Дигорайы цæрæг Гулунты бинонтыл сæмбæлд, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы хабар.  Сбæрæг,  хæсты рæстæджы сын æбæрæгæй цы хион фесæфт, уый кæм фæмард, уыцы бынат. 

Кæд азтæ рацыд, уæддæр Стыр Фыдыбæстæйон  хæсты фæстиуджытæ бæрæг дарынц Ирыстоны бирæ бинонтыл. Ныронг дæр нæма сбæрæг  æбæрæгæй сæфт бирæ салдаттæ кæм ныгæд сты, кæм фæмард сты, уый. Фæлæ сæ ссарыныл куыст нæ мынæг кæны. Радон хæстон та ныгæд æрцыд йæ фыдæлты зæххы. Дигорайы цæрæг Гулунты Михаилы кой фесæфт хæсты рæстæг.

Лейтенант Гулунты Михаил архайдта Советон Фæсполяр хъахъхъæнæн мадзæлтты. Бæрæг куыд у, афтæмæй йæ куынæггæнæг хæдтæхæг И-153-М62 цæф æрцыд, фæлæ цы ран, уый не сбæрæг. Ныр æй бирæ азты фæстæ ссардтой Мурманскы бынмæ  доны бынты ленккæнджытæ. Йæ хуылфы та уыдысты тæхæджы стæгдартæ, дзаумæттæ æмæ хæцæнгарзы байзæдтæгтæ. Кадджын уавæры сæ  радтой Михаилы хиуæттæн Североморскы. Цы ран сæ ссардтой, уым та æвæрд æрцыд Цæгатон флоты нысанимæ вымпел.

Куыд сбæрæг, афтæмæй хæдтæхæг 80 азмæ хæстæг фæлæууыд, доны быны зæххы 15 метры арфы. Гулунты Михаилы стæгдартæ  йæ фыдыуæзæгмæ  сластой йæ хиуæттæ. Уырдæгæй та йын сæ ахастой Дигорайы уæлмæрдмæ æмæ ныгæд æрцыдысты йæ райгуырæн зæххы, йæ хистæрты фарсмæ. Кадджын мадзалмæ, Гулунты бинонты фарсмæ æрбалæууынмæ, стæй æбæрæгæй фесæфт хæстонæн кад скæнынмæ æрбацыд бирæ адæм – æхсæнадон организациты минæвæрттæ, бынæттон цæрджытæ, Гулунты мыггаджы хæстæджытæ.

Æбæрæгæй сæфтыл нымад хæстонты номхыгъд нырма у стыр. Гулунты  Михаилы хæстæджытæ дæр архайдтой сæ хæстоны ссарыныл, фæлæ сгарæн куыст нæ ардта тæхæджы цард кæм ахицæн, уыцы бынат. Куыд фæзæгъынц, алцæмæн дæр ис йæхи рæстæг. 80 азы бахъуыд, Стыр Фыдыбæстæйон  хæсты радон хъайтарæн та, цæмæй йæ ном райхъуыстаид фæлтæртæм, ссардтаид йæ бынат йæ фыдæлты зæххыл.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.