Ныры дуджы æнæ электроэнергийæ цардыл ахъуыдыгæнæн дæр нæй. Уый æрмæст нæ  хæдзæртты срухс кæныны æмæ нын нæ къух чи рог кæнынц, уыцы алыгъуызон электронон мигæнæнты тыххæй нæ хъæуы, фæлæ сæйраджы сæйраг у экономикæйы æппæт къабæзты змæлынгæнæн тых, кæцыйæ баргæ у адæмы царды æмвæзад.

Нæ республикæйы цæрджытæ сæхиуыл бавзæрстой æнæ электроэнергийæ цахæм цард кодтам, æппæт дæр рауутмæ куыд æрцыд, уый. Абон уавæр æндæр у. Республикæ ногæй æндидзы, размæ цæуы æмæ уый дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, у электроэнергийæ рæстæгыл ифтонг кæй цæуæм, уый руаджы. Ууыл та æрвылбон дæр, боныгъæдтæм нæ кæсгæйæ, кусынц нæ энергетиктæ. Уыдон райсом, 22 декабры банысан кæндзысты сæ профессионалон бæрæгбон. Бæрæгбоны размæ мах фембæлдыстæм æмæ нын нæ фарстатæн дзуаппытæ радта паддзахадон унитарон куыстуат “Энергоресурс-Хуссар Ирыстон”-ы директор Къæбысты Ацæмæз.

 – Цæмæй цæрджытæ электроэнергийæ æмбæлон уагыл ифтонг цæуой, уый тыххæй электрохызæгтæ хъуамæ уой нормалон уавæры. Уæ куысты уын уыдон зындзинæдтæ æвзæрын кæнынц?

– Горæтыл дзырд куы цæуа, уæд ам рахъастгæнæн ницæмæй ис. Фæлæ районтæ хуыздæрхъуаг сты. Бирæ хъæутæм  электрохæххыты хъæдын цæджындзтæ ивд нæ цыдысты æмæ скæлæддзаг сты. Зæронд кодтой трансформаторон дæлстанцтæ дæр. Æмæ афтæмæй та электроэнергийæ æмбæлон уагыл ифтонг нæ фæцæуынц цæрджытæ. 2018-2019 азты Инвестпрограммæйы фæлгæтты республикæйы ре-конструкци æрцыдысты æрмæстдæр электрохæххыты иу хай.

– Электроэнергийæ ифтонг кæныны проблемæ кæцы хъæуты раз лæууы карздæрæй æмæ сæ куыд хъавут аскъуыддзаг кæнынмæ?

– Зæгъæн ис афтæ æмæ алы районы дæр ис проблемон хъæутæ. Нæ фадæттæ нæ куыд амонынц, афтæ сæ цалцæг кæнæм, хъæдын цæджындзты ивæм æфсæнбетонон цæджындзтæй. Электроэнерги къуылымпытимæ кæй исынц, уый тыххæй куырдиæттæ райстам Цхинвалы районы Ортъеу, Дампъалет, Къусрет æмæ æндæр хъæуты цæрджытæй. Æмæ кусæм ацы фарстытыл. Ортъеуы хъæуы раивтам 23 цæджындзы æмæ ног телтæ та айтыгътам 1200 метры дæрддзæгмæ. Бихъар æмæ Махисы хъæуты та раивтам зæронд трансформатортæ. Æрбалæугæ азы та фæнд кæнæм Дампъалеты хъæуы ахæм куыстытæ бакæнын.   Президент Гаглойты Аланы бахæсмæ гæсгæ Дзауы районы  Стырфæз æмæ Уæллаг Хуыцъейы хъæумæ раивтам 20 цæджындзы, 1500 метры дæрддзæгмæ та айтыгътам электротелтæ. Электрохæххытæ реконструкци æрцыдысты Сохтæ æмæ Абанойы хъæутæм дæр. Иумæйагæй сисгæйæ, ивгъуыд аз Дзауы районы зæронд электроадæттæн хæххытæ баивыны фæдыл бакодтам стыр куыст. Ныртæккæ электрохахх ивæм Котантойы хъæумæ, ныссагътам дзы 11 цæджындзы, айтындзын ма хъæуы электротелтæ. Ацы куыстытæ фæуыдзыстæм мæйы кæронмæ.

