Æппæт дунейы пандемийы фæстиуæгæн сæвзæргæ уавæры тыхстдзинад  нæ ныууагъта иуварс иунæг адæймаджы дæр. Адæймагады уæвынады дуджы ма æнгæс низтæ кæй уыд, уымæн бæлвырдгæнæн сты историйы азфыстытæ дæр, уыд ма испанкæ, емынæ, тиф æмæ æндæртæ. Уыдонæй алкæцы дæр ахаста мингай адæймæгты цард. Тæссаг низ у COVID 19 дæр, фæстæ нæ фæлæууыд йæ размæ чи уыд, уыцы низтæй адæмы куынæг кæнынмæ. Ногæй фæзынгæ кæй у, уымæ гæсгæ нырма йæ ныхмæ тох кæнынæн нæй бæлвырд препараттæ. Уый та бирæбæрцæй æндавы низ апарахат кæныныл, фæлæ медицинæйы  фадыджы чидæриддæр кусынц, уыдон хъазуатонæй тох кæнынц  адæймагады æнæуынгæ знагимæ. Ныртæккæ ацы фадыджы кусджытæй кæд  алыгъуызон æрымысгæ аххосæгтимæ ныууагътой сæ куыст æмæ сбадтысты хæдзæртты, уæддæр адæмы тыхст уавæрыл зæрдиагæй чи батыхст, Гиппократы ардбахæрдыл æнувыд чи сты, ахæмтæ разындысты фылдæр. Уыдоны бæрнон æмæ æнувыд ахасты фæстиуæгæн ныртæккæ уавæр фæхуыздæр бирæбæрцæй.

Сывæллæтты рынчындоны медицинон хо Хуыгаты Мадинæ фыццаг хатт нæ федта рынчын адæм, фæлæ «сырх зонæ»-мæ фыццаг бон куы бахызт, уæд æм фæзындысты цавæрдæр тас æмæ тæригъæддзинады æмхæццæ æнкъарæнтæ. Афтæ йæм фæкаст, бирæ азты дæргъы цы куыст кæны, уый æмæ ныртæккæ йæ разы цы уыны, уымæн иудзинадæй ницы ис. Сывæллæтты рынчындоны æрмæст палатæтæ нæ, фæлæ къæлидорты дæр рынчынтæй нæ уыд къухбакæнæн. Уыдонæй алчи дæр уыд тыхст уавæры. «Сæйраджыдæр, мæ цæстæнгас схæцыд, сæ фылдæрæн улæфын зын кæй уыд, уыдысты туаггуыры баллонтæм иу. Дохтырты рафысгæ хостæм куы ‘ркастæн, уæд мæ, раст зæгъгæйæ, нæдæр уыд ныфс, уыйбæрц капельницæтæ æмæ судзинтæ аразыныл аххæссын. Уыдон уыдысты тынг бирæ. Æдæппæт рынчынты нымæц уыд 40-мæ æввахс, мах та æрмæстдæр дыууæ медхойы…».

Мадинæйæн нæ републикæйы хæстон дугты дæр рынчындоны уавæр æнæзындгонд кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ уыцы нывтæ сног сты йæ цæстыты раз æмæ йæхицæн ныфсытæ авæргæйæ, загъта – фæстæмæ алæууæн нæй!».  Нæ фæтарст Мадинæ йæ разылæууæг хæстæй, сæххæст сæ кодта, куыд æмбæлдис, афтæ.

Нæ республикæйы æмбæстæгтыл пандеми афтæ тагьд апарахат уыдзæнис, уый æнхъæл ничи уыд, уымæ гæсгæ РММЦ-йы инфекцион хайад куыд цæттæ уыд, уый фаг нæ разынд.  Бахъуыд сывæллæтты рынчындоны дæр инфекцион хайад райтынг кæнын. Медицинон рынчындоны кусджытæн арæзт æрцыд график, куыстой сменæты æмæ афтæмæй хос кодтой вирусæй рынчынтæн. Мадинæ иу æмæ дыууæ сменæйы нæ бакуыста «сырх зонæ»-йы. Йæ рынчынтæй бирæтæ схос кодтой æмæ ацыдысты сæ хæдзæрттæм, фæлæ сæ, хъыгагæн, йæ хæдзарыл чи нал сæмбæлд, ахæмтæ дæр уыд. Уыдонæй алкæйы цæстæнгас дæр баззад йæ хъуыдыты. «Тынг зын у, адæймаджы раз æрбалæууын æмæ йын  йæ тыхст уавæрмæ æдыхæй кæсын… уый дæм ныфсы цæстæй кæсы, дæуæн та æмбæрст у, ницыуал ын баххуыс уыдзæн, æрмæст ма æвæрыс хуымæтæджы ныфсытæ». Цхуырбаты Захар куы æрбарынчын ис, уæд рынчындонмæ комгæ дæр нæ кодта, зæгъгæ, цы диссаг у, рынчын никуы уыдтæн, фæлæ йæ уавæр бæрæг куы февзæрдæр ис, уæд æй бахъуыд схуыссын. Кодтой йын æмбæлон хос, фæлæ, æвæццæгæн, æнæхосæй æгæр кæй аззад, уымæ гæсгæ низ стыхджын æмæ йæ ныхмæ тох кæнын нал сфæрæзта. Ацыд а-дунейæ Захар. Ма-динæ йæ уæды онг уынгæ дæр  никуы фæкодта, фæлæ йыл йæ зæрдæ фæрыст тынг, арæх æй æрымысы æрхæндæгæй.

