КÆНЫ АХАДÆН ÆМÆ ХÆРЗИУÆГОН КУЫСТ

Сырх Дзуары Дунеон Комитет у нейтралон, хæдбар организаци æмæ йæ хæстæ æмæ нысæнттæн ис гуманитарон характер. Уымæн йæ сæйрагдæр хæстæ сты, хæстон конфликтты æмæ æндæр тыхст уавæрты чи бахауы, уыцы адæймæгты цард бахъахъхъæнын æмæ сын баххуыс кæнын. Комитет йæ æппæт тыхтæ дæтты уымæ, цæмæй ахæм адæймæгты тыхстдзинад фæрогдæр уа. Ацы Комитетæн бындур æвæрд æрцыд 1863 азы швейцайраг горæт Женевæйы æмæ йæ инициатор та уыд æхсæнадон архайæг Жан Анри Дюнан. Организаци йæ хæрзиуæгон архайд кæны  алы рæтты æмæ нымад цæуы дунейы иууыл егъаудæр гуманитарон хызæгыл, иурæстæджы æрбаиу кодта 181 бæстæйæ 500 милуан адæймаджы.   Ахæм æмæхсæнад архайын райдыдта Уæрæсейы 1854 азæй фæстæмæ Елена Павловна æмæ Николай Пироговы хъæппæрисæй. Дунеон Сырх Дзуар у æхсæнадон æхсæнадæмон организаци æмæ иу кæны Сырх Дзуары æхсæнады Лигæйы, кæцы сырæзт 1919 азы, йе сконды сты Сырх Дзуар æмæ Сырх Æрдæгмæйы националон æхсæнадтæ. Сырх Дзуары Комитетæн ис хъæздыг истори æмæ у Уæрæсейы рагондæр æхсæнадон организаци. Ацы Комитет уæвынад кæны алы регионы дæр. 1925 азы уымæн  йæ ном раивд æрцыд Сырх Дзуар æмæ Сырх Æрдæгмæйы æхсæнады Цæдисæй.

Сырх Дзуары Дунеон Комитет йæ хæрзиуæгон архайд Хуссар Ирыстоны райдыдта 2009-æм азæй фæстæмæ куыд горæты, афтæ хъæууон бынæтты дæр æмæ кæны комплексон æххуыс цæрджыты иууыл æвæрæздæр æмæ тыхстдæр æмбæстæгтæн. Комитеты хæстæ ацы ран дзæвгар сты æмæ сыл кусы æппынæдзух. 1989-1992 æмæ 2008-æм хæстон азты рæстæджы чи фесæфт, уыдоны хъысмæт рабæрæг кæнын сты  йæ сæйрагдæр хæстæ æмæ нысæнттæ æмæ йын æнтысгæ дæр дзæвгар æрмæг æртымбыл кæнын бантыст. Конфликты рæстæджы бирæ бинонты уæнгтæ фæхицæн сты, нал сын вæййы кæрæдзимæ бастдзинад æмæ уыцы хъуыддаг сæндидзын кæныныл дæр кусы  Комитет.

Æмбæстæгтæй нырма ис, æвæрæз цард чи кæны, стæй бирæсывæллонджын бинонтæ, фæкæсинаг ацæргæ ныййарджытæ  æмæ йæ программæйы фæлгæтты уыдон кæддæриддæр æййафынц социалон æххуыс хæлцадон æмæ æнæхæлцадон товартæй. Комитеты кусджытæ дарддæр дæр цæуынц ацæргæ иунæг адæймæгты хæдзæрттæм æмæ се ‘ххуысы хай бакæнынц санитарон æгъдауæй. Уыцы нысанæн сæм горæтмæ цæуынц æрвылбон æмæ къуыри иу хатт та Цхинвал, Ленингор æмæ Знауыры районты хъæутæм. Уыдонæн баххуыс кæнынц хæлцадон продукттæ бынатмæ фæхæццæ кæныны, æрбахæссынц сын дон, сæ цæрæн бынæттæ сын асыгъдæг кæнынц. Уымæй уæлдай ма Комитет се ‘нцой балæууы, медицинон æххуысмæ сæм чи фæсиды, уыцы æмбæстæгтæн дæр. Иудзырдæй, Сырх Дзуары Дунеон Комитетæн йæ разы бирæ хæстæ ис æмæ сыл кусгæ дæр кæны æвæллайгæйæ.

                                                                ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.