Хуссар Ирыстоны Æмбæстæгты хæрзиуæгад æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фадыгмæ хъусдард здахыны фæдыл комитет æрвылбон аразы коронавирус рабæрæг кæныны фæдыл иртасæнтæ. Ацы улæфт бонты цы 192 иртасæнтæ сарæзтой, уыдонæй 78 равдыстой æвæрццаг фæстиуæг.

Бæстæйы сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæ ноджыдæр сиды æмбæстæгтæм, зæгъгæ, ныртæккæйы уавæрты вирус активон кæй у, æмæ уый æмрæнхъ кæй сытынг сты карз респираторон хæцгæ низтæ – грипп æмæ ОРВИ, уымæ гæсгæ цæрджытæ æнæ маскæйæ æхсæнадон бынæттæм ма хъуамæ цæуой. Æмæ кæд бæрæг симптомтæ банкъарой, уæд сæхæдæг ма хос кæной сæхицæн, фæлæ дохтыртæм бадзурой.

НИЗЫ НЫХМÆ ТОХ ЦÆУЫ КЪУАЙСАЙЫ ДÆР

Горæт Къуайсайы рынчындоны ныртæккæ коронавирусæй рынчынты нымæц у 14. Уыдонæй дыууæйæ сты уæззау уавæры. Рынчындоны реанимацион хайад кæй нæй, уымæ гæсгæ ацы уæззау рынчынты знон æрластой  Республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ. Амбулаторон рынчынтæм хæдзармæ цæуынц дохтыртæ, æмæ сын цæуы æмбæлон хос.

Рынчындоны медперсонал æхсæвæй-бонæй лæууынц сæ къахыл. Кæд радгæсад хæссынц, уæддæр ныртæккæйы рæстæджы уавæр хуымæтæг кæй нæу, уымæ гæсгæ æппынæдзух сты сæ куысты уæлхъус. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ бæрæг у ацы рынчынтæн хос кæныны хъуыддаджы медицинон препаратты хъуагдзинад. Ныртæккæ рынчындоны æнæмæнгæй хъæуы ифтонг кæнын туаггуырæй, антибиотиктæй.

Медицинон персоналы хисæрмагонд ба-хъахъхъæнæн фæрæзтæ сты æнæмæнг-хъæуæг. Уымæн æмæ вирусæй рынчынтимæ чи кусы, уыдонæн æнæ ацы сæрмагонд дзаумайæ нæй бар кусын. Рынчындоны сæйраг дохтыр Цхуырбаты Ульянæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ рынчындоны нæ фаг кæны ацы сæрмагонд дзаума .

Тестытæ Къуайсайы рынчындоны аразынц бынаты, фæлæ сæ  уый фæстæ æрхæссынц бæрæг кæнынмæ бирæпрофилон центры лабораторимæ.

Вæййы цаутæ æмæ коронавирусæй рынчынтимæ кусгæйæ фæрынчын вæййынц рынчындоны медперсонал дæр. Ацы фарстæн нын сæйраг дохтыр афтæ радзырдта, зæгъгæ, нæ медицинон хотæ фæрынчын сты, фæлæ рынчындоны нæ.  Иу дзы зианы кæнды фæрынчын, иннæ та фæсаууонмæ ахуыр кæны æмæ сессийы рæстæджы.

Рынчындонæн уыцы фадæттæ нæй, æмæ вирусæй рынчынтæ æмæ æндæр рынчынтæй изоляци уой. Уымæ гæсгæ рынчындоны къухдариуæгады фæндонмæ гæсгæ, уыдон хæдзармæ арвыстой æмæ сæм уырдæм сæ хъус дарынц.

Рынчындоны дохтыры ныхæстæм гæсгæ, практикон æгъдауæй дохтыртæ сæ хæ-дзæрттæм нал цæуынц, æхсæвæй-бонæй сты рынчындоны. Дохтыртæ сты æртæ æмæ не ххæссынц рынчынтыл, уый хыгъд Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад домы, цæмæй уыдонæй иу ныртæккæйы æндыгъд уавæры æрцæуа æмæ куса Республикон бирæпрофилон медицинон центры «сырх зонæйы». Ныртæккæ республикæйæн ацы дæрдтаг зонæйы вирусы рапарахатæй цы уавæр сæвзæрд, уый йæхæдæг домы регионæн алыварсонæй уæлæмхас æххуыс бакæнын. Уымæн æмæ рынчындоны авналæнтæ æмæ фадæттæ уыййас хъомысджын не сты, цæмæй æрмæст йæхи фадæттæй ацы вирусы ныхмæ фæлæууой. Уымæ гæсгæ стыр уæз æрæнцад Къуайсайы горæты рынчындоны медперсоналы уæхсджытыл, æмæ сын нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй цардæн тæссагдзинад чи æвзæрын кæны, уыцы æнæхайыры вирусы ныхмæ тох кæнын сфæразой æмæ алы рынчын дæр уыцы рынчындоны къæсæрæй фæстæмæ йæ хæдзармæ æнæнизæй здæха.

Республикæйы уæззау уавæр кæй рапарахат ацы вирусы аххосæй, уымæ гæсгæ бæстæйы Президент Бибылты Анатолийы бахæсмæ гæсгæ, нæ республикæйы Хъахъхъæнынады министрад бахатыд Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрадмæ, цæмæй цыбыр æмгъуыдмæ нæ бæстæмæ æрæрвитой 150 бынатæн æфсæддон-быдырон госпиталь. 

КЪÆБУЛТЫ М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.