Æвæццæгæн, алчи дæр а-зæххыл райгуыры цавæрдæр сæрмагонд хæс æххæст кæнынмæ. Мадинæ райгуырд арф æнкъарынадимæ, у хæларзæрдæ æмæ йæ равзаргæ дæсныйадыл – æнувыд. Йæ фидæны дæсныйад та равзæрста хæрзчысылæй æмæ нæ фæрæдыд. Каст фæцис Цхинвалы медахуыргæнæндон, бæргæ бæллыд йæ ахуыр адарддæр кæнынмæ, фæлæ йын нæ уыд уавæртæ, уыдысты хæццæ 90-æм азтæ æмæ йæ ныййарджытæн нæ уыд фадат, цæмæй Мадинæйы арвыстаиккой уæлдæр ахуырад райсынмæ æндæр горæтмæ.

   Мадинæ æрмæст «сырх зонæ»-йы нæ балæггад кодта йе ‘мбæстæгтæн, фæлæ ма куыд рабæрæг ис, афтæмæй йæм чидæриддæр бахаты капельницæ кæнæ судзин аразынмæ, уыдонмæ æнæзивæгæй фæцæйуайы хæдзæрттæм дæр. «Адæймаджы царды æппæты сæйрагдæр у æнæниздзинад, фæлæ, хъыгагæн, ныры дуджы æнæниз адæм стæм сты. Æз, мæхицæн стыр хæсыл нымайын медицинон æххуыс бакæнын, куыд медик, афтæ дæр æмæ куыд æмбæстаг, афтæ дæр. Вæййы афтæ, æмæ рынчынæн кæд дохтыр рафыссы хостæ, уæддæр йæ бон нæ вæййы рычындоны хос кæнын. Уымæ гæсгæ мæ хæсыл нымайын ахæмтæн сæ фарсмæ балæууын».

1990 азы цыппурсы  мæйы гуырдзыйы æнæформалтæ нæ горæтмæ æхсæвы куы ‘рбаирвæзтысты, уыцы райсом Мадинæйы хъуыд Шанхайæ, уым цардис, рынчындонмæ сменæмæ рацæуын. Фæдагыл æй æрурæдтой гуырдзыйы æнæформалтæ, тæссаг уыд йæ цардæн, фæлæ та ам дæр, хæрзæрыгон чызг уæвгæйæ, нæ фæтарст. Куы йæ ссæрибар кодтой, уæд дарддæр ацыд йæ куыстмæ, кæд æй æнæформалтæ фæдзæхстæй рауагътой, уæддæр. 

08.08.08 та æхсæвы уыд сменæйы. Йе сменæ ахаста суанг 20-æм августмæ. Бахауд рынчындоны блокадæйы æмæ иннæ медкусджытимæ йæ бон куыд уыд, афтæ æххуыс кодта цæфтæн.

30 азы дæргъы кусы Мадинæ Цхинвалы рынчындоны алыгъуызон хайадты медхойæ. Уал азы дæргъы цал пациентæн балæггад кодта, уыдонæй хъусы æрмæстдæр арфæйы ныхæстæ, йе ‘нувыд ахаст æмæ хæларзæрдæ удыхъæды тыххæй.  

