Ивгъуыд къуыри ауагъдæуыд тымбыл фынг Республикæ Хуссар Ирыстонæн йæ историон ном – Алани раздахыны тыххæй. Тымбыл фынджы куысты хайад райстой: Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы доцент, филологон зонæдты кандидат, профессор Битарты Зоя, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты Ирыстоны истори æмæ Кавказзонынады кафедрæйы сæргълæууæг Гаглойты Юри, ХИПУ-йы ирон æвзаг æмæ иумиаг æвзагзонынады кафедрæйы сæргълæууæг Дзиццойты Юри, Хуссар Ирыстоны Зонад-иртасæн иституты директор Гаглойты Роберт, РХИ-йы Президенты Администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Пухаты Къоста, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты зонадон куысты фæдыл проректор Тедеты Анатоли,  Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат, РХИ-йы Президенты уынаффæгæнæг Коцты Константин, ХИПУ-йы проректор Гобозты Станислав, Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим, ИА АЛАНИЯинформ-ы директор Бететы Юри, Медиа-центр «Ир»-ы президент Гаглойты Иринæ. Мадзалы хайад райстой цæгатирыстойнаг уазджытæ – историон зонæдты доктор, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Истори æмæ археологийы институты директор Бзарты Руслан æмæ историон зонæдты кандидат,  РЦИ-Аланийы Истори æмæ археологийы институты хистæр зонадон кусæг Мамиты Михаил.

Тымбыл фынг уагъта Гаглойты Роберт.  Мадзалы райдиан уый раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн. Уый фæстæ иу минут æдзæмæй алæугæйæ ссардтой Уæрæсейæ ИНО-йы æдзухон минæвар, зынгæ уæрæсейаг дипломат Витали Чуркины рухс ном.

Гаглойты Роберт куыд банысан кодта, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстонæн йæ историон ном раздахын тынг актуалон æмæ ахсджиаг у абоны бон.

«Ацы фарст фæфæстæ кæнын нæй гæнæн. Æнæуый дæр мах бафæстиат кодтам. Республикæйæн йæ историон ном раздахыны тыххæй æз дзырдтон Дунеон æхсæнадон змæлд «Стыр Ныхас»-ы VI съезды дæр, кæцы ауагъдæуыд Цхинвалы. Ныр та æппæтдæр хъуамæ саразæм, цæмæй нæ байзæттаг ма дзурой, зæгъгæ, нæ адæмы хæрзиуæгæн нæ хистæрты бон цыдæр саразын уыд, фæлæ йæ нæ сарæзтой. Уый тыххæй цы саразæм, уый хъуамæ уа ахадæн æмæ йын уа сбæлвырдгæнæн», – банысан кодта Гаглойты Роберт.

Йæ раныхасы рæстæджы Пухаты Къоста мадзалы хайадисджытæн раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды номæй, кæцы кусæгон балцы ис Мæскуыйы.

«Фæстаг рæстæджы ирæтты этногенезы фарстытæ кæй фæактуалондæр сты, уый зындгонд у æрмæст специалисттæн нæ, фæлæ куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстоны æхсæнадæн дæр. Уый тыххæй дзурынц зонадон кусджытæ дæр æмæ зонадмæ чысыл хæстæг чи лæууы, уыдон дæр, афтæ ма Цæгат Кавказы иуæй-иу республикæты дæр. Псевдозонадон минæвæртты, æхсæнадон организациты, дзыллон информацион фæрæзты ацы активондзинад чи цырын кæны, истори сфальсификаци кæныны бафæлвæрдтыты фæстæ чи лæууы, дунейы иууыл зындгонддæр ахуыргæндты сбæлвырдгонд историон ивгъуыдæй ирæтты фæиппæрд кæныныл чи архайы? Æппæт уыдæттæн ис базонæн», – загъта уый. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй уыдон нæ фæнды æмæ нæ архайынц сабырад сфидар кæныныл, уыдон сты Уæрæсейы паддзахаддзинады интересты ныхмæ. Уый фæстиуæгæн рæстæг у историон рæстдзинад сæндидзын кæнынæн.

