17-æм майы Дзæуджыхъæуы  гуманитарон æмæ социалон иртасынæдты институты конференц-залы уагъд æрцыд тымбыл фынг: «Ирон æвзаг æмæ ныры дуг». Баст уыд ирон æвзаджы бонимæ. Тымбыл фынг уагъд æрцыд «2014-2018 азтæн Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æхсæн-национ ахастыты рæзты» паддзахадон программæйы реализацийы фæлгæтты. Бацæттæ йæ кодта РЦИ-Аланийы Национ ахастыты фарстыты фæдыл министрад. Хайад дзы райстой Ирыстоны дыууæ хайы минæвæрттæ. Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды уыдысты профессор, филологон зонæдты кандидат Битарти Зоя, ХИПУ-йы ирон æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы сæргълæууæг Дзиццойты Юри, зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт, ХИПУ-йы ирон æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы профессоры хæстæ æххæстгæнæг Дзабиты Зарбег, РХИ-йы Культурæйы министрады библиотекæты фæдыл сæйраг специалист Дриаты Нателæ, Анахарсисы номыл библиотекæйы директор Кокойты Валерия, афтæ ма республикæйы скъолаты ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ.

Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыд РХИ-йы Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ.

Цæгат Ирыстоны фарсы ‘рдыгæй тымбыл фынджы хайадисджыты ‘хсæн уыдысты Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар Ходы Камал, фысджытæ Дзасохты Музафер, Кокайты Тотрадз, Цгъойты Хазби æмæ æндæртæ.

Райдианы раныхас кодта РЦИ-Аланийы Национ ахастыты фарстыты фæдыл министры хæстæ æххæстгæнæг Хадыкъаты Сослан. Уый раарфæ кодта æрæмбырд-уæвджытæн. Афтæ ма фехъусын кодта, ирон æвзаджы размæцыды тыххæй цæттæ кæй цæудзысты сæрмагонд программæтæ. Уыдон саразыны тыххæй кусæгон къордтæ арæзт æрцæудзысты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны.

Ирон æзваджы уавæры тыххæй раныхас кодта Ирыстоны фысджыты æмсæрдар Ходы Камал. Уый стыр ныфс ис, ахæм тымбыл фынгтæ дæр кæй фæахъаз уыдзысты ирон æвзаджы рæзтæн. Банысан ма кодта, ирон æвзаджы размæцыд ахъаз кæй фæуыдзæн ирон адæмы кæрæдзимбарынадæн. Загъта, зæгъгæ, мах никæцы æвзаджы ныхмæ стæм, фæлæ, фыцца-джыдæр, хъуамæ кусæм нæхи æвзаджы размæцыдыл. Ходы фырт банысан кодта, зæгъгæ  йын тынг æхсызгон у , тымбыл фынджы хайад кæй исы Хуссар Ирыстоны делегаци дæр.

«Махæн ис Ирыстон. Æмæ йын ис дыууæ хайы. Иу – Цæгаты, иннæ – та Хуссары. Мах дыууæ дихы цы стæм, уый йедтæмæ иу адæм стæм. Нæ ахуыргæнæн чингуытæ дæр иу сты, нæ классиктæ дæр иу сты, нæ истори дæр иу у, сæйраджыдæр та, не ‘взаг æмæ йæ  истори сты иу. Уымæ гæсгæ мах Хъазиты Мелитонимæ сарæзтам афтæ, цæмæй Ирыстоны уа фысджыты иу цæдис æмæ ныртæккæ кусæм иумæ. Хорз уаид æмæ уыцы фæндагыл куы ацæуиккой нывгæнджытæ дæр, архитектортæ дæр æмæ афтæ дарддæр. Цы нæ хъыгдары? Уыцы хъуыддаг нæ фидæны фæлтæртæн æрхæсдзæн бирæ хорздзиндæдтæ, уыдзæн ын хорз фæстиуджытæ.

