Хуссар Ирыстоны адæмæн сæ нысаниуæгджындæр бонтæй иу у, 1992 азы 14 июль – нæ зæххыл сабырдзинад бахъахъхъæныны тыххæй нæ республикæмæ æртæфарсон Æмхæццæ тыхты æрбакæныны бон.

Ныр 30 азы дæргъы Хуссар Ирыстоны адæм æрвылаз дæр кад кæнынц, бæрзонд профессионализм чи равдыста, нæ республикæйы сабырдзинад æмæ æнцойад бахъахъхъæныны сæраппонд йæхимæ зын мисси чи райста, уыцы фидауынгæнæн тыхтæн.

Ацы боны цытæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ауагъдæуыд тымбыл фынг ахæм те-мæйыл: «Фидауынкæнынад æмæ сабырадон процесс Хуссар Ирыстоны 1992-2008 азты: сабырад бахъахъхъæныны фæдыл Æмхæццæ тыхты 30 азмæ».

Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, РХИ-йы Президенты Ад-министрацийы къухдариуæггæнæг Джиоты Алан, Президенты Администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Джусойты Алан, Пре-зиденты уынаффæгæнæг Пухаты Эрик, университеты лектортæ, политологтæ, эксперттæ, дзыллон информацийы фæрæзты æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Мадзалы райдиан университеты ректор Тедеты Вадим бузныджы ныхæстæ загъта Марат Кулахметовæн, Хуссар Ирыстоны территорийыл хæстон архайдтытæ æруромынмæ йæ хайбавæрды тыххæй.

«Нæ зæрдыл лæууы 1992 азы 14 июль – тугкалд æруромыны тыххæй нæ ныфс куы бацыд, Фидауынгæнæн тыхтæ республикæмæ кæй æрбацыдысты, уый фæстиуæгæн. Никуы ферох кæндзыстæм 2008 азы августы дæр Уæрæсейы Федерацийы Президенты ныфсджын къахдзæфтæ æмæ Фыдыбæстæйон хæсты нæ адæмы уæлахизы  фæрцы Хуссар Ирыстоны зæххмæ сабырад куы æрцыд», – банысан кодта Тедеты Вадим.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, абон зонæдты ‘хсæн политологи ис фыццаг позицийыл йæ нысаниуæгмæ гæсгæ, уымæн æмæ политологтæ æмæ эксперттæ рæстæгыл дзуапп куынæ дæттой алыгъуызон инфор-мацион-политикон бабырстытæн, уæд Хуссар Ирыстонæн дæр æмæ Уæрæсейæн дæр зын уыдзæн Хуссар Кавказ, Ныгуылæн æмæ Америкæйы иугонд штатты æрдыгæй уыцы æнæсæрфат агрессийы ныхмæ фæлæууын.

Ректор бузныджы ныхæстæ загъта политологтæ æмæ эксперттæн.

«Стыр бузныг зæгъын мæ фæнды, абон ацы мадзалы хайад чи исы, уыцы политологтæ æмæ эксперттæн, уый хауы журналисттæм дæр, уымæн æмæ 90-æм азты дæр æмæ уый фæстæ дæр, сæрмагондæй та 2008 азы августы, уыдон рæстаг информаци лæвæрдтой дунеон, дзыллон информацийы фæрæзтæн пиллонкалгæ Цхинвалæй. Банысан кæндзынæн уыцы ахсджиаг хъуыддагмæ Гаглойты Иринæйы æмæ Джиоты Аллæйы стыр хайбавæрд. Уыдоны ныфсджынæй схонæн ис хæстон журналисттæ», – загъта Тедеты Вадим.

Уый  банысан кодта, зæгъгæ, «паддзахадон университет æрвылаз дæр  рауадзы бæрзондквалификациджын журналисттæ æмæ дарддæр дæр архайдзыстæм, цæмæй нын æппæт ахсджиаг здæхтытæ дæр æмбæлон æмвæзадыл уой, уый тыххæй».

Йæ рады Джусойты Алан бакаст мадзалы хайадисджыты адресыл РХИ-йы Президенты арфæйы фыстæг.