Дарддæр раныхас кодта Джиоты Мурат. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ацы мадзалы ауагъд ахсджиаг у. Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйæн йæ историон ном раздахыны тыххæй Президент цы барамынд радта, уый æххæстбæрцæй арæзт æрцыд историон реалитæм гæсгæ æмæ дзуапп дæтты нæ республикæйы политикон интерестæн æмæ адæмы фæндонæн.

Министр куыд бахахх кодта, афтæмæй нæ хъæуы дзурын «Республикæ Хуссар Ирыстоны ном раивын», уымæн æмæ дзырд цæуы нæ бæстæйы историон ном раздахыныл.

«Президенты барамынды дзырд нæ цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны ном раивыныл, фæлæ дзы нысан æрцыд паддзахады историон ном Алани раздахын. Ныры ном «Республикæ Хуссар Ирыстон»-имæ иумæ пайда кæнæн ис йæ историон ном Аланийæ дæр, Паддзахад Аланийы хуызы. Дыууæ номы дæр сты æмнысаниуæгджын», – бамбарын кодта министр.

Мамиты Михаил куыд радзырдта, афтæмæй революцийы агъоммæ историографийы 19-æм æнусы дæргъы æмæ уый размæ дæр фарст нæ лæууыд ирæттæ æмæ аланты идентификацийы тыххæй.

«Алцыдæр уыд æмбæрстгонд æмæ скъуыддзаг. Уый тыххæй фарст нæ лæууы фæсарæйнаг историографийы дæр. Ацы фарст раджы æрцыд скъуыддзаг зонады дæр æмæ адæмы ‘хсæн дæр æмæ йæ нал хъæуы сфидар кæнын дæр. Мæнæн æмбæрстгонд у нæ сыхæгты логикæ, кæцытæ сæ «хъазтмæ» бафтыдтой ацы проекты. Æмбæрстгонд у цы дивиденттæ дзы хъавынц райсынмæ, сæрмагондæй идеологион дивиденттæ. Сæ фæстæ чи лæууы, ахæм проектты организатор чи у, уый дæр æмбæрстгонд у. Æмбæрстгонд ма у, куыд æндæр проекттæ, афтæ ацы проект дæр здæхт у Цæгат Кавказы, æппæт Кавказы уавæры дестабилизацимæ æмæ Уæрæсейæ Цæгат Кавказы территори рахицæн кæнынмæ», – банысан кодта Мамиты Михаил.

Уый куыд загъта, афтæмæй республикæйæн йæ историон ном раздахын нæ аскъуыддзаг кæндзæн проблемæты иууылдæр, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, у ахсджиаг, æнæмæнгхъæуæг стратегион къахдзæф, кæцы скъуыддзаг æмæ бæлвырд кæны бирæ фарстаты.

Тедеты Вадим бузныджы ныхæстæ загъта Гаглойты Робертæн, ацы тымбыл фынг кæй сорганизаци кодта, уый тыххæй æмæ банысан кодта, кæй хæцы референдумы тыххæй Президенты барамынды фарс.

«Ацы ахсджиаг къахдзæф у Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад сфидар кæнынмæ ноджы иу къахдзæф. Махæй зонæм, Уæрæсеимæ нæ æмахастыты формат нысан æрцыд Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды. Ацы бадзырды нысан æрцыдысты нæ æмахастытæ 25 азмæ», – загъта Тедеты Вадим æмæ банысан кодта, уый дæр кæй хæцы ном «Республикæ Хуссар Ирыстон  Паддзахад Аланийы» фарс.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы фарсты тыххæй адæм сараздзысты раст къахдзæф», – бахахх кодта ректор æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, президентон æвзæрстытæ æмæ референдум иу бон ауагъд кæй хъуамæ æрцæуой, уымæй республикæйы бюджет хъахъхъæд æрцæудзæн стыр хæрдзтæй.

