Æрвылазон сси телекомпани «Ир»-ы бындурыл арæзт хæрзаудæн акци «Бæллицты фонтан».
Хæрзаудæн проекты руаджы нæ республикæйы цæрæг сидзæр æмæ бирæсывæллонджын æмæ æвæрæз бинонтæ-иу райсынц ногазон лæвæрттæ æмæ афтæмæй сæххæст вæййынц сæ бæллицтæ.

Ацы аз акцийы руаджы Цхинвал æмæ Дзауы скъола-интернаты, Ленингоры районы сыввæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгты бæллицтæ сæххæст уыдзысты. Æххуысхъуаг бинонтæ æмæ сахъат сывæллæтты дæр нæ ферох кæндзысты акци аразджытæ.

Нæ горæты цæрджытæй алкæй бон дæр у хæрзаудæг суæвын. Ныртæккæ дæр назбæласæй æрисынц цалдæргай фыстæджытæ æмæ сидзæр сывæллæтты зæрдæтæ барухс кæнынц.

Телепроекты фыццаг уазæг уыд Президент Гаглойты Алан. Æхсæз сывæллоны бæллицтæ сæххæст кодта. Сабитæй Митын Дадайæ чи  хъазæнтæ куырдта, чи та – велосипед, мобилон телефон, спортивон формæ æмæ чи та – къаффеттæ.

Хицауады сæрдар Джуссойты Константин дæр сæххæст кодта фондз ахуырдзауы бæллиц.

Митын Дадамæ сæ фыстæджыты Чилæхсаты Лерæ, Хуыбежты Алан, Хозиты Аслан, Хуыгаты Арсен æмæ Гуцаты Дзамболат ныффыстой зæрдиаг арфæтæ. Уый фæстæ йæм бахатыдысты, цæмæй сын балæвар кæна спортивон формæ, футболы пурти, телефон æмæ афтæ дарддæр.

Митын Дада – Джуссойты Константин нæртонæй сидзæр сывæллæттæн балхæдта лæвæрттæ æмæ сын сæ цытджын æгъдауæй радта. «Митын Дада уын сæххæст кодта уæ бæллицтæ, æз та уын сæ дæттын уæ къухтæм. Арфæ уын кæнын Ног азы цытæн! Мæ зæрдæ уын зæгъы ахуыры æнтыстытæ. Сымах стут Ирыстоны фидæн, Ирыстоны сомбоны цардаразджытæ. Сымах дæр кæддæр сæххæст кæндзыстут кæйдæрты бæллицтæ, уый тыххæй хъуамæ тырнат, цæмæй уæ къухы бафта æнтыстытæ!».

Сидзæр сывæллæтты цард фæрогдæр кæныны æмæ сын Ног азмæ сæ зæрдæтæ барухс кæныны тыххæй йæхи нæ бааууон кодта Президенты администрацийы сæрдар Мæргъиты Алан дæр. Уый дæр цæстуарзонæй цалдæр сывæллонæн балæггад кодта. «Ног аз уыл хъæлдзæг æмæ æнæнизæй цæуæд», – ахæм арфæтимæ лæвæрттæ радта Ленингоры сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæн.

Ленингоры районы сæргълæууæг Уалыты Муртаз та Дзауы скъола-интернаты хъомылгæнинагæн балæвар кодта бæллиццаг спортивон пурти, адджинæгтæ æмæ конверты æвæрд æхца.

«Мæ ногазон бæллиц» акци йæ куыст дарддæр кæны. Æмткæй наз бæласыл ауыгъд ис 300 фыстæджы. Чидæриддæр йе ‘мбæстагон хæсыл нымайы сидзæртæн баххуыс кæнын, уыдонæн сæ бон у телеуынынады агъуыстмæ æрбацæуын, назбæласæй конверт æрисын æмæ…

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.