Нæ республикæйы Хъæууон хæдзарады министрады кусджытæ равдыстой хорз хъæппæрис æмæ амæйразмæ Аунеуы уалдзыгæнд хъæбæрхор байтыдтой 170 гектары фæзуатыл. Раст у, ацы культурæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ тыд æрцыд чысыл бафæстиатимæ, фæлæ дзы уæддæр рухс кæны адæймаджы зæрдæ. Цæмæй ноджы хуыздæр сырæза æмæ йæ тыллæгæрзад уа бæркадджын, уый тыххæй йæм ацы бонты бахастой, мæры низтæй чи хъахъхъæны æмæ хъæздыг тыллæгæрзадæн ахъаз чи у, ахæм минералон хъацæн – аммиакон селитрæ. Йæ балхæнынæн сын æхцайы фæрæзтæй баххуыс кодта нæ Хицауад æмæ йæ ласгæ та æркодтой Невинномысскæй. Хъæууон хæдзарады министрады бæрнон кусæг Зæгъойты Батрадз куыд радзырдта, афтæмæй алы гектармæ дæр астæуккаг нымадæй бахастой 150-200 кг æмæ æппæт куыстытæ дæр фесты фондз боны æмгъуыдмæ. Ацы хъуыддаджы фердæхтдзинад равдыстой министрады кусджытæ Мулдарты Игорь, Сагкаты Витали, Андрей Колоба, Гатыгкоты Лаша, Джиоты Алан æмæ æндæртæ. Хуым кæнынтауыны куыстытæ та сæххæст  кодтой Знауыр æмæ Уелиты тракторон бригадæты механизатортæ, ног техникæ «Кировец»-ыл та куыста «Агросервис» -ы директор Сагкаты Витали йæхæдæг.

АВАРИ ИУВАРС ÆРЦЫД

Цхинвал æмæ Знауыры районты хицæн хъæутæм цы донхæры къанау хæццæ кæны, уый стыр ахъаз у хицæн цæрджытæ æмæ æхсæнадон хæдзарадты зæххыты донæй æфсадынæн. Къанауы æмбæлон  куыстмæ хорз хъусдард здахы паддзахадон унитарон куыстуат  «Мелиораци»-йы разамынад (йæ хистæр Хуыгаты Владимир). Æрæджы дæр та Убиаты хъæуы цур къанауы уыд авари æмæ йæм æвæстиатæй ацыдысты кусджытæ. Хъуыддаг уый мидæг уыд, æмæ къанауы трубæ цахæмдæр æбæрæг адæймаджы аххосæй бахъыгдард æмæ дон нал цыд йæ раздæры фæдыл. Æвæстиатæй доны хахх ахицæн кодтой йæ райдианы, цæмæй дзы куыстытæ бакæнынæн уыдаид фадат. Хуыгайы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй куыстытæм рацыдысты коллективы æппæт кусджытæ æд техникæ æмæ къанау сцæттæ. Иууылдæр иузæрдион куыст бакодтой, фæлæ уæддæр банысан кæнын хъæуы æндадзæг Чъулухадзе Вахтъанг æмæ экскаваторыл кусæг Плиты Маиры хъаруджын архайд.

Хуыбиаты Ниикъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.