«Ацы бон Хуссар Ирыстонæн у нысаниуæгджын – гуырдзиаг-ирон хæстон конфликты зонæйы сабырдзинад бахъахъхъæныны фæдыл Æмхæццæ тыхтæ бакæныныл 30 азы  сæххæсты бон. Хуссар Ирыстон бузныг у, знæгты агресси чи æрурæдта æмæ  1992 азæй 2008 азмæ Хуссар Ирыстоны зæххыл сабырад чи хъахъхъæдта, уыдонæй. Цæмæй хæстон агресси æруромой æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы скуынæгæй фервæзын кæной, уый тыххæй  1992 азы 14 июлы фидауынгæнджытæ Цхинвалмæ куы æрцыдысты, уыцы бон никуы ферох уыдзæн  никæцы хуссарирыстойнаг адæймагæй. Уæрæсе æрцыд, цæмæй æрурома хæстон агресси Хуссар Ирыстоны æмæ йын фервæзын кæна йæ адæмы. Хуссар Ирыстонмæ Æмхæццæ тыхты æрцыд нысан кодта хæсты æвирхъау цаутæн кæрон скæнын æмæ тугкалд æруромын. Æмæ æцæгæйдæр, уæрæсейаг фидауынгæнджыты æрцыдæй нæ зæххмæ æрыздæхт сабыр цард æмæ пырхæнтæй æндидзын райдыдта нæ бæстæ. Уыцы зæрдылдаринаг бон – 1992 азы 14 июль æнустæм баззад нысаниуæгджын историон бонæй.

Гуырдзиаг-ирон хæстон архæйдтыты зонæйы сабырад бахъахъхъæныны операци æмæ  уæрæсейаг фидауынкæнынады фæлтæрддзинад дунеон практикæйы у    цæвиттойнаг æмæ иууыл æнтыстджындæр.

Университеты фæзуатыл абоны тымбыл фынг нысан кæны, Ирыстоны зæххыл сабырад бахъахъхъæныны операцийы организацийы хъуыддаджы хайад чи райста æмæ йæ чи ауагъта, уыдонæн кад кæнын æмæ сæ бузныг уæвын. Мах хæсджын стæм, цæмæй ма рох кæнæм æмæ зонæм нæ республикæйы истори, ахуыр ын кæнæм йæ уроктæ, фыццаджы фыццаг нæ адæмы фидæны тыххæй», – дзырдæуыд Президенты  фыстæджы.

Йæ рады Марат Кулахметов банысан кодта, зæгъгæ, «фидауынгæнджытæ 16 азы дæргъы аккагæй æххæст кодтой сæ бæрны уæвæг хæс. Хъыгагæн, уыдонæй чидæртæ нæ фæцардысты абоны онг, фæлæ сæ нæмттæ махæй рох никуы уыдзысты, кæддæриддæр уыдзысты нæ мысынады æмæ сын кад кæндзыстæм».

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ИНО-йы Æдасдзинады советы æдзухон уæнг уæвгæйæ, Уæрæсейыл сæрмагонд бæрндзинад ис сабырдзинад бахъахъхъæныны тыххæй.

Кулахметов фидауынгæнæн операцийы схуыдта уникалон, уымæн æмæ, йæ ныхæстæм гæсгæ,  фидауынгæнæг контингенты сконды уыдысты конфликтгæнæг фæрстæ дæр.  Ахæм контингент хорзæрдæм бандæвта фидауынгæнæн операцийыл.

«Фидауынгæнæн операцийæ мах сарæзтам ахæм хатдзæг –  хæстæ æнтыстджы-нæй сæххæст кæныны тыххæй фидауынгæнджытæ æнхъæлмæ ма хъуамæ кæсой, фæлæ активонæй архайой æппæт фадæттæй спайда кæнгæйæ», – загъта дипломат.

Видеобастдзинады руаджы мадзалы хайадисджытæн раарфæ кодта Постконфликтон æрнывылкæнынады фарстаты фæдыл  Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат.

«1992 азы 14 июль Хуссар Ирыстоны адæмæн стыр бæрæгбон уыд. Уыцы бон республикæмæ æрцыдысты фидауынгæнæн тыхтæ. Адæм сыл æмбæлдысты дидинджытимæ, ахæм ныфсимæ, зæгъгæ, кæдæй-уæдæй нæ республикæйы хъизæмæрттæ бавзарæг зæххмæ æрцыд сабырад. Æмæ, æцæгæй дæр, фидауынгæнджытæ Хуссар Ирыстоны зæххмæ æрхастой сабырдзинад», – загъта Джиоты Мурат.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æртæфарсон фидауынгæнæн тыхтæ арæзт æрцыдысты Сочийы сразыдзинады фæлгæтты. Фидауынгæнæн операцийы уникалондзинад уый мидæг уыдис, æмæ уæрæсейаг фидауынгæнæг батальонимæ иумæ операцийы хайад истой, конфликты хайадисджытæ – гуырдзиаг æмæ ирон батальонтæ дæр, уымæй дæр иумиаг командакæнынады бын.