Знауыры районы Цънелис æмæ Малдайы хъæуты раивтам цæджындзтæ æмæ кабель. Ахæм куыстытæ кæнæм Чъимасы хъæуы дæр. Ам цæджындзтæ сагъд æрцыдысты æмæ монтаж кæнынц электротелты. Ацы хъæуты электроифтонгады проблемæты тыххæй президентæн ра-дзырдтой районы цæрджытимæ йæ фембæлды рæстæджы.

Ленингоры районы хъæутæн сæ 80 проценты сты хæххон бынæтты æмæ  нæ фадæттæ куыд амоной, афтæ архайдзыстæм цæрджыты электроэнергийæ ифтонг кæныныл.

Ацæугæ азы куыстытæ æххæст цыдысты Цхинвалы дæр. Президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ цалцæг æрцыд электроадæттæн хахх Мамысанты сыхмæ, сæвæрдтам дзы трансформаторон дæлстанц. Ахæм куыстытæ бакодтам талахъомылгæнæндоны районы дæр. Æрæджы ацы район-мæ æввахс цæрджытæ бахатыдысты паддзахады сæргъ-лæууæгмæ, цæмæй сын раивой сæ зæронд электрохахх. Тагъд рæстæджы уым раивдзыстæм фондз цæджындзы æмæ электротелтæ дæр.

Иумæйагæй сисгæйæ, нæ кусджытæ – энергетиктæ мæгуырау нæ бакуыстой аивгъуыйгæ азы. Бирæ арæзт æрцыдис, лыг кодтой, электрохæххыты чи хъыгдардтой, уыцы бæлæсты, ивтой цъæл изоляторты. Республикæйы æдæппæтæй айтыгътой 20 километры дæрддзæгæн электротелтæ, 11 трансформаторы раивтой ногтæй, 220 та раив-той цæджындзтæ. Азы кæронмæ уыдоны нымæц суыдзæн 300 бæрц.

Нæ разы  лæууæг хæстæ æххæст кæныныл кусæм, фæлæ нæ фадæттæ нæхи фæндиаг не сты. Куыстуаты æфтиæгтæ бирæ не сты, цæрджытæй бирæтæ бахардзгонд электроэнергийæ сæ фиддонтæ кæй нæ фидынц, уый аххосæй. Алчи дæр сæ рæстæгыл куы фидит, уæд мах дæр фылдæр куыстытæ бакæниккам электрохызæгтæ реконструкци кæныны фæдыл æмæ уыимæ фæлхасгæнджыты электроэнергийæ ифтонг кæныны гъæд ноджы фæхуыздæр кæниккам.

– Ныртæккæ ма республикæйы ахæм хъæутæ ис, кæ-цытæм нæ хæццæ кæны электроэнерги æмæ сæм кæд уагъд æрцæудзæн?

– Ис ахæм хъæутæ дæр. Уыдон сты Къоз æмæ Брытъат. Иуæй-иу цæрджытæ фæстæмæ здæхынц сæ райгуырæн бынæттæм, аразынц дзы хæдзæрттæ æмæ хъуамæ ифтонг уой электроэнергийæ, архайдзыстæм ацы фарст аскъуыддзаг кæныныл. Кæд нын бантыса, уæд æрбалæугæ азы Брытъаты хъæумæ бауадздзыстæм электрохахх, Къозы хъæумæ дæр нæ фадæттæм гæсгæ архайдзыстæм.

– Бахардзгонд электроэнерги æмæ æрдзон газы тыххæй фиддонтæ фидыны уавæр та куыд у?

