Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыны боныл 15 азы кæй æххæст кæны, уый цытæн Знауыры районы 23-æм августы байгом ис традицион ирон къæбицы равдыст. Уымæй дарддæр ма районы сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны кусджытæ сæ ахуыргæнинæгтимæ тæрхджытыл æмæ мольберттыл равæрдтой сæ диссаджы куыстытæ. Равдысты экспозицийы фидауц уыдысты бисерæй æмæ хуызджын æндæхтæй хуыд, ахорæнтæ æмæ пластелинтæй конд нывтæ. Æрыгон автортæ сæ куыстыты равдыстой райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад æмæ сæ сыгъдæг зæрдæты бæллицтæ.

Знауыры районы администрацийы культурæйы хайады гæс Икъаты Маринæ нын куыд радзырдта, афтæмæй стыр æхсызгонæй сæхи бацæттæ кодтой бæрæгбонмæ. «Ирон къæбицы равдысты хайад исынц нæ районы æппæт хъæууон администрацитæ дæр. Се ‘ппæт дæр зæрдиагæй бацархайдтой, цæмæй сæ фынгтæ бæркадджын, хæрзад æмæ аив рауайой, уымæн æмæ расидтыстæм конкурс. Къуырисæрмæ жюрийы уæнгтæ сбæрæг кæндзысты ирон къæбицы уæлахиздзауты. Фыццаг бынат чи бацахса, уыдон фæуыдзæн 30 мин сомы бæрц. Дыккаг бынатæн та радтдзыстæм 15 мин сомы æмæ æртыккагæн та – 10 мины. Бацæттæ ма кодтам цымыдисон концерт æрыгон режиссер Хъотайты Сæрмæты къухдариуæгадæй. Хайад дзы райсдзысты куыд нæ районы, афтæ горæт æмæ Дзауы районы зарæггæнджытæ æмæ сфæлдыстадон къордтæ», – банысан кодта уый.

Этнографион бæрæгбонмæ фæуазæг сты Республикæ Хуссар Ирыстоны Пар-ламенты сæрдар Æлборты Алан, депутат Бесаты Зитæ, РХИ-йы Президенты æх-хуысгæнæг Гаглойты Николай æмæ Хицауады æндæр бæрнон кусджытæ.

Бæрæгбонон ирон къæбицы равдыстмæ районы хъæутæ æрбахастой бæркадджын æмæ хæрзад ирон фæлхас. Алы хъæуы фынг дæр уыдис йæхирдыгонау аив фæлыст. Рæдау æмæ хъæз-дыг фысымтæй сæхи æвдыстой се ‘ппæт дæр. Алкæцы фысымтæ дæр ирон æгъдаумæ гæсгæ æртæ уæливых, æртæ фæрск æмæ дзаггарзимæ æмбæлдысты сæ уазджытыл. Уыдоныл радыгай зылдысты уазджытæ æмæ-иу  ацаходыдтой дзадджын фынгæй национ хæринæгтæй алкæцыйæ дæр.

Уазджытæ цы диссаджы хъæздыг, хæрзад æмæ цымыдисон къæбицтæн уыдысты æвдисæн, уыдоныл стыр æхсызгонæй архайдтой æмæ сæ бацæттæ кодтой хъæуты администрациты кусджытæ. Уый тыххæй Æлборты Алан дæр банысан кодта, зæгъгæ, ахæм традицион къæбицты æмæ хъæлдзæг зæрдæйы равгы руаджы адæймаг хуыздæр банкъары бæрæгбон. Республикæ хъæутæй кæй фидауы æмæ йæ бæркад кæй сты, уый дæр банысан кодта Парламенты Сæрдар æмæ арфæ ракодта фысымтæн 26-æм августы бæрæгбоны сæраппонд æмæ сын йæ цæст бауарзта, алыхатт дæр ахæм хъæздыг æмæ дзаджджын фынгтæ сæ хæдзæртты цы æвæрой, сæ цардæй та сæ зæрдæтæ цы рухс кæной, уый.

Хъорнисы хъæуы къæбицы фысымтæ дæр тынг хорз бацæттæ кодтой сæхи бæрæгбонмæ. Уыдон сæ фынг афтæ рæсугъд равæрдтой, афтæ хъæздыг æмæ сын бæркадджын уыдис æмæ йæм адæм кæсынæй не ‘фсæстысты, уазджытæн-иу мидбылхудгæйæ сæ къухтæм авæрдтой хæринæгтæ æмæ нуазинæгтæ. Сæ фынгыл иннæтæй уæлдай уыдон равæрдтой æндæр æмæ æндæр хуызы нуазинæгтæ, фылдæр нæхи ирон бæгæны, сырх æмæ урс сæн, арахъхъ, къуымæл, мисын. Сæ алыварс та тæбæгътыл аив æвæрд уыдысты сæ цæхæрадæтты цыдæриддæр дыргътæ æмæ халсартæ æрзадис, уыдонæй, афтæ ма хиконд хъæууон традицион хæринæгтæ, фыдызгъæл, дзыкка, хъæдур, задын, нартхоры дзул, къæлуа, мыд æмæ бирæ æндæр ахæмтæ.

Бæрæгбонон ирон къæбиц – Знауыры

Ирон къæбицы равдысты фæстæ та уазджытæ атындзыдтой бæрæгбонон концертмæ.

Бæрæгбоны хъæлдзæг нывтæй радис адæймаджы зæрдæ, уымæн æмæ хъæууон цард, хъæуты бæркадджын фæлхас зæрдæтæм хъармдзинад æмæ æхцондзинад хæссынц, æмткæй та хорзырдæм ивынц республикæйы цард. Уадз æмæ нæ ирон хъæуты кæддæриддæр уæнт фарн, бæркад æмæ амонд!

Цхуырбаты лариса

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.