Уæрæсейы  æмæ  Хуссар  Ирыстоны  æмахастытæ рæзынц цалдæр этапмæ гæсгæ, дзырдта ивгъуыд къуыри медиа-центры цы тымбыл фынг уагъд æрцыд, уым йæ сæргълæууæг Гаглойты Иринæ. Тымбыл фынг уагъд æрцыд Уæрæсейы  Федерацийы рдыгæй  нæ Республикæйы хæдбардзинад банымайыны хæдразмæ. Йæ сæйраг темæ уыд «Хусар  Ирыстон æмæ Уæрæсе: ныры этапы æмахастытæ, проблемæтæ æмæ перспективæтæ. Йæ  куысты хайад райстой нæ парламенты депутаттæ æмæ эксперттæ. Йæ раныхасы Гаглойты Иринæ егъау аргъ скодта æхсæнадон организации «Адæмон ныхас»-ы – куыстæн, Уæрæсейы Федерациимæ æмахастытыл бакусыны стратегийæн, банысан кодта ацы куысты ма æндæр организацитæ дæр хайад кæй истой, уый тыххæй.

«26 август хъысмæт скъуыддзаггæнæн бон у, кæцы нын фадат радта ног æнтыстытæ нæ нацийы райрæзтæн «Адæмон ныхас»-ы лидер. Цоциты Алан йæ интеллектуалон фадæттæ здæхта, Ирыстоны æнтыстмæ абоны бон цы стратегион уавæртæ æркодтой, уымæ»- дзырдта йæ раныхасы рæстæджы Гаглойты Иринæ. Уый бахатыд тымбыл фынджы хайадисджытæм цæмæй иу уысм æмырæй алæугæйæ ссарой зындгонд политикон æмæ æхсæнадон архайæг, Хуссар Ирыстоны националон сæрибаргæнæн  змæлды лидер Цоциты Аланы рухс ном.

Гаглойты чызг йæ раныхасы æрлæууыд нæ хæдбардзинад банымайыны историйыл, банысан кодта, зæгъгæ, кардиналон æгъдауæй ситуаци ивын райдыдта 2006 азы, Уæрæсейы Федерацийæн уæд йæ позици фæбæрæгдæр. Æрдзырдта ма Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны фæстæ цы геополитикон ивындзинæдтæ æрцыд, уыдоныл.

26 август – ирон адæмы ног историйы нысаниуæгджындæр бон

Гобозты Вячеслав, парламенты фыццаг æрсидты депутат, Социалистон парти «Фыдыбæстæ»-йы сæрдар, тымбыл фынджы рæстæджы йæ раныхасы æрдзырдта «цæдисон паддзахад, Уæрæсе æмæ хуссарирыстойнаг интеграцион моделыл, куыд фадат, афтæ». «Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны хъуыддаг нымад цæуы дыууæ паддзахады ‘хсæн æмахастыты ног этапыл. Кæд æмæ раздæр ацы цаутæ хастой æрдæгофициалон характер, кæцытæ уагъд цыдысты гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны процессы фæлгæтты, уæд 2008 азы 26 августы кардиналон æгъдауæй ситуаци фæивта. Мæскуы æмæ Цхинвалы ‘хсæн æмахастытæ райстой æхсæнпаддзахадон статус. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæзындис фадат дыууæ паддзахады ‘хсæн ног æмахастытæн, кæцытæ æрмæст историон факттæ нæ хынцдзысты, фæлæ агурдзысты æмахастыты ног реалитæ», – банысан кодта йæ доклады рæстæджы, Гобозты Вячеслав.

Хуссар Ирыстоны фæстаг рæстæджы Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны фæдыл цы дискусситæ цæуы, уыдон регулярон æгъдауæй сног вæййынц æмæ йыл фылдæр дзурын райдайынц  æвзæрстыты агъоммæ. Фæлæ уæддæр мидполитикон, коньюнктурон фактортæм гæсгæ ахæм дискусситы бындур сты Мæскуы æмæ Цхинвалы ‘хсæн æмархайдтыты механизмты æнæххæстдзинад. Паддзахад Аланийы политикон элитæйы зынгæ хай хорз æмбарынц æввахс рæстæджы Уæрæсейы Федерацимæ бацæуын реализаци кæй не ‘рцæудзæн, фыццаджыдæр, Хуссар Ирыстоны æнæразыдзинадмæ гæсгæ нæ фæлæ Уæрæсейы. Альтернативондæртæй сæ иу уаит цæди сон паддзахад, кæцыйы бындурæвæрджытæ сты Уæрæсейы Федераци æмæ Белорусийы Республикæ.

Æмахастыты механизмты размæцыд

Президенты администрацийы информаци æмæ аналитикон управленийы сæрдар Уазæгты Юри та æрдзырда Уæрæсе æмæ Хусар Ирыстоны  æмахастыты дарддæры механизмты размæцыдыл. Хуссар Ирыстоны политикон  позици цардæн ахсджиагдæр сæрмагонд национ интерестæ хъахъæнгæйæ, фадат ратдзæн нæ республикæйы цахæмдæр сценаритæй бахизынæй. «Хуссар Ирыстоны паддзахадон райрæзты егъау бынат ахсынц Уæрæсейы Федерациимæ æмахастытæ. Нæ къухдариуæгад хъуамæ уæлдай егъау хъусдард аздаха Уæрæсейы Федерациимæ нæ позициты бахъахъхъæныны хъуыддагмæ. Фыццаджыдæр нæ хъус хъуамæ аздахæм дыууæ паддзахады ‘хсæн къухтæ цы сразыдзинæдтыл фыст æрцыдысты уыдон среализаци кæныны хъуыддагмæ, кæцыты руаджы нæ республикæйы социалон – экономикон райрæзт фæхуыздæр уыдзæн. Егъау хъусдард ма аздахын хъæуы дыууæварсон æмархайды механизмтæм, кæцыты руаджы скъуыддзаг æрцæудзысты проблемон фарстатæ, уыдонæй сæ иу, зæгъæм у Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн таможнæйы фадыджы æмгуыстад», – банысан кодта эксперт.

Уазæгты Юри ма æрдзырдта геноциды фæдыл дæр. Банысан кодта, зæгъгæ геноциды темæ кæд фæнды дæр у актуалон æмæ йæ фæстиуджытыл дзурын хъæуы дунейы алы фæзуæтты. Загъта, зæгъгæ, адæймагады ныхмæ æфсæддон фыдгæнджыты  бафхæрыны тыххæй арæзт хъуамæ æрцæуит ног дунеон трибунал.

Тымбыл фынджы рæстæджы йæ хайадисджытæй алкæмæндæр фадат уыд ацы ахсджиаг темæйы фæдыл йæ хъуыдытæ зæгъынæн.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.