***

Йæ пациентты æнæниздзинад сæйрагдæр кæмæн у,  аудгæ æмæ сæм бæрнон ахаст чи дары, уыдонæй ма сæ иу у РММЦ-йы терапийы хайады медхо Деканоидзе Ингæ дæр. Куыд радзырдта, афтæмæй уый дæс азы дæргъы кусы йæ уарзон куысты æнæзæрдæхудтæй, фæлæ ацы аз пандемийы фæстиуæгæн цы æндыгъд уавæр сæвзæрдис, уый йыл бандæвта фылдæрбæрцæй, уæлдайдæр та цы рынчынтимæ куыста, уыдонæй бирæтæн сæ бон баххуыс кæнын кæй нал бацис, уый. «Æнæхъæн афæдзы дæргъы æппæт дунейы сæвзæргæ уавæр махæй алкæуыл дæр бандæвта æвзæрæрдæм. Фæлæ мæнмæ гæсгæ, уый æппæты тынгдæр бандæвта, рынчын адæмимæ сæрмагондæй чи куыста, ома, медицинæйы фадыджы кусджытыл. Дæс азы дæргъы алы-гъуызон рынчынтæ дæр федтон, фæлæ ковидæй рынчынтæн нæй абарæн, ныры онг цы æнгæс низтæ уыд, уыдонимæ». Афæдзы райдианы низ апарахат ис Уæрæсейы, тæссаг уыд махæн дæр, фæлæ нæ паддзахады арæнтæ уыдысты æхгæд, чи-иу сыл рахызтис, уыдон та дыууæ къуырийы дæргъы хъуамæ уыдаиккой карантины. РММЦ-йы медперсонал бадзырдмæ гæсгæ  радгай куыстой карантины уæвæг æмбæстæгтимæ. Уым цалдæр хатты бакуыста Ингæ дæр. «Уыцы рæстæджы кæд адæм уыдысты тыхст, уæддæр не ‘хсæн рынчынтæ уадиссаг нæ уыд. Мах уыд ныфс, тæссаг низ мах онг кæй не ‘рхæццæ  уыдзæнис, фæлæ…». Фæлæ æрхæццæ, фыццаг хатт дард Китайы чи фæзынд, уыцы æгъатыр низ, космикон тагъдадæй апарахат ис нæ республикæйы æмæ ахаста дæсгай адæймæгты цард. «Куыдфæстагмæ, махæй алчи дæр æмбæрста, COVID-19  æнæ-мæгæй кæй æрхæццæ уыдзæнис махмæ дæр. Йæ ныхмæ тох кæнынæн цы хъуыд, уый бацæттæ кодта нæ министрад дæр, фæлæ ахæм тагъдадæй апарахат уыдзæн, уый æнхъæл ничи уыд æмæ сусæггаг нæу, кæй фæтыхстыстæм». Ингæ куы базыдта, «сырх зонæ»-мæ хъуамæ ацæуа кусынмæ, уæд ма цин дæр бакодта. Арф æнкъараг чызджы зæрдæ  рыстис коронавирусæй рынчынтыл, фæндыдис æй исты сын  балæггад кæнын æмæ йын ныр уыцы фадат фæцис. Мадинæйау Ингæ дæр цалдæр сменæйы бакуыста «сырх зонæ»-йы. «Сырх зонæ»-мæ бахизгæйæ, интенсивон терапийы цы уæззау рынчынтæ уыд, уыдоны уавæр мæ цæстыты разæй, мæ хъуыдыкæнынадæй никуы фесæфдзæн. Уымæй размæ телеуынынады дунейы коронавирусæй рынчынты  кæнæ сæрмагонд дарæсы медкусджыты куы уыдтон, уæд мæм афтæ кастис, уыдæттæй махæн тас нæу, фæлæ сæ ныр та уыдтон мæхи цæстæй, мæ райгуырæн бæстæйы, ме ‘ввахс ирон адæмы тыхстдзинад…». Ингæ, фæллад не ‘нкъаргæйæ, бакуыста «сырх зонæ»-йы æмæ цæсгомджынæй сæххæст кодта йе ‘мбæстæгты раз йæ ахсджиаг хæс. Цалдæр боны размæ та Ингæ ногæй æрвыст æрцыд «сырх зонæ»-мæ: «Бирæ хицæндзинад уыд, фыццаг хатт куы уыдтæн зонæйы, æмæ – нырæн. Уæд рынчынтæ уыдысты тынг бирæ, сæ фылдæр уыдысты уæззау уавæры æмæ ма сын сæ уавæрыл æвзæрырдæм æндæвта тас. Ныр рынчынты нымæц бæрæг фæкъаддæр. Чи ма дзы ис, уыдон дæр сты рогдæр рынчынтæ, нæй сын паникæ æмæ тасы æнкъарæнтæ, афтæмæй та низы ныхмæ тох кæнын у бирæ æнцондæр». Ингæ ма куыд загъта, афтæмæй COVID-19 у тæссаг низ, адæймаджы уæнгты апырх вæййы тагъд рæстæгмæ æмæ бахъыгдары цардæн ахсджиаг органты. Уымæ гæсгæ æнæмæнг хъуыддаг у, фыццаг симптомтæ фæхатгæйæ, æвæстиатæй дохтыртæм бацæуын.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.