Цæгат Ирыстоны райдыдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæлахизыл 75 азы æххæст кæныны бæрæгбонмæ цæттæ кæныны мадзæлттæ. Цы уавæры сты хæстон цыртдзæвæнтæ æмæ цы саразын хъæуы, уый базоныны тыххæй арæзт æрцыд сæрмагонд рейд. Йе сконды уыдысты Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы Сæргълæууæг Фæрниаты Тамерлан, йæ хæдивджытæ Кцойты Алан æмæ Бæройты Хасан, стæй æндæр бæрнон адæймæгтæ.

 Фыццаджыдæр бабæрæг кодтой Намысы аллея. Уым ныртæккæ куыст цæуы Плиты Иссæйы ингæн банывыл кæныныл, ивынц ын йæ плиткæ. Йæ фарсмæ хъуамæ æвæрд æрцæуа æвзист къулба-рельеф. Къулы уæлæ бæхджын æфсады ныв.

Дарддæр рейд бабæрæг кодта Уæлахизы фæзы композици, таурæгъон советон танк “Т-34”. Уым дæр разынд æнæмæнг бакæнинаг куыстытæ.

Бирæ фæндтæ ис республикæйы разамынды зæрды Барбашовы фæз сног кæныны тыххæй дæр. Ивгъуыд аз хæсты ветерантимæ иумæ арæзт æрцыд фæз сног кæныны фæдыл проект. Проектмæ гæсгæ, уый хъуамæ дзæвгар ауæрæх кæной æмæ дзы сагъд æрцæуа урс бæрзы талатæ  – Уæлахизы символ. Комплексы алфæмблай æвæрд æрцæудзæн сæрмагонд æвзист къул Советон Цæдисы Хъæбатырты, стæй Кавказ знагæй ссæрибары тохты архайджыты тыххæй информаци æмæ къамтимæ.

Уæлахизы 75 бæрæгбонмæ бацæттæ кæныны тыххæй нырма бирæ мадзæлттæ арæзт æрцæудзæн. Хæстон Намысы горæт Дзæуджыхъæуы дарддæр арæзт цæудзысты рейдтæ хæстон намысы цыртдзæвæнтæ саив æмæ реставраци скæныны, стæй хæстонты ингæнтæм ба-зилыны тыххæй. Рохуаты мачи æмæ мацы хъуамæ баззайа. Æппæт куыстытæ дæр хъуамæ фæуой фыццæгæм маймæ.

                                                                                        Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.