«Иумиаг командæкæнынады бын æртæ батальоны дæр фидауынгæнæн мисси  райдыдтой æххæст кæнын 15 километры дæргъæн арæнгæрон территорийыл», – загъта Джиоты Мурат æмæ банысан кодта, зæгъгæ, фидауынгæнджытæ нæ зæххмæ æрхастой, дæргъвæтин рæстæджы дæргъы  Хуссар Ирыстоны адæм цæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы сабырдзинад.

«Фидауынгæнджыты æрцыдæй Хуссар Ирыстон цадæггай æндидзын райдыдта. Дагомысы кæнæ Сочийы сразыдзинадмæ гæсгæ арæзт æрцыд  Æмхæццæ контролон къамис, кæцыйы скондмæ бацыдысты Уæрæсейы Федерацийы, Хуссар Ирыстоны, Цæгат Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæ. Фидауынгæнæн тыхтæ архайдтой Æмхæццæ контролон къамисы эгидæйы бын. Æмхæццæ контролон къамисы функцитæ уыдысты фидауынкæ-нынад, гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы социалон-экономикон æндидзынад æмæ лигъдæтты проблемæты аскъуыддзаг кæнын. Уымæй дæр, алчи дæр æмбæрста, социалон-экономикон æндидзынад æмæ лигъдæтты проблемæ аскъуыддзаг кæнын баст уыдысты, фидауынкæнынад куыд æххæст цыдаид, ууыл», – бамбарын кодта Джиойы-фырт.

Дарддæр куыд радзырдта, афтæмæй дæргъвæтин рæстæджы Фидауынгæнæг тыхтæ Хуссар Ирыс-тоны адæмæн уыдысты сабырады, стабилондзинады æмæ æдасдзинады гарант. Фæлæ 2004 азæй гуырдзиаг хицауиуæгад райдыдта алыгъуызон провокацитæ куыд Хуссар Ирыстоны ныхмæ, афтæ Фидауынгæнæг тыхты ныхмæ дæр. Гуырдзыстон архайдта уыцы уникалон операци фехалыныл. Æмæ кæд уыцы хъуыддаг сæ къухы нæ бафтыд, уæддæр фæстаг азты Фидауынгæнæн тыхтæ сæ разылæууæг хæслæвæрдтæ æххæст кодтой уæззау уавæрты.

«2008 азы 7-æм августы онг, УФ-йы минæвар Попов æмæ Фидауынгæнæн тыхты командагæнæг инæлар Марат  Кулахметовы руаджы бадзырдæуыд, цæмæй дыккаг бон, ома, 8, иумæ фембæлой Æмхæццæ контролон къамисы æмсæрдæрттæ, уавæр æрсабыр кæныны сæраппонд. Фæлæ 7 августæй 8-æм августмæ æхсæвы Гуырдзыстон хæстон агресси райдыдта Хуссар Ирыстоны ныхмæ. Стыр хъыгагæн, ацы агрессийы рæстæджы фидауынгæнджытæй бирæ фæмард. Сæ ном макуы ферох уæд, сæ цард Хуссар Ирыстоны тыххæй, нæ зæххыл сабырдзинад æмæ æдасдзинады сæрвæлтау чи радта, уыцы лæппутæн. Хуссар Ирыстон уыдон никуы ферох кæндзæн», – банысан кодта Джиоты Мурат æмæ бузныджы ныхæстæ загъта, Фидауынгæнæн тыхты чи службæ кодта, æмæ сæ  командæгæнджытæн.

Мадзалы ма раныхас кодтой: ХИПУ-йы политологи æмæ социологийы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Санахъоты Инал; фыццаг, дыккаг æмæ æртыккаг сæвазæрст Парламенты депутат, Гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны фæдыл Æмхæццæ контролон къамисы уæнг, РХИ-йы Президенты сæрмагонд минæвар, гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны процессы координатор Гобозты Вячеслав; фыццаг, цыппæрæм æмæ фæндзæм сæвзæрст Парламенты депутат Дзиццойты Юри; газет «Республика»-йы æхсæнадон-политикон афæлгæсæг, Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист Коцты Ингæ.

ОСИАТЫ Индира

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.