Хуссар Ирыстоны хъæды хæдзарады управленийæн цы таладон ис, уым хъомыл кæнынц ахæм бæласы мыггæгтæ: нæзы, æнгуз, кæрз, тулдз æмæ сусхъæды талатæ. Ацы аз уалдзæджы райдианы ацы хæдзарады управлени горæт æмæ районты административон уагдæттыл байуæрста мин талабæласæй фылдæр. Уыдон сагъд æрцыдысты ахуырадон уагдæтты кæртыты, уынгты. Горæты уынгты цы бæлæстæ уыд, уыдонæй чи базæронд, стæй зæххыбын коммуникацитæ ивыны рæстæджы сæ уидæгтæ хъыгдард кæмæн æрцыдысты, уыдон бынæтты сагъд æрцыд ног талатæ. Нæхи таладоны уыйбæрц бæлæстæ нæ уыд æмæ сын сæ иу хай æрластой Цæгат Ирыстоны хъæды хæдзарадæй. 3 мины бæрц назбæлæстæ сагъд æрцыд фæндаджы фæрсты лæбырынæй тæссаг бынæтты.

Ацы бонты та Цхинвал-Ленингоры трассæйыл садзынц канадæйаг тулдзбæлæстæ. «Фондз мин сырх тулдз тала сагъд æрцæудзæнис Ленингормæ цæуæг фæндаджы дæлбылтыл. Уыдон ласт æрцыдысты Цæгат Ирыстонæй. Талатæ садзынц нæхи хъæды хæдзарады кусджытæ. Цæгаттаг коллегæтимæ нын иттæг хорз ахастытæ ис. Фарон нын уыдон лæвар радтой иу мин талайы, ацы аз та сырх   тулдзы талатæ бакодтам æлхæнгæ», – зæгъы Хъæды хæдзарады хистæры хæдивæг Къæбулты Инал.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй цалдæр азы размæ дæр уыдон æрластой сырх тулдзы талатæ, фæлæ бахус сты. Ныр Цæгат Ирыстоны таладоны кусджытæ хуыздæр уавæртæ сарæзтой талатæн, хъомыл кæнын сæ райдыдтой æндæр климатон уавæрты æмæ ныфс æвæрынц, талатæ кæй нал бахус уыдзысты, уымæй. Сырх, канадæйаг тулдз æгас дунейыл нымад цæуы рæсугъддæр бæлæстæй иуыл. Æмæ цалдæр азы фæстæ уыдон куы байрæзой, уæд бæлццæттæ трассæйыл цæугæйæ æвзардзысты æхцондзинад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.