Афтæ нæ зæгъдзынæн æмæ тынг бирæ сты, Ирыстоны дыууæ хайы баиуы ныхмæ чи у, уыдон… Фæлæ масты фаг сты. Стæй семæ быцæу кæнын дæр дзæгъæлы у. Чидæртæ дзы, иу æхст-иу куы фæцыд, уæд-иу Гуфтайы хиды бын чи смидæг, ахæмтæ дæр сæ фырмагуса æмæ фырæвдæлонæй сæ гуыбынтæ ныхгæ, хъæр кæнынц, махæн, дам, нæ бон у хæдбар паддзахад скъобор кæнын… Куыд? Дæ бæсты дын исчи дæ хæдзар куы хъахъхъæна, дæ бæсты исчи куы куса, исчи дын куы хæрын кæна, уæд… Йæ хæдзары æртæ кæрдзынæй куыд скувын хъæуы, уый чи нæ зоны, кæнæ чи никуы скуывта, уый дæр адæмæн зондамонæг свæййы… Фæлæ ахæмтæ хæдбар паддзахад куыд скъобор кæндзысты, уый æмбисонды диссаг нæу, уæдæ цы хæрæджы дымæг у?!. Уымæй диссагдæр та, уый цахæм хæдбар паддзахад уыдзæн, уый у… Мæгуыры зæрдæ, дам – фынтæй хъал!..

  Хорз у хæдбар паддзахад, йæ мад макуы амæла, гæнæн ын куы уа уæд… Фæлæ мах æрмæст нæ нымæц, нæ географион уавæр æмæ нæ алфæмблайы геополитикæ нæ хъыгдарынц хæдбар паддзахад саразынæн, сæйраг аххосаг нæхи мидæг ис… Йæхи сæрмагонд паддзахад саразынмæ цы адæм тырной, уыдон кæрæдзи ма хъуамæ хæрой, фæлæ иу дзыхъмæ æрæмбырд уой, æруынаффæ кæной, кæрæдзимæ сæ къухтæ радтой, стæй сæ дыстæ басчъил кæной æмæ райдайой паддзахад аразын. Фæлæ махмæ афтæ нæу… Абон иуырдæм куы симай, сом – иннæрдæм, уæд суйтæ цы ныууай, æндæр хорзæй ницы сараздзынæ. Знон Хуыцау кæмæй арæзтой, æмæ сæ алыварс адæмæн сæ цæстытæ кæй тыххæй къахтой, сымах, дам, ын зоны-гуылæй цæмæннæ кувут, зæгъгæ, уый стæй искæй цæстмæ, æндæры зæрдæ алхæныны тыххæй удæгасæй ныгæдтой!  Стæй та – иннæрдæм… Афтæ цæрæн ис? Афтæ цæргæйæ хæдбар паддзахад аразæн ис?..

Адæм цæмæй адæмы уагыл цæрой, сæ разы паддзахадон арæзтады хæс æвæрынхъом уой, уый тыххæй сæйраг тыхджын æмæ æнæниз экономикæ нæу, сæйраг æнæниз æхсæнад у, æхсæнад уал йæхæдæг хъуамæ уа тыхджын æмæ цæрдхъом.  Æхсæнадæн та йæ астæумагъз сфæлдыстадон интеллигенци у. Интеллигенцийæ хъуамæ исой цæвиттон хуымæтæджы адæм, интеллигенци хъуамæ уа фæндагамонæг алкæмæн дæр. Æмæ та ам дæр – зæрдæрыст… Афтæ нæ зæгъын, чи рæдийа, уымæн йæ ных мачи ба-къуырæд, йæ азым ын йæ цæстмæ мачи бадарæд, фæлæ… Ам дæр та нын сæйраг свæййы хисæрмагонд интерес… Фæнды искæй сæрыл рахæц, фæнды искæй ныхмæ раст – кæнæ дын дзы хъуамæ исты пайда уа, кæнæ та искæмæй дæ маст хъуамæ райсай… Уымæй дæр, абон иуырдæм, сом – æндæрырдæм…