Битарты Зоя дæр банысан кодта, зæгъгæ, ацы къахдзæф раздæр аразын хъуыд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы фарстыл дзырд цыд, фыццаг сæвзæрст Парламенты депутат куы уыд, уæддæр. Фæлæ уæд вазыгджын рæстæг уыд æмæ уый тыххæй нæ рахастæуыд ацы фарст. Æртæ азы размæ дæр ацы фарстыл дзырд цыд.

Битарты Зоя бахахх кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн йæ историон ном раздахын раст къахдзæф у æмæ раздæр арæзт хъуамæ æрцыдаид.

Дзиццойты Юрийы ныхæстæм гæсгæ, Президенты барамынды дзырдæуы, зæгъгæ, дзырд фидæныл цæуы, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, республикæйы ном аивын хъуамæ дырысдæр политикон бындурыл уыдаид нысангонд кæнæ йын йæ номмæ хъуамæ бафтыдæуыдаид æндæр æмнысаниуæгджын ном.

«Æз фехъуыстон æрмæстдæр историон бындур, æмæ æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ нын уый тыххæй ис æххæст бартæ. Ахæм уынаффæ кæй рахастæуыд, уый нысан кæны, зæгъгæ, мах æнкъарæм алантимæ нæ монон историон бастдзинад æмæ аскъуыддзаг кодтам нæхи алантæ схонын. Уый хъуамæ уа иунæг разæнгардгæнæг мотив», –  банысан кодта Дзиццойты Юри.

Уый ма куыд бафиппайдта, афтæмæй Президенты Барамынды нысан не ‘рцыд республикæйы номы ирон варианд. Уый та раст нæу. «ном хъуамæ нысан æрцыдаид иронау дæр. уый ма хъуамæ тæлмац кæной журналисттæ», – бахахх кодта Дзиццойты Юри.

Йæ дарддæры ныхæстæй куыд фæбæрæг, афтæмæй йæм раст нæ кæсы президентон æвзæрстытæ æмæ референдум иу бон ауадзын, ома, дам, уый демократон бæрц нæу.

Гаглойты Юри куыд загъта, афтæмæй Ирыстоны цæгаты дæр æмæ хуссары дæр иунæг ирон адæймаг дæр нæ уыдзæн республикæйы «Алани» схоныны ныхмæ. Фæлæ «мæ тыхсын кæны ныхас «паддзахад». Мæн фæндыд, цæмæй йæ схуыдтаиккой Республикæ Хуссар Ирыстон  Алани, уымæн æмæ нын цæгаты ис прецедент  Цæгат Ирыстон  Алани. Æмæ куы баиу уæм, уæд та дзырдтаиккам æндæр иумиаг номыл», – банысан кодта Гаглойты Юри.

Йæ рады Президенты уынаффæгæнæг Коцты Константин дæр радзырдта раздæры дуджы номæн стыр нысаниуæг лæвæрд кæй цыд, уый тыххæй.

«Раздæр номæн лæвæрд цыд стыр нысаниуæг, фæлæ фæстагмæ уыцы нысаниуæг фæхуымæтæгдæр ис. Адæймаг йæ фыды мыггаг æмæ ном куынæ хæсса, уæд ын фæзын уыдзæн сбæлвырд кæнын, йæ бынтæм ын цы ахаст ис, уый. Афтæ у паддзахады ном дæр. Æнæнхъæлæджы нæ иуæй-иу сыхæгтæ нæ хъавынц Аланийы ном сæхиуыл абарын», – бахахх кодта Коцты Константин.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй нæ сыхæгтæн ис масштабон проект дæсгай цыртытæ саразынæн, кæцыты руаджы хъуамæ сбæрæг кæной аланты фыдæлтимæ нæ сыхæгты бастдзинад.

«Уый фæстæ бæрæгæй зыны цахæмдæр политикон проект. Æмæ ис уæзгæ ды-зæрдыгдзинæдтæ, ацы проект сепаратистон, антиуæрæсейаг кæй у, уый фæстиуæгæн. Адæймаг йæ фыдæлты номыл, йæ мыггагыл йæ къух сиса, уый зын бауырнæн у, фæлæ…», – загъта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ «мæхъæлæттæн кадджын фыдæлтæ уыд – рагон хеттаг адæм. Уый стыр цивилизаци уыд, фæлæ мæхъæлæттæ уæддæр сæ къух систой сæ фыдæлтыл, нæ сæ хъæуынц. Уыдон дзурынц, зæгъгæ, алантæ сты сæ фыдæлтæ, уый тынг диссаг у. Уый тыххæй æппæтыл дæр дырысæй ахъуыды хъæуы, йæ фæстæ цы лæууы, ууыл, цæмæн сæ фæнды нæ цытджын фыдæлты ном байсын?»

