Советон дуджы фæрныг традицитæй бирæтæ здæхы нæ абоны цардмæ. Куыд зонæм, афтæмæй уæд алы колхоз, совхоз, стæй организацитæ сæ бæрны истой скъолаты, сывæллæтты рæвдауæндæтты æмæ сын æххуыс  кодтой.

Республикæйы бирæ ахуырадон уагдæттæ, стæй рæвдауæндæттæ ис. Уыдонмæ æдзух хъæуы зилын, цалцæг кæнын, æмбæлон уагыл сæ дарын, фæлæ сыл не ‘ххæссы республикæйы бюджет. Ныййарджытæй æхца æмбырд кæныны ныхмæ та карзæй бафæдзæхста республикæйы разамынд.

Уыдæттæ нымайгæйæ, республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав фæсидт бизнесы архайджытæм, фæрæзджын адæймæгтæм, куыстуæттæм, цæмæй дзы алчи дæр йæхимæ райса скъола, рæвдауæндон æмæ сыл йæ арм дара, æххуыс сын кæна, цæмæй ныййарджытæй æххуыс мауал агурой. Ацы фæнды æвварс рахæцыдысты Парламенты депутаттæ дæр.

Хъæууонхæдзарадон кооперативтæ, фермерон хæдзарадтæ, сæрмагонд куыстуæтты хицæуттæ сæ разыдзинад равдыстой æмæ цæттæ сты æххуысмæ. Ныридæгæн Акционерон æхсæнадтæм фидаргонд æрцыд иуæндæс рæвдауæндоны æмæ дæс скъолайы. Уыдонæй фондз йæхимæ райста агрофирмæ “Урсдон”.

Организаторты хъуыдымæ гæсгæ, ацы системæ канд æххуысы тыххæй нæу, фæлæ хорз ахъаз у патриотон æмæ социалон хъомыладæн дæр. Иуæй сæхимæ райсдзысты ацы уагдæтты кæнинаг куыстытæ, иннæмæй сывæллæттæн фадат уыдзæн ахæм адæймæгтимæ хæстæгдæр базонгæ уæвынæн, сæ дæсныйады тыххæй сын бæлвырддæр базонынæн æмæ, сæйрагдæр, уыдонæй цæвиттон исынæн. Уый сын бабæздзæн сæ дарддæры царды дæр.                                                                                 Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.