Уæдæ уый куыд у, уый?.. Искæй хæрдмæ скæсын ма уадз, фаутæ йыл æвæр, дæлдзиныг æй кæн, къуырмайы, ницымбарæджы статусæй уæлдæр ын дæ цæст макуы мацы бауарзæд, стæй, иугæр ды кæй нæ уарзыс, ахæмтæ дæр ма сты йæ ныхмæ, уæд фæкæс æмæ… Тохы быдыры дæрæнгæнæн машинæ (чидæр, дам, танк иронау афтæ тæлмац кæны) ракæн æмæ йæ сæрыл ныгæрæхтæ кæн, æгæрыстæмæй йын йæ æнæдызæрдыггаг, гомгæрц рæдыдтытæ дæр искæй аххос фæкæн…

Фæлæ алцы лæгъз æвзаджы коммæ нæ кæсы…Профессор австралиаг кенгуруйы, ирон æвзагæн тыхмийы охыл, дзæкъулджын фыс куы схона, уæд æй корректоры аххос фæкæнæн ис? Инæлары бардзырд сержант аивдзæн?..

Ацу æмæ ма фæдис кæн ахæм æнахуыр диссæгтыл!..

Æмæ се мбисонд – сæхи, фæлæ та, куыд æрвылхатт, афтæ уынгæджы бон махыл, газеты редакцийыл æркæны. Скусы та «къæрныхты закъон» – ома, кæд иу адæймагæн, иууылдæр кæй ныхмæ стæм, уыцы «объекты» сæрыл рахæцыны фадат радтат, уæд, давай, мах дæр анцайæм, нæ хæцъæфтæ базмæлын кæнæм æмæ йæ бацæфтæцæфтæ кæнæм. Æмæ стæй куыд? Нырма иуы бауадз, стæй иннæйы, уый фæстæ иннæты-аннæты æмæ афтæ дарддæр. Хæст цас фылдæр ахæсса, уый бæрц иргъæвджытæ дæр æмæ цырынгæнджытæ дæр фылдæр кæнынц. Æмæ та газет ринг фесты æмæ та нæ фæзæрдæцъæх вæййынц нæ кæсджытæ…

Æмæ та сын хъуамæ бар-æнæбары ныллæгъзтæ кæнай:

Ныууадзут нæ нæ мæгуырыл! Ис алыгъуызон зонадон, аивадон советтæ – уым æвзарут уæ хъуыддæгтæ! Ис прокуратурæ, ис тæрхондон – уæ хъæстытæ хæссут уырдæм!

Нæхимæ, нæ кæрæдзимæ ахæм ахаст куы дарæм, кæрæдзийæн нæ хъæндзинæдтæ, сраст сæ кæнæм, уый охыл куынæ дзурæм, фæлæ искæмæн смаст кæныны охыл, уæд цы хуызæн æхсæнад уыдзыстæм?

Уæдæ мæ сæрыл цæмæннæ исчи исты сдзырдта, «Ирыстон – сæрибары фæзуат» куыддæр чи хуынд (æцæг ма уый уыд йæ фæстаг номыр, стæй йæ фыдусы æлгъыст баййæфта), уыцы газеты мыл алы туг æмæ рондзы æвдылд хахуыртæ куы фæфыстой, уæд?

Иу адæймагмæ нæм уыцы-иу рæстæджы ныкомкоммæ вæййынц дыууæрдыгæй. Иутæ – цæмæй йæ фырæппæлдæй Хуыцаумæ сисой, иннæтæ – цæмæй йæ зæххы æмвæз скæной, ныцъист æй кæной. Æмæ уыцы рассæнд-бассæнд тохмæ лыстæг куы ныккæсай, уæд æй нал равзардзынæ, кæм ис æцæгдзинад, кæм ис мæнгдзинад… Фæзыны ма дзы æрмæстдæр хæрæм æмæ зæрдæхудт. Интеллигенцийыл та æндæр хæс ис: хъуамæ тауа рæстдзинад, хъуамæ иуварс кæна, нæ царды размæцыд нын чи хъыгдары, уыцы хъандзинæдтæ. Интеллигенцийы хъуамæ ма вдæла ахæм ницы-мацытæм, уымæн æмæ уæд ахсджиагдæр зæгъи-нæгтæ, æцæгæй рæгъмæхæссинаг хъуыддæгтæ аууоны баззайынц.