Хуссар Ирыстоны не ‘взаджы хъысмæт афтæ зæрдæмæхсайгæ нæу, уæлдай катайагдæр у Цæгат Ирыстоны. Æз хуссары  федтон, суанг сомихæгтæ дæр æмæ уырыссæгтæй дæр иронау сыгъдæг чи дзурынц, ахæмты æмæ мын уый тынг æхсызгон уыд. Цæгаты фылдæр здæхт сты æндæр æвзæгтæм. Бирæтæ катай кæнынц не ‘взаджы сомбоны тыххæй. Махæн нæ абоны куыст дæр уый тыххæй у, цæмæй ирон æвзаджы уавæр фæхуыздæр кæнæм æмæ куыд æмбæлы, ахæм цæстæнгасæй ракæсæм нæ мадæлон æвзагмæ», – загъта Ходы Камал

Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны фысджыты сфæлдыстады ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ размæцыды тыххæй раныхас кодтой Ирыстоны фысджыты цæдисы уæнгтæ Цгъойты Хазби æмæ Дзасохты Музафер. Уыдон куыд банысан котой, афтæмæй ирон æвзаг хъæздыг æвзаг у.

«Нæ ирон æвзаг у тынг рагон æвзаг. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй йыл цæуы 12 мин азæй фылдæр, фæлæ абон цы уавæры ис, уый зæрдæмæдзæугæ нæу, æмæ дыууæ Ирæй уый тыххæй æрæмбырд стæм, цæмæй аныхас кæнæм нæ мадæлон æвзаджы фидæны тыххæй. Махæн стыр хæс ис нæ фидæны фæлтæрты раз – 12 мин азты дæргъы цы æвзаг æрхæццæ, уый сын бахъахъхъæнæм æмæ сын æй адæдтæм.  Ирон æвзаг у тынг хъæздыг. Абайты Васо дзырдта, зæгъгæ, цыфæнды хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ дæр зæгъæн ис ирон æвзагыл. Иннæ æвзæгтæ кæрæдзийæ бирæ ныхæстæ райстой, фæлæ ирон æвзаджы та æрбайсгæ дзырдтæ къаддæр ис», – банысан кодта йæ раныхасы Цгъойты Хазби.

XX æнусы 1920-æм азтæй райдайгæйæ абоны онг ирон æвзаджы уавæры тыххæй раныхас кодта профессор Битарти Зоя. Профессоры раныхас стыр цымыдисдзинад сывзæрын кодта æрæмбырдуæвджытæм. Уый радзырдта, цæмæй ирон æвзаг фесæфтаид æмæ куыннæгонд æрцыдаид ирон интеллигенци, уый фæдыл Гуырдзыстон цы арæзта, уый тыххæй.