Хуссар Ирыстоны Конституцион тæрхондоны тæрхонгæнæг Джиоты Алан банысан кодта республикæйæн йæ историон ном радтыны историон æмæ идеологион нысаниуæг.

«Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ уый кæны нæ адæмы нацийы æнæниз удварн фæбæр-зонддæр кæнынмæ æмæ Аланты истори сахуыр кæнынмæ цымыдисдзинад фæбæр-зонддæр кæнынмæ. 6 æнусы фæстæ дунейы политикон картæйыл паддзахад Аланийы фæзындæн тынг ахсджиаг нысаниуæг ис», – загъта Джиоты Алан æмæ банысан кодта, зæгъгæ, референдум æмæ æвзæрстытæ иу бон ауадзыны тыххæй Президенты барамынд юридиконæй раст у.

«Ис Конституци æмæ ис Референдумы тыххæй Конституцион Закъон, цыран дырысæй нысангонд у референдум снысан кæныны фæтк æмæ йæ ауадзыны фæтк. Зæгъæн ис, уымæ юридиконæй æппындæр ницы фау æрхæссæн ис», – бамбарын кодта тæрхонгæнæг æмæ банысан кодта, зæгъгæ, æрмæстдæр ныфсхаст хъуыддæгтæй фæбæрзонддæр уыдзæн национ удварн.

«Ном «Паддзахад Алани» тынг фидар ном у, йæ мидæг сты æппæт дзуаппытæ дæр. Уымæй мах иуварс кæнæм æнæ барæй æмæ æнæ растæй сæхиуыл ацы ном сæвæрынмæ бахъæвдтытæ. Уыдон та сты нæ сыхæгтæ æмæ æндæр адæмтæ», – бафиппайдта Джиоты Алан æмæ ма бахахх кодта, зæгъгæ, уый у тынг раст æмæ фидар уынаффæ.

«Мах раздахдзыстæм, нæ бæстæйы нæ фыдæлтæ куыд хуыдтой, уыцы ном. Уыимæ иумæ нæ аивдзыстæм, нæ республикæ йæ хæдбардзинады сæрыл цы номимæ тох кодтам, уый – «Республикæ Хуссар Ирыстон» дæр, кæцыйы мидæг ис ахсджиаг уидаг «ас-астæ» – уыдон сты уыцы адæм, кæцы историйы ныууагъта нысаниуæгджын фæд. Нæ историон уидæгтыл нæ къух сисæм, уый дæр раст нæу. Уый тыххæй дыууæ номы бахъахъхъæнын скъуыддзаг кæны проблемæ», –  бамбарын кодта Джиоты Алан æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, нæ хъæуы тæрсын, фæлæ цæуæм размæ, алантæ куыд кодтой, афтæ.

«Мах раст фæндагыл лæуд кæй стæм, уый бæрæг у зыны нæ хуссайраг æмæ ныгуылæйнаг сыхæгты реакцийæ», – бафиппайдта тæрхонгæнæг.

Уый ма бамбарын кодта, зæгъгæ, ахæм ном нæ бахъыгдардзæн хуссарирыстойнаг адæмы стратегион уынаффæ  Уæрæсейы скондмæ бацæуын æмæ бакаст Цæгат Ирыстон-Аланийы Конституцийæ скъуыддзаг, цыран фыст ис, зæгъгæ, Цæгат Ирыстон у демократон барадон паддзахад, кæцы хъахъхъæны йæ бирæнационалон адæмы фæндон æмæ интересты».

