Куыд зонæм, афтæмæй 2021 азы Инвестицион программæмæ хаст æрцыдысты нæ горæты 7 уынджы – Плехановы, Санахъойы фырты, Сабырдзинады,  Едысы, Саулохы фырты, Нарты уынджы кæронæй Плиты Ароны уынгмæ æмæ Путины уынджы кæронæй Хеитмæ. Уыдоныл абон куыст цæуы интенсивонæй. