Хъæууон фæллойгæнæджы æдзухон куыстытæ, йæ зындзинæдтæ чысылæй фæстæмæ уыдта ацы æвзонг адæймаг, фæлæ сæ тæрсгæ никуы кодта. Уый нæ, фæлæ цы куыстытыл цыд йæ бон, уыдоныл йæ къух никуы иста æмæ æдзухдæр æххуыс кодта йæ ныййарджытæн, ахуыр сыл кодта æмæ сын сæ цæвиттойнаг  куыст æмæ фæллой йæ зæрдæмæ иста хæстæг. Уыцы æвæрццаг миниуджытæ та йын фæстæдæр фæахъаз сты йæхи сæрмагонд царды.

Хъæууон фæллойгæнæджы æрвылбонон аудинæгтæ та дзæвгар сты, иуыл дæр дзы къух сисæн нæй, уымæн æмæ сæ иу иннæмæн ахъаз у хисæрмагонд хæдзарад сæндидзын æмæ рæзын кæнынæн. Йæ куыстуарзаг ныййарджыты хорз æмæ раппæлинаг миниуджытæй фæхайджын Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы цæрæг Цхуырбаты Иван дæр. Уый йæ фæллойадон архайд, сæйраджыдæр, сбаста фосдард æмæ зæхгуыстимæ æмæ сыл абоны бон дæр у æнувыд. Къорд азты размæ сырæзт фермерон хæдзарад «Тъбет» æмæ районы хæдзарадты ‘хсæн кæддæриддæр вæййы раззагдæрты рæнхъыты. Цæмæй къухты раппæлинаг фæстиуджытæ æфта, уымæн, фыццаджыдæр, хъæуы хæдзарады разамонæджы иузæрдион æмæ бæрнон ахаст æвдисын. Цхуырбайы фыртыл та зæрдæ нæ худы куыстуарзондзинадæй æмæ йын æнтыстытæ дæр уымæн вæййы.

Ныртæккæ уал хæдзарад йæ тыхтæ здахы фосæн фаг холлæгтæ æрцæттæ кæнынмæ. Уый тыххæй байтыдтой сысджыйы культурæ 30 гектары фæзуатыл æмæ йæ ацы бонты бафснайдтой холлагæн. Раст у, мæгуырау боныгъæдты аххосæй хуым бахъыгдард æмæ уый аххосæй сæ бафснайгæ холлаг бынтон зæрдæйы фæндиаг нæу. Куыддæр йе ‘фснайыны афон æрбалæууыд, афтæ хæдзарады уæнгтæ Цхуырбаты Иван æмæ Бибылты Мэлс рацыдысты æд техникæ æмæ йæ æркарстой цыбыр æмгъуыдмæ. Сцæттæ кодтой 2500 тыхтоны. Хæдзарады сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй сæ фосæн ацы холлаг нæу зымæгваг æмæ ма ноджы æрцæттæ кæндзысты. Хæдзарад 10 гектары та байтыдта хъæбæрхор æмæ йæ кæрдын райдайдзысты, куыддæр йе ‘фснайыны рæстæг æрбалæууа, афтæ.

«Тъбет»-ы хæдзарадæн хорз бæрæггæнæнтæ ис стурвосдарды къабазы дæр. Æдæппæт сæм нымадæуы 75 стуры, уыцы нымæцы хъуццытæ æмæ родтæ сты фæйнæ 20. Фосмæ афæдзы алы рæстæджы дæр зилынц зæрдиагæй æмæ сты хæрзхуыз. Кæддæриддæр сæ бынтæ вæййынц сыгъдæг, сæ бынат у хъарм æмæ райдзаст, æххæст кæнынц зоотехникæйы домæнтæ дæр æмæ уыдæтты фæстиуæгæн рæзы сæ продуктивондзинад. Дуцынæн та пайда кæнынц нырыккон дуцæн техникæйæ.

ДОНХÆРЫ ДОН СÆМ РАЦÆУДЗÆН

Донхæры донæй 20 азæй фылдæр нал пайда кæнынц Знауыры районы Арæнгæрон (раздæры Ионча) хъæуы цæрджытæ. Кæд хъæуы раздæрау бирæ цæрджытæ нал ис, уæддæр ма дзы цы иугай зæхкусджытæ змæлы, уыдоны домæн у, цæмæй сæ зæххытæм хæццæ кæна донхæры дон. Уавæр бахынцыдта нæ республикæйы паддзахадон уни-тарон куыстуат «Мелиораци»- йы разамынад  (йæ директор Хуыгаты Владимир) æмæ ивгъуыд аз æрæвнæлдтой хъæумæ æввахс къанауы арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ æххæст кæнынмæ. Куыстыты иу хай бакæныны фæстæ боныгъæд фæивта мæгуырауæрдæм æмæ сын дарддæр нал уыд кусæн. Куыстуат къанауы арæзтадмæ ногæй бавнæлдта æрæджы æмæ дон рæхджы ацæудзæн хъæуы быдыртæм.

 ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.