Хъæууон фæллойгæнæг цæмæй йæ зæххы фадыгæй хъæздыг тыллæг иса, уый тыххæй æрмæст фаг не сты мæрмæ минералон æмæ органикон хъацæнтæ хæссын, фæлæ ма æнæмæнгхъæуæг у уый сезоны дæргъы донæй æфсадын. Афтæ куы уа, уæд кæддæриддæр йæ фæллойадон архайдæй рухс кæндзæн йæ зæрдæ.

Донхæры егъау ахадындзинад зæрдыл даргæйæ, ивгъуыд æнусы Хуссар Ирыстоны областы уæды разамонджытæ стыр куыст бакодтой Чъехы къанау саразыныл. Ацы хорз фæндоны фарс зæрдиагæй рахæцыдысты æмбæстæгтæ, хъазуатонæй дзы куыстой куыд нæлгоймæгтæ, афтæ сылгоймæгтæ дæр. Къанауы сырæзт стыр ахъаз у, хъæууон фæллойгæнджытæ дзы пайда кæнынц 80 азы æмæ уый фæрцы æхсæнадон æмæ хисæрмагонд хæдзарадты райтынг сты дыргъдæттæ æмæ сæндæтты фæзуæттæ.

Ацы къанауы дæргъ Уелиты хъæуы онг у 26 километры æмæ дзы æрвылаз дæр арæзтадон-сыгъдæггæнæн куыстытæ бакæны Паддзахадон унитарон куыстуат «Мелиораци»-йы коллектив. Ацы азы сезоны райдианы къанауы иу хай æрцыд бынтон мæгуырау уавæрмæ. Уавæримæ базонгæ нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли æмæ бахæс кодта æмбæлон органтæн, цæмæй дзы бакæной арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ. Куыстытæм куыд цæттæ сты, уый базоныны тыххæй бахатыдтæн «Мелиораци»-йы хистæр Хуыгаты Вадиммæ æмæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ хъæууонхæдзарадон культурæтæн æнæмæнгхъæуæг у донхæры дон. Уымæ гæсгæ уавæр бахынцыдтам æмæ уал донхæры дон цæудзæн суанг фæззæджы кæронмæ, цæмæй дзы пайда кæной Цхинвал æмæ Знауыры районты зæхкусджытæ. Фæлæ уыимæ иумæ къанау кæд бынтон аварион уавæрмæ æрцæуа, уæд дон нал рауадздзыстæм æмæ æрæвналдзыстæм куыстытæм. Арæзтадон-цалцæггæнæн куыстыты æрмæг сфæрæз кодтой Цæгат Ирыстоны æмæ сæ бынатмæ æрласдзысты æввахс рæстæджы. Арæзтадыл кусдзысты «Мелиораци»-йы кусджытæ, фæлæ вазыгджын хæстæ та ахицæн кæндзысты æрхонгæ специалисттæ.

                                                              ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.