Хъазт, нæртон фынгты равæрдæй, цытджын уазджытæй, хъæлдзæг худт æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ фыдæлтæ стыр кад цæмæн кодтой, уыцы бæхты дугътæй кæддæриддæр фидауы бæрæгбон. Фæстаг рæстæджыты ахæм дзыллон дугътæ уагъд цæуынц фыццаг хатт æмæ чи фæуæлахиз уа, уыдон райсдзысты президентон хорзæхтæ.

25-æм августы стыр бæрæгбоны цытæн сæрмагондæй организацигонд бæхты дугъ уагъд цыдис, «Хурзæрин»-ы районы сæрмæ цы сæрибар фæндаг цæуы, уым. Уырдыгæй бæхтæ лыгъдысты Присы хъæуы сæрмæ сагъд тырысайы онг.

Бæхты дугъты хайад райсынмæ развæлгъау сæхи бавдыстой 17 гъæйтмардзæ барæджы. Президенты сæйраг приз райсынмæ йæ ныфс бахаста не ‘мзæххон æрыгон чызг Остъаты Александрæ дæр – иунæг сылгоймаг-архайæг бæрæгбонон дугъты, йæ бæх Грейимæ.

Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы бæхты дугъты хайад исынц бынæттон бæхтæ æмæ республикæйæн æдтейæ мадзалмæ сæрмагондæй кæй æркодтой, ахæмтæ дæр.

Бæхты дугътæ – стыр бæрæгбоны цытæн

Бæхты дугъты дæрддзæг уыдис æртæ километры. Ерыстæ райдыдтой рæсугъдæй. Æппæт хайадисджытæ дæр ирон тырысатæ бæрзонд сисгæйæ, иумæ рацыдысты фæрсæй-фæрстæм. Уый фæстæ барджытæ сæ хъару æвзæрстой бæрæгбонон дугъты.

Дугъты уæлахиздзауты дæр схорзæхджын кодтой æхцайы премитæй.

                УАЗÆГТЫ Марфæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.