«Уæдæ куыд уынæм, афтæмæй Уæрæ-сейы алы субъект дæр у паддзахад. Æмæ иу паддзахад иннæйы скондмæ бацæуын у юридикон конструкци, кæцыйæ пайда кæнынц æнæхъæн дунейы», – бахахх кодта Джиоты Алан æмæ раарфæ кодта æрæмбырд-уæвджытæн æмæ сын загъта ахæм фæн-диæгтæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны адæм саразой раст равзæрст.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты зонадон куысты фæдыл проректор Тедеты Анатоли дæр йæ хъуыдытæ загъта Хуссар Ирыстонæй йæ историон ном радтыны тыххæй. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй разы у Президенты барамындыл æмæ йæ нымайы раст къахдзæфыл.

ХИПУ-йы проректор Гобозты Станислав дæр йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, кæд юридиконæй раст у, уæд цæмæннæ хъуамæ ауадзæм референдум æвзæрстытимæ иумæ.

«Кæд мах нæхи нымайæм аланты бай-зæттагыл, уæд нæ паддзахады цæмæннæ хъуамæ схонæм Алани, уыимæ ма йын нæ ивæм ном «Республикæ Хуссар Ирыстон» дæр», – бахахх кодта Гобозты Станислав.

Информацион агентад АЛАНИЯинформы директор Бететы Юри куыд загъта, афтæ-мæй Хуссар Ирыстонæн йæ историон ном раздахыны тыххæй тынг дзырд цыд æх-сæнады ‘хсæн æмæ абоны бон референдум ауадзыны тыххæй Президенты барамынд райст æрцыд. Бететы Юри æрсидт историктæм, цæмæй цы чингуытæ рауадзынц, уыдон электронон верситæ æвæрд цæуой интернеты.

Медиа-центр «Ир»-ы президент Гаглойты Иринæ куыд радзырдта, афтæмæй, «куыд президентон æвзæрстытæ, афтæ референдум ауадзын дæр ахсджиаг цау у Хуссар Ирыстоны паддзахадæн. Æмæ, мæнмæ гæсгæ, уыдон иумæ кæй ауагъдæуыдзысты, уый мæм раст нæ кæсы, фæлæ Хуссар Ирыстонæн йæ историон ном раздахыны фарс хæцын».

Йæ рады Бзарты Руслан банысан кодта, зæгъгæ, ирæттæ аланты байзæттаг не сты, фæлæ сты алантæ. Уый ахсджиаг у.

«Æз нæ дызæрдыг кæнын ууыл, æмæ нæ адæм, кæцы йæ фыртты хоны Сæрмæттæ æмæ Алантæ, фæрæдидзысты. Уыимæ сæхи кæд хæццæ кæнынц уæлæмхас æууæлтæ, кæцытæ баст сты политикон, экономикон кæнæ социокультурон конъектурæимæ, уæд уый дæр нормалон у, кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ вæййы алы хатт дæр, æндæр гæнæн ын нæй.

Хъуамæ нæ ныфс уа, референдум кæй ауадздзыстæм æмæ йæм ницы фау æрхастæуыдзæн. Референдум хицæнæй куы ауадзæм, уæддæр фæзындзæн критиктæ, кæцытæ зæгъдзысты, зæгъгæ, сын уыд президентон æвзæрстытимæ ауадзæн дæр. Уый ууыл дзурæг у, æмæ цард дарддæр кæны æмæ мах раст фæндагыл лæуд стæм, æмæ аланты адæм цæрдхъом у», – банысан кодта Бзарты Руслан æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, абоны мадзал бафидар кодта, кæй нæй серьезон ныхдуртæ хъæбатыр Ирыстоны адæмы бæстæйы номæн йæ историон ном раздахыны тыххæй.

Мадзалы кæрон Хуссар Ирыстоны Президенты номæй Пухаты Константин паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кодта Бзарты Русланы, Мамиты Михаилы æмæ историон зонæдты доктор Хъаныхъуаты Зæлинæйы. Хъаныхъуаты Зæлинæ бæрæг аххосагмæ гæсгæ мадзалы кæй нæ уыд, уый тыххæй йын йæ хорзæх радтой Бзарты Русланмæ.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.