Рæстæг, цæйау фæзæгъынц, дугъон бæхæй хъауджыдæр нæу. Рацыд 80 азы, Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæдæй. Ахæм хæдзар нæ баззад Ирыстоны, уый йæ иувæрсты кæмæн ахызт æмæ дзы æвыдæй чи баззад, уæззау фыдæвзарæнтæ кæмæн нæ бавзарын кодта, комкоммæ тохы быдыры уыдаид æви фæсчъылдым, уæддæр. Фæлтæртæ ивынц фæлтæрты. Уыцы тугкалæн хæсты цы æрыгон лæппутæ тох кодтой, уыдон абоны æрыгон фæлтæрæн сæ дадаты, сæ дадаты фыдты цъахъхъæн уыдаиккой абон. Фæлæ уыдон мингæйттæй нал æрыздæхтысты сæ Иры уæзæгмæ.

Кæд ацы хæст дардæй дарддæр кæны, уæддæр йæ цæхæрыл чи рацыдысты, уыдоны равдисгæ хъайтардзинад къаддæр нæ кæны. Фæлтæрæй фæлтæрмæ сæ дæттынц æмæ сæ рухс нæмттæ цæрынц сæ зæрдæты. Сæ нæмттæ сын сæнусон кæныны нысанæн бирæ мадзæлттæ уагъд æрцæуы, уæлдайдæр та – ахуырдзау фæсивæды ‘хсæн. Хорз хъуыддаг у, æмæ ахæм мадзæлттæй иуæй-иутæ иумæйаг кæй вæййынц дыууæ Ирыстонæн.

Ахæм мадзал ауагъта Цæгат Ирыстоны журнал «Ногдзау»-ы редакци дæр. Уый расидт республикон конкурс «Ничи ферох, ницы ферох», кæцыйы хайад райстой райдиан кълæсты ахуырдзаутæ, куыд Цæгат, афтæ Хуссар Ирыстонæй дæр. Конкурсы хайад чи райста, уый уыд нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайы 2-аг къласы ахуыргæнинаг Хъæцмæзты Аланæ. Æмæ бацахста дыккаг бынат. Аланæ кæд нырма чысыл чызг у, æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты йе ‘ввахс хиуæттæй гæнæн нæ уыд æмæ исчи хайад истаид, уæддæр сæрыстыр у йæ дадайы фыдыфсымæр Хъæцмæзты Захары фырт Исидорæй.

Аланæ йæхæдæг горæты цæры, фæлæ хæсты дуджы йæ дадайы бинонтæ Знауыры районы Дзагъинайы хъæуы цардысты. Уым цардис Исидор дæр. Бирæ рæсугъд фæндтæ уыд æрыгон лæппумæ. Уыдис коммунистон партийы уæнг. 1939 азы йæм æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм службæ кæнынмæ. Хæст дæр æй æрæййæфта, службæ кæнгæйæ. Хорз хæстон цæттæдзинад æм кæй уыдис, уымæ гæсгæ нысан æрцыд æфсæддон дæлхайы командирæй. Райдианы Исидорæй арæх истой фыстæджытæ. Мысыдис йæ ныййарджыты, йе ‘ввахс хиуæтты, йæ хъæубæсты. Æмбæрста, Исидор знаджы нæмыг адæймагæн тæригъæд кæй нæ кæны, æмæ-иу хæст куы сцырын, уæд йæхи афæдзæхста Ирыстоны зæдтæ æмæ дауджытыл, цæмæй æнæфыдбылызæй аивæрзой, канд йæхæдæг нæ, фæлæ йæ хæстон æмбæлттæ дæр. мÆвзонг командир канд йæ хæстон архайдтытæй нæ уыд цæвиттойнаг йæ дæлхайы  æфсæддонтæн, фæлæ сæ дисы æфтыдта йе ‘гъдау æмæ йæ ныфсхастдзинадæй. Аулæфыны фадат-иу сын куы уыдис, уæд та-иу йæ хъæлдзæг ныхасæй ныфс æвæрдта йе ‘мхæс-тонтæн. Ахæм рæстæджы-иу йæхи арæх айста хибар бынатмæ  фыстæг фыссынмæ æмæ бинонтæ зыдтой, кæм æмæ куыд тох кæны.

1942 азы бинонтæ Исидорæй райстой фæстаг фыстæг Керчæй. Уыдон дарддæр æнæрхъæцæй æрвылбон дæр æнхъæлмæ кастысты фыстæгмæ. Фæлæ нæй, ницыуал бæрæг дзы хъуыст æмæ бинонтæ бонæй бонмæ зæрдæдзæф кодтой. Фесæфт æбæрæгæй Исидор. Æмæ бинонтæ катай кодтой. Сæхæдæг æм бæргæ фыстой фыстæджытæ, фæлæ сын дзуаппгæнæг нæ уыд.

Хæст фæцис, здæхтысты, Дзагъинайы фæсивæдæй хæстмæ чи фæцыдис æмæ сæрæгасæй чи баззадысты, уыцы хæстон лæппутæ. Æнцад нæ бадтысты Исидоры бинонтæ. Агуырдтой сæ хæстон бæлццоны. Фыстой алы рæттæм, фæлæ нал райхъуыст йæ кой. Йæ ныййарджытæ æмæ йæм йе ‘фсымæр сæ царды кæронмæ æнхъæлмæ кастысты. Йæ фæстаг фыстæг ын зынаргъ хæзнайау  æфснайдæй дардтой. Бакастысты-иу æй æрвылбон дæр æмæ сыл уый уæддæр ныфсы базыртæ сагъта…

«Мæнæ гъе, райстон мæ къухмæ фыссæн сис æмæ уæм дардæй хæстæгмæ мæ къух дæттын, цыма уæ цуры дæн, афтæ. Мæ къух дæттын Шакро æмæ Дедамæ дæр. Фæнды мæ, цæмæй сымах, уе ‘ппæт дæр уат æнæниз æмæ уын Хуыцау æххуысгæнæг уæд!

Уæ уындмæ бæллын… Уæ фырт – Хъæцмæзты Исидор», – уый йæ фыстæг у.

Æппæт уыдæттæ Хъæцмæзты Аланæ афтæ аив дзырдта æмæ йæм хъусынтыл фесты конкурсы хайадисджытæ се ‘ппæт дæр. Разыйæ баззадысты жюрийы уæнгтæ дæр Аланæйы раныхас æмæ арæхстдзинадæй æмæ йын скодтой æмбæлон аргъ. Саккаг ын кодтой дыккаг бынат. Ногдзауы редакци йæ схорзæхджын кодта грамотæ æмæ 3 мин сомы æхцайы премийæ.

Аланæ уымæй скад кодта  канд йæхицæн нæ, фæлæ, цы скъолайы ахуыр кæны, уымæн æмæ йæ ахуыргæнджытæн дæр.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ Аланæ  канд йæ ахуырæй нæ, фæлæ йе ‘гъдауæй дæр цæвиттойнаг у йе ‘мбæлттæн. Æмæ йын нæ цæст уарзы ноджы стырдæр æнтыстытæ ахуыры.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.