ЦИПУ -йы ирон филологийы факультетыл сæххæст 95 азы

Ацы бонты йæ 95 азы юбилей бæрæг кæны Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон филологийы факультет. Ирон фарны артдзæст йæ куырыхон кары бацыд. Йæ дæргъвæтин цард-вæндагыл ын нæ цæст куы ахæссæм, уæд дзы зæрдæ цæмæй нæ барухс уа, ахæм ницы ис. Факультет арф æмæ фæрнджын фæд ныууагъта Ирыстоны царды.

14 -æм майы ЦИПУ-йы культурæйы галуаны кад æмæ радимæ йæ юбилей сбæрæг кодта факультет. Бæрæгбонмæ æрбацыдысты канд республикæйы цæрджытæ, университеты кусджытæ, раздæры æмæ ныры студенттæ нæ, фæлæ стыр делегацитæ Хуссар Ирыстон, стæй Абхаз æмæ Кæсæг-Балхъарæй.

Фыццагдæр, ирон филологийы факультетæн арфæ ракодта республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Уый цыбыртæй радзырдта ирон артдзæсты истори æмæ ахадындзинады тыххæй:

“Ирон факультет нæ царды куыд ахсджиаг у, ууыл бирæ дзурæн ис. Культурæ æмæ ирондзинады ацы артдзæст бирæ балæггад кодта Ирыстонæн. Факультеты куыстой стыр ахуыргæндтæ Æлборты Барысби, Гæдиаты Цомахъ, Нигер, Туаты Ольгæ,  Багаты Никъала, Джусойты Нафи, Джыгкайты Шамил æмæ бирæ æндæртæ. Уыдон фæлтæрæй-фæлтæрмæ лæвæрдтой сæ зонындзинæдтæ æмæ сын абоны онг дæр пайда кæнынц сæ куыстытæй.

Факультетæй рацыд бирæ зынгæ адæм, кæцытæ абон стыр лæггад к-нынц ирон дзырдаивадæн, мадæлон æвзаг уарзын кæнынц скъолаты сывæллæттæн, хъомыл кæнынц фидæны специалисттæ. Кæд ирон æвзаджы уавæр абон бæллиццаг нæу, уæддæр ирон факультет абитуренттæй нæ цух кæны. Нæ мадæлон æвзаджы фидæн бирæ аразгæ у ацы факультетæй дæр æмæ йæ рæзтыл архайын у махæй алкæй хæс дæр”.

Республикæйы Сæргълæууæг ма радзырдта мадæлон æвзаджы тыххæй цавæр мадзæлттæ арæзт цæуы, æвзаджы фæдыл ног къамис арæзт куыд æр-цыд, йæ сæргъ йæхæдæг афтæмæй.

Уый фæстæ Битарты Вячеслав Ирыстоны уæлдæр хæрзиуæг “Во Славу Осетии” радта, Ирыстоны стыр хæлар, Къостайы “Ирон фæндыр” абхазаг æвзагмæ чи ратæлмац кодта, уыцы абхазаг поэт Геннадий Аламиайæн æмæ ахуыргонд, журналист, ирон факультеты декан Хозиты Барисæн.

Республикæйы Сæргълæууæг ма кадджын ном “Зонæдты сгуыхт архайæг”-ы кадджын нæмттæ радта ахуыр-гæндтæ Дзодзыккаты Зæидæ æмæ Цопанаты Ритæйæн, “Ахуырады сгуыхт кусæг”-ы ном райстой Гуæздæрты Азæ, Челæхсаты Людмилæ æмæ Куыдзойты Анжелæ. Кады грамотæтæй та хорзæхджын æрцыдысты факультеты цал-дæр кусæджы.

Факультеты кусджытæн ма сæ юбилейы фæдыл арфæ ракодтой æмæ сын зæрдылдарæн лæвæрттæ, стæй Кады грамотæтæ радтой, Национ ахастдзинæдты фæдыл министр Цуциты Аслан, Ахуырады министр Ирина Азимова, Зо-надон центры номæй Цыбырты Алексей, Парламенты номæй Гутнаты Аслæнбег.

Хуссар Ирыстоны разамынды æмæ цæрджыты номæй факультеты кусджытæн арфæ ракодтой æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ радтой республикæйы Зонад æмæ ахуырады министры хæдивæг Гаглойты Элиса (уый бакаст министр Гасситы Наталийы ар-фæйы фыстæг) æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректоры хæдивæг, уырыссаг æвзаджы кафедрæйы сæргълæууæг Тедеты Зæлинæ. Тедеты чызг ма куыд банысан кодта, афтæмæй факультеты цалдæр кусæгæн цæттæ сты Хуссар Ирыстоны хæрзиуджытæ, фæлæ сæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли йæхæдæг схорзæхджын кæндзæн фæстæдæр.

Факультетæн ма йæ юбилейы фæдыл зæрдиаг арфæтæ ракодтой ЦИПУ-йы Президент Мæхæмæтты Ахуырбег, йæ ректор Огъуаты Алан, аграрон университеты ректор Темыраты Виктор, Мыхуыр æмæ коммуникациы комитеты сæрдар Фидараты Юри, 13-æм скъолайы директор Сæлбиты Иринæ, квалификаци бæрзонддæргæнæн æмæ педагогон институтты минæвæрттæ æмæ бирæ æндæртæ.

Факультет йæхæдæг дæр бацæттæ кодта æмæ радта Кады грамотæтæ йæ рауагъдонтæй Ирыстонæн кад æмæ намыс чи скодта, уыдонæн: “Рæстдзинад”-ы сæйраг редактор Битарты Маринæйæн, мыхуыр æмæ коммуникацийы комитеты сæрдар Фидараты Юрийæн, 13-æм скъолайы директор Сæлбиты Ирæйæн, ахуыргонд Санаты Ритæйæн æмæ æндæртæн.

Ирон филологийы факультеты истори йæ сырæзтæй абоны онг, йæ лыг-гæнинаг фарстатæ, йе ‘нтыстытæ, сæ фидæны плæнттæ бæрæгбоны архайджытæ федтой сценæйыл æвæрд экраныл цы документалон киноныв равдыстой, уым.

Бæрæгбон сæ аивадæй срæсугъд кодтой ЦИПУ-йы хореографион ан-самбль “Ирыстон”, Гæздæнты Булаты национ оркестр, Дзанайты Ольгæйы нæлгоймаг зарæггæнджыты къорд, Чельдыты Вадим, Фидараты Тамарæ æмæ æндæртæ.

Абон нæ цард, не ‘взаджы уавæр кæд зын раны сты, уæддæр ирон факультет, бирæ цæлхдурты сæрты ра-хизгæйæ, абон дæр ныфсджынæй цæуы размæ, йæ кафедрæтæ кæнынц фылдæр, ирон фæсивæды æргом здахынц нæ мадæлон æвзагмæ, кусынц фæсарæнты цæрæг ирон фæсивæдимæ æмæ сын æнтысгæ дæр кæны. Уыцы хорз традицитæй сæ фылдæрæн йæ рæстæджы бын сæвæрдта йæ раздæры декан, дзæнæты бадинаг Джыгкайты Шамил, абон сæ æнтыстджынæй дарддæр кæны Хозиты Барис. Арфæйаг уæд ирон æвзаджы куырдадз.

ДЖУСОЙТЫ Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.