты кæй фæдарынц таможнæйы сæ машинæтæ æмæ уыцы уавæр тынг æндавы сæ куыстыл. Уымæ гæсгæ домдтой  Парламенты депутаттæ æмæ Амалиуæггæнджыты цæдисы скондæй, цæмæй арæзт æрцæуа къамис æмæ уыцы къамис хъус æрдара, Зæрæмæджы контролон пунктыл хизгæйæ цы къуыхцытимæ æмбæлынц, уыдонмæ.

Уæрæсейы ФТС-йы минæвар Хуссар Ирыстоны Алексей Попов загъта, зæгъгæ, алы адæймагæн дæр бар ис йе ‘мбæстагон бартæ хæлд куы цæуой, уæд хъаст ныффыссын тæрхондонмæ.

УАЗÆГТЫ Марфæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.