Ныр дыууæ мæйы дæргъы нæ республикæйы эпидемиологон уавæр карзæй карздæр кæны. Æрвыл бон нæ республикæйы медицинон уагдæттæм бацæуынц коронавирусы ног хуызæй рынчын æмбæстæгтæ. Ацы уæззау гриппы хуыз фæзынд ивгъуыд азы, æмæ дзы ныр дыууæ азы дæргъы хъизæмар кæнынц æппæт дунейы адæм. Уымæ гæсгæ æрвыл бон дæр медицинæйы уагдæтты кусджытæ сидынц æппæт адæммæ, цæмæй хъахъхъæной æмæ æххæст кæной, низæй хи бахизыны фæдыл цы домæнтæ ис, уыдон. Уымæн æмæ статистикæ куыд æвдисы, афтæмæй ацы карз низы фæстиуæгæн фæзиан бирæ адæм. 

Хъыгагæн, нæ республикæйы æмбæстæгтæн сæ фылдæр хай, санитарон-эпидемиологон уавæртæ нæ хъахъхъæнгæйæ, арæзтой массон мадзæлттæ. Æппæт уыцы мадзæлтты фæстиуæгæн бонæй-бонмæ ацы низæй рынчынты нымæц фылдæрæй-фылдæр кодта æмæ уый фæстиуæгæн уыдоны бахъуыдис тагъд медицинон æххуыс. Алы адæймаджы организм ацы вирусы ныхмæ индивидуалон тох кæны, кæцыдæр организм фæтых вæййы уæззау низыл, кæцы та – нæ.

Фæстаг дыууæ азы дæргъы карз вирусæй фæмардуæвджыты нымæц, хъыгагæн, бонæй-бонмæ фылдæр кæны. Уымæ гæсгæ ацы аз 18-æм октябры нæ республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй ауагъта  оперативон штабы радон рабадт. Рабадты рæстæджы райстæуыд  нæ республикæйы социалон-эпидемиологон уавæр фæхуыздæр кæныны фæстиуæгæн карз мадзæлттæ. Æппæт уыцы мадзæлттæм нæ кæсгæйæ, низ йæхион кæны æмæ нæ республикæйы низæй рынчын æмбæстæгты нымæц фылдæрæй-фылдæр кæны. Уымæн æвдисæн у, нæ республикæйы сывæллæтты рынчындоны 22-æм октябры Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады уынаффæмæ гæсгæ баконд кæй æрцыд  сырх зонæйы ног хайад. Ацы уæлæмхас сырх зонæ сывæллæтты рынчындоны баконд æрцыд ивгъуыд аз дæр, уыцы аз ма рынчындонмæ уагъд æрцыд туаггуыры хæтæл. Уый фæстæ рынчынты нымæц къаддæр кæй кодта, уымæ гæсгæ сывæллæтты рынчындон ацы аз февралы мæйæ кусын райдыдта нормалон  режиммæ  гæсгæ. Уый тыххæй нын радзырдта сывæллæтты рынчындоны педиатрийы фæдыл директоры хæдивæг Джиоты Луизæ.

«Нæ республикæйы эпидемиологон уавæр фæстаг дыууæ мæйы дæргъы февзæр-дæр ис. Уый фæстиуæгæн нæ республикæйы æмбæстæгтæн сæ фылдæр, кармæ нæ кæсгæйæ, рынчын кæнынц ацы вирусы ног хуызæй. Уымæ гæсгæ нæ республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады уынаффæмæ гæсгæ сывæллæтты рынчындоны бæстыхайы иу хайы  бакодтам  сырх зонæ. Хайады ис 22 сынтæг-бынаты, фæлæ рынчынтæн бынæттæ кæй нæ фаг кодта, уымæ гæсгæ мах фæфылдæр кодтам сынтæг-бынæтты. Нæ рынчындоны абон ис  вирусæй 34 рынчыны. Уыдон сты астæуккаг уæззау æмæ тынг уæззау. Хъыгагæн, ныридæгæн хайад байдзаг рынчынтæй. 19 рынчыны улæфынц туаггуырæй, уыдоны ‘хсæн дыууæ сывæллоны – 12 æмæ 16-аздзыдтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, иннæ азимæ абаргæйæ, ацы вирусы ног хуыз у карздæр, йæ фæстиуджытæ сты æвзæрдæр. Сывæллæтты рынчындоны сырх зонæйы кусынц рынчындоны медицинон кусджытæ. Нæ медицинон кусджытæй бирæтæ кæй фæрынчын сты ацы вирусæй, уымæ гæсгæ уыдонæн сæ бон нæма нæу сæ комкоммæ хæстæм æрæвналын, иннæ кусджыты хай та сты рискы зонæйы. Уый фæстиуæгæн бахатыдыстæм нæ республикæйы Знауыры районы рынчындоны медицинон кусджытæм, нæ коллегæтæм, цæмæй нæм се  ‘ххуысы къух фæдаргъ кæной. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ коллегæтæ равдыстой егъау æмбарындзинад æмæ нæ фарсмæ æрбалæууыдысты æмæ æртæ дохтырæй радгæстæ вæййынц сырх зонæйы. Кæй зæгъын æй хъæуы, сырх зонæйы кусын тынг зын у, фæлæ уыцы зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, нæ медицинон уагдоны кус-джытæ цæсгомджынæй æххæст кæнынц сæ комкоммæ хæс», – банысан кодта Джиоты Луизæ.

Уый ма нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй рынчынтæ исынц  вирусы ныхмæ фыццаградон æмбæлон медицинон æххуыс. Цухдзинад не ‘ййафынц медикаменттæй, туаггуырæй дæр сты ифтонг.

Танделаты Вилена

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.