– Ацы азы, фыццæгæм декабрмæ æрдзон газы тыххæй фиддонтæ  æрæмбырд ис 188 милуан сомы. Ивгъуыд азы ацы рæстæгмæ абаргæйæ цæрджытæй фиддонты æмбырдкæнынад сырæзт 59 процентæй 74 процентмæ. Газæй нæ ифтонггæнæг, уæрæсейаг компани Газпромы раз нæ хæстæ æххæстæй бафыстам 2023 азæн. Цы нæ фаг кодта, уыдон та бафыстам 35 милуан сомы кредиты хыгъдæй.     Иумæйагæй мæ банысан кæнын фæнды не структурон дæлхай “Газифтонгад” зынгæ куыст кæй бакодта ацы аз.

Цæрджытæ æмæ бюджетон организацитæй бахардзгонд электроэнергийы тыххæй фиддонты æмбырдкæнынад ацы аз 1 декабрмæ уыдис 68 проценты. Ивгъуыд азы ацы рæстæгимæ абаргæйæ бæрæггæнæнтæ фæхуыздæр сты, фæлæ уæддæр уый фаг нæу. Республикæ ацы аз электроэнерги Уæрæсейæ райста 367 милуан сомы аргъ. Абоны бонмæ мах уыдонæй бафыстам 326 милуан сомы. Ныфс нæ ис декабры кæронмæ бафыстытæ кæй фæфылдæр уыдзысты æмæ электроэнергийæ нæ хæстæ кæй бафиддзыстæм 2023 азæн дæр. Хорз хъуыддаг у уый æмæ энергоресурстæй хæстæ кæй нал фылдæр кæнынц.

– Энергоресурстæ кæмæй исæм, уыцы уæрæсейаг компаниты раз уæ хæсты иумæйаг бæрц цас у? Цы амæлттæй хъавут ахæм уавæрæй рахизын? Тас у Хуссар Ирыстонæн электроэнерги дæттыны бæрц фæкъаддæр кæнынæй?

– Газ æмæ электроэнергийæ хæсты иумæйаг бæрц у 1 миллиард 53 милуан сомы. Ацы хæс æрæмбырд раздæры азты. Уæд æз нæ куыстон æмæ мæ бон зæгъын нæу, цæмæн сырæзт ацы хæс. Фæлæ тас нæу Хуссар Ирыстонмæ цæуæг электроэнергийы бæрц фæкъаддæр кæнынæй. Ахæм дам-думтæн бындур нæй. Ноджыдæр ма йæ зæгъын, ацы аз мах нæ хæстæ бафыстам электроресурстæй. Дарддæр архайдзыстæм раздæры хæсты планбæрцонæй фидыныл дæр. Хъæуы хуыздæр кæнын фиддонтæ æмбырд кæныны фæдыл бæрæггæнæнтæ. Уый фæдыл исæм бæрæг мадзæлттæ. Тох цæуы электроэнерги давджыты ныхмæ. Або-ны бонмæ уал баивтам 400 электронымайæн приборы. Ис ахæм хъæутæ, цыран цæрджытæ нæ пайда кæнынц электронымайæнтæй уартæ советон дугæй фæстæмæ. Уыдон æрвылмæй дæр фидынц бæрæг суммæ, кæцы фыл-дæрхатт, æмбæлон нæ вæййы, цы электроэнерги бахардз кæнынц, уымæн. Ныртæккæ мадзæлттæ уагъд цæуынц, цæмæй электронымайæнтæ хаст æрцæуой хæдзæрттæй æддæмæ.  Ахæм куыстытæ цæуынц Цхинвал æмæ Знауыры районты, афтæ ма Къуаисайы горæты дæр. Цхинвалы ма Инвестпрограммæйы фæлгæтты æвæрд цæуынц электроэнерги коммерцион æгъдауæй хынцæн прибортæ. Уыдон æвæрд æрцæудзысты æппæт коммерцион организациты. Ахæм мадзалы руаджы фадат нал уыдзæнис электроэнерги давынæн. Æппæт уыдæттæ, æнæмæнг, фæахъаз уыдзысты фиддонтæ æмбырд кæныны брæггæнæнтæ фæхуыздæр кæнынæн.

– Æвæццæгæн карздæр тох хъæуы фиддонтæ бирæ рæстæджы дæргъы чи нæ фиды, уыдоны ныхмæ….