Афтæ нæу? Уæд мæ уæ фыдæх уæд, кæд мæнг зæгъын…

Кæд уæ мæ ныхæстæ нæ уырнынц, уæд ма ахъуыды кæнут иу цæуылдæр: ацы алыгъуызон премитæ нæ кæрæдзийæн удхæссæг раджы кæй фестын кодтой, нæ национ удварныл нын чъырын арт кæй бандзæрстой, уый нæ уынут æмæ нæ хатут?.. Уæдæ цы ми кæнут, цæмæннæ зæгъут уæ ныхас?..

Премитæ кæмæн хъæуы дæттын? Чи курдиатджындæр у, уымæн, ирон аив дзырд, ирон аивадæн чи хуыздæр лæггад кæны, уымæн! Æмæ æцæгæй дæр афтæ у?.. Нæу! Хорз æмæ ма æвзæры кой чи кæны, поэзи хæринаг у æви нуазинаг, уый æмбаргæ дæр чи нæ кæны, æгæрмæгуыр граматикон æгъдауæй дæр бамбарæн кæмæн нæй, ахæм прозаикон «уацмысты» тыххæй дæр дæттæм премитæ, уымæн æмæ та ам дæр – чи кæй уарзы, чи йын пайдадæр у, уыцы принципмæ гæсгæ… Абон ирон сылгоймагтæй поэзимæ бардарджытæй къахыл чи лæууы (Хуыцау алкæй дæр æнæниз æмæ æнæмастæй бирæ фæцæрын кæнæд), удæгас чи у, уыдонæй Косты Лизæйæ курдиатджындæр искæй схонæн ис? Никæмæн. Фæлæ йын преми нæй. Зонгæ дæр æй ничи кæны уадиссаг. Цæмæннæ? Уымæн æмæ уый æцæг курдиатджын поэтессæ у, поэт та поэзи фæлдисы, йæ риу хойгæ уынгты нæ зилы æмæ премитæ нæ домы, уыдæттæм æй не вдæлы. Фæлæ кæдæм кæсы æмæ цæуыл хъуыды кæны æхсæнад, Ирыстоны сфæлдыстадон интеллигенци?

Сомбон нын нæ дзырдаивад чи иртаса, уыдон цы зæгъдзысты? Хуыцауы комытæфæй райгуыргæ курдиатджын поэтессæйæн иу преми дæр нæй, йæ иу поэтикон рæнхъы аргъ дæр чи нæу, ахæмтæ та сæ тагъд зæрдæцъæх дæр фæуыдзысты…

Зæгъгæ, ацы  аз  йæ  95 азы юбилей кæмæн уыд, уыцы газеты – Хуссар Ирыстоны фыццаг авдæн «Хурзæрин»-ы Къостайы премимæ бавдыстой, уæд фыццаг мæхæдæг рацыдаин ныхмæ. Уымæн æмæ цæмæй Къостайы преми райсай, уый тыххæй хъуамæ диссæгтæ саразай, дæ куысты фæстиуæгæй дæ сæр хъуамæ бæрзæндты хæссай, хъуамæ Ирыстоны уæлвæндаг фæкæнай!..

Æниу… Куы нæ фæндыдаид, цæмæй нын нæ газеты Къостайы премимæ бавдыстаиккой, уæд… бавдæлдаиккам æмæ фараст мæйы дæргъы иу номыр йедтæмæ нæ рауагътаиккам…

Уый та уын æнæниз æхсæнады рæстдзинад æмæ адæймагон  позици, хæдбар паддзахад аразджытæ!..

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.