Уæрæсейы Президент Владимир Путин, Уæлахизы 75 азы юбилейы цытæн бафыста ног барамынд. Баст у, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантимæ, йе ‘нæниздзинад хъыгдард кæмæн у æмæ ма ахæм категоримæ чи хауы, уыдонимæ.

Иу хаттæн сын бафиддзысты 75 мин сомы. Хæсты рæстæджы кусгæ чи кодта, уыдонæн та – 50 мин сомы. Уый тыххæй сæрмагонд барамынд ис Кремлы официалон сайты. Уымæ гæсгæ, æмбæлгæ фиддонтæ фыст æрцæудзысты ацы аз апрелæй маймæ. Уый хауы, Уæрæсейы Федерацийы æппынæдзух чи цæры, уыдонмæ, стæй Латви, Литва æмæ Эстонийы республикæты цæрæг ветерантæм. Уымæй уæлдай ма æхцайы фæрæзтæ райсдзысты, кусынхъом чи нæу, ахæм адæймæгтæ: уыдонмæ хауынц концлагерь æмæ, Стыр Фыдыбæстæйон  хæсты рæстæджы фашисттæ се ‘мцæдисонтимæ тыхбахастæй адæмы кæм дардтой, уыцы бынæтты чи фæци, ахæмтæ. Барамынд ма хауы, Финляндийы, Японы хæсты æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы идæдзæй цы хæстонты бинойнæгтæ баззад, уыдонмæ. 50 мин сомы та бафиддзысты, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы тохы фæсчъылдым 6 мæйæ фылдæр чи куыста, уыдонæн. Уыйбæрц ма бафиддзысты, хæсты рæстæджы æнахъом карæй ахæстоны æмæ нацистон концлагерты чи фæци, уыдонæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.