«Мæнæн иттæг æхсызгон у, мах кæй фæхуыдтат абоны тымбыл фынгмæ. Ахæм фембæлдтытæ нæ арæхдæр хъæуы аразын, цæмæй нæ разылæууæг хæстæ иумæ æххæст кæнæм. Кæд æмæ мах хицæн паддзахад стæм, уæд уый афтæ нæ нысан кæны, æмæ мах Цæгат Ирæй фæхицæн стæм æмæ Цæгат Иры цы хъуыды кæнынц, уый махæн не сбæздзæн. 30-æм азты стыр куыст цыдис терминологийыл, скъолатæ уыдысты ирон, адæм дæр сыгъдæг дзырдтой иронау, равзæрстам иу литературон æвзаг дæр æмæ йыл куыстам. Фæлæ 1937 азы нæ интеллигенци Хуссары дæр æмæ Цæгаты дæр куынæг æрцыдысты, Хуссары бирæ фылдæр – 144 адæймаджы. Иууыл ахуырдæртæ, иууыл сæрæндæртæ, ирондзинад райрæзын æмæ бахъахъхъæнынмæ иууыл диссаджы цæттæдæр адæймæгтæ. Уый фæстæ махмæ бакодтой гуырдзиаг алфавит æмæ нæ фæхицæн кодтой Цæгат Ирыстонæй, уым та бакодтой уырыссаг алфавит. Æмæ суанг 1944-æм азмæ мах куыстам уыцы алфавитыл. 1943-1944 азты та махмæ бакодтой сыгъдæг гуырдзиаг скъолатæ. Уыцы скъолаты фæархайдтам 1954-æм азмæ æмæ уыцы 10 азы дæргъы Хуссар Ирыстоны интеллигенцийы ног фæлтæр не схъомыл. Æмæ стæй 50-æм азты куы растадысты нæ фæсивæд, уæд дзы æрцахстой 25 адæймаджы. Уыдонæй фондзæй фæбадтысты ахæстоны. Ацы æвзонг адæм сæхицæн бынтондæр ницы домдтой. Æрмæстдæр архайдтой æвзаг бахъахъхъæныныл. Гуырдзиаг скъолатæ бакæнгæйæ, 5-æм къласæй уæлæмæ чи ахуыр кодта, уыдонæн сæ бон нал ссис программæ сахуыр кæнын. Уымæн æмæ æрмæг зын уыдис, гуырдзиагау та хорз нæ зыдтой æмæ уæд фæлыгъдысты Гуырдзыстоны сæудæджерадон горæттæм æмæ афтæмæй Гуырдзыстоны къухы бафтыд аслам кусæгдых. 90-æм азты Гуырдзыстонæй Цæгат Ирыстонмæ цы лигъдонтæ æрцыдысты, уыдон уыдысты сæ фæлтæртæ. Гуырдзыстонæн цард сарæзтой æмæ сæ стæй расырдтой. Афтæмæй Гуырдзыстон æрцахста иу тæрхъус нæ, фæлæ æртæ: фæхицæн кодта иумæйаг культурæйæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, райста аслам æмæ æвзонг кусæгдых, гуырдзиаг культурæйыл дæр нæ фæхæст стæм. Уымæн æмæ йæ рæстмæ нæ амыдтой. Уыцы ахуыргæнæн чингуыты  лæмæгъ æрмæг уыдис. Гуырдзиæгтæ сæхæдæг цы чингуытæй ахуыр кодтой, уыдоны та хъæздыг æрмæг уыд», – радзырдта Битарти Зоя.

Профессор ма уæлдай хъусдард аз-дæхта, Цæгат Ирыстоны рауадзгæ чингуыты Хуссар Ирыстоны кой кæй нæ вæййы, уый тыххæй дæр. Ахæм чингуытæ та мыхуыргонд хъуамæ ма цæуой.  Скъолайон программæтæ хъæуы иумæ аразын.

«Ацы тæккæ фехъуыстон, зæгъгæ, ахуырадон программæ аразы РЦИ-Аланийы министрад. Æмæ уæ уæд æз фæрсын: æнæ мах æй цæмæн аразут? Цæгатæй чингуытæ цæуы махмæ æмæ дзы хуссары тыххæй бынтондæр ницы ис фыст æмæ нæ нæ сывæллæттæ фæрсынц: ома, кæд паддзахад стæм, уæд дзы мах тыххæй цæмæннæ исты ис? Хъуамæ бамбарæм, дыууæ Ирыстоны кæй нæй, фæлæ Ирыстоны дыууæ хай кæй стæм, уый! Уыцы ахуырадон программæтæ, чингуытæ æнæ Хуссар Ирыстон ма хъуамæ цæуой арæзт», – фидарæй загъта Битарти Зоя.

Уый ма банысан кодта, Ирыстоны дыууæ фарс кæй хъуамæ пайда кæной иугъуызон терминтæй. Науæд арæх афтæ вæййы, æмæ ирон ныхæстæй æмбæлон терминтæ кæмæн ис, уыдон дæр фæфыссынц уырыссаг бындурыл арæзт ныхæстæй.