-Ахæмты мах ахицæн кæнæм электрохызæгæй. Æрæм-бырд кæнæм акттæ æмæ сæ адæттæм барадхъахъхъæнæг органтæм. Ацы аз тæрхондоны приставты службæмæ алæ-вæрдтам 230 акты. Акттæ кæуыл сарæзтам, уыдонæн сæ иу-мæйаг хæс у 9 милуан сомы.

– Хуыздæр кæцы районты  фидынц сæ фиддонтæ?

– Горæт Цхинвал æмæ Ленингоры районы.

Цас актуалон уæм у кадрты фарст. Æххæст стут квалификациджын кадртæй?

– Мах æнкъарæм специалистты хъуагдзинад. Хъыгагæн, фæсивæд æхсызгонæй нæ цæуынц энергетикæйы къабазмæ. Фæлæ уæддæр мах куыстмæ райстам 30 æвзонг адæймаджы бæрц. Уыдонæй бирæтæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæ фесты Цæгат Ирыстоны. Бирæты арвитæм сæ квалификаци бæрзонддæр кæнынмæ Пятигорск æмæ Дзæуджыхъæумæ. Махæн æхсызгон уыдзæн профилон ахуырадимæ куыстмæ райсын, фæлæ нæм фылдæр æрбацæуынц, цæмæй сæ райсæм шофыртæй.

– Ныртæккæ зымæг йæ тæмæны ис, куыд бацæттæ кодтат ацы сезонмæ уæхи?

– Мæ бон нæу зæгъын, æппæтæй дæр æххæст стæм, уый. Фæлæ, цæмæй зымæг æнæ проблемæтæй арвитæм, уый тыххæй алцæмæй дæр æххæст стæм.

– Æрæджы нæ горæты электроифтонгады уыдис къуылымпытæ. Хицæн микрорайонтæ-иу ахицæн æрцыдысты электроифтонгадæй. Цæимæ баст уыдысты уыдæттæ?

– Электроэнерги-иу кæй ахицæн, уый баст уыдис, Шанхайы районы электрохызæгтæ реконструкци кæныны фæдыл куыстытæ æххæст кæй цыдысты, уыимæ. Иу электрохаххы бæсты сарæзтам дыууæ æмæ сæм трансформатортæ баиу кодтам. Ног хахх арæзт æрцыдис Присы хъæуы онг.

– Энергетикы бон РХИ-йы зæрдылдарæн бонты къæлиндары нысан цæуы 15 декабры. Фæлæ хуссарирыстойнаг энергетиктæ хуыздæрыл нымайынц сæ бæрæгбон традицимæ гæсгæ 22 декабры нысан кæнын, куыд Уæрæсейы, афтæ. Официалонæй кæцы бон нысан цæуы бæрæгбоныл?

– Уый фæдыл æз бафарстон мæ кусджыты æмæ загътой, зæгъгæ, йæ нысан кæнæм 22 декабры, куыд Уæрæсейы, афтæ. Уым æй нысан кæнын райдыдтой 1920 азы. Уыцы азы 22 декабры райст æрцыд Уæрæсейы электрофикацийы пад-дзахадон план (ГОЭЛРО). Уæдæй фæстæмæ æрвылаз дæр нысан цæуы 22 декабры. Нæ зонын, зæрдылдарæн бонты къæлиндары ацы бæрæгбон 15 декабры цæмæн у нысан. Мах Хицауадмæ фæндон бахæсдзыстæм цæмæй йæ аивой.

– Цахæм сты дæ фæндиæгтæ дæ коллегæтæн – энергетикæйы къабазы кусджытæн уæ профессионалон бæрæгбоны сæраппонд?

– Мæ зæрдæ сын зæгъы æнæниздзинад, æнтыстджын куыст сæ адæмы хæрзæбонæн. Тагъд Ног азыл сæмбæлдзыстæм æмæ сын бирæ хæрзиуджытæ æрхæссæд, сæ рæсугъд фæндтæ иууылдæр сæххæст уæд.

        БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.