Тымбыл фынджы ма раныхас кодта ирон æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы сæргълæууæг Дзиццойты Юри.  Уый куыд загъта, афтæмæй ирон æзвагæн паддзахадон статус кæй ис, уый дæр ууыл дзурæг у, æмæ бынтон æвзæр уавæры кæй нæй. Æрмæст, зæгъ, хъæуы уадзын алыгъуызон мадзæлттæ йæ размæцыды тыххæй æмæ æрхаста Татарстаны республикæйы цæвиттон,  цыран ток-шоутæ  æмæ  æндæр æмæ  æндæр  алæвæрдтæ  уагъд  цæуынц сæхи  æвзагыл. Афтæ ма бахаста ахæм хъуыды, цæмæй документаци фыст цæуой куыд уырыссаг æвзагыл, афтæ иронау дæр.

«Ирон æзаг æвзæр уавæры нæй. Фыццаг уымæн, æмæ гæххæттыл ирон æвзагæн уæддæр ис паддзахадон статус. Æцæг, уыцы статусы домæнтæ æппындæр не ‘ххæст кæнæм.  Æвзагæн паддзахадон статус вæййы уæд, æмæ паддзахадон органтæ – парламент, хицауад, тæрхондæттæ, президенты администраци, районтæ сæ куыст куы кæной иронау. Ахæм куыст куы цæуа, уæд йæ престиж дæр схиздзæн. Юридикон æгъдауæй та цы нысан кæны дыууæ паддзахадон æвзаджы? Уый та амоны уый, æмæ документаци арæзт кæй хъуамæ цæуа дыууæ æвзагыл, ома, документтæн хъуамæ уа дыууæ оригиналы. Зæгъæм, парламент кæнæ тæрхондон йæ уынаффæ куы хæссы, уæд дзы иу гæххæтт ирон æвзагыл хъуамæ уа арæзт, иннæ та – уырыссагау. Уый тыххæй хъæуынц тæлмацгæнджытæ дæр», – загъта Дзиццойты Юри.

Уый йæ раныхасы кæронбæттæны Хуссар Ирыстоны топонимийы  чингуытæ балæвар кодта тымбыл фынджы хайадисджыты иу къордæн.

Кæрæдзимбарындзинады тыххæй æрдзырдта ХИПУ-йы ирон æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы профессоры хæстæ æххæстгæнæг Дзабиты Зарбег.

«Цæгат Ирыстоны куы рацæуынц чин-гуытæ, уæд сæ Хуссары нæ базонæм æмæ махмæ дæр куы рацæуынц, уæд та сæ Цæгаты нæ базонынц. Кæд сæ кæрæдзийæн нæхæдæг байуарæм, уый йедтæмæ кæрæдзийы чингуытæ нæ фæзонæм. Уый нысан кæны, æмæ мах кæрæдзи кæй не ‘мбарæм. Рагæй нæм цæуынц дихдзинæдтæ. Уыцы хъуыддагæй та пайда кæнынц не знæгтæ», – бафиппайдта Дзабиты Зарбег.

Тымбыл фынджы хайадисджытæн ма раарфæ кодта РЦИ-Аланийы Парламенты вице-спикер Къесаты Станислав. Йæ раныхасы уый банысан кодта, зæгъгæ, ирон адæймаг цыфæнды диалектыл дæр куы дзура, уæддæр уый ма хъуама  фесафа йæ ирондзинад.

Кæронбæттæны Национ ахастыты фарстыты фæдыл министры хæстæ æххæстгæнæг Хадыкъаты Сослан куыд банысан кодта, афтæмæй тымбыл фынджы цы хъуыдытæ загъдæуыд, уыдон бахæццæ кæндзысты хицауадмæ, цæмæй ист æрцæуой æмбæлон мадзæлттæ.

Тымбыл фынгмæ ма æрбацыд УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб, цыран йæ номæй алыгъуызон хорзæхтæй хорзæхджын æрцыдысты иу къорд фыссæджы.

ХУРИТЫ Батрадз,

Дзæуджыхъæу-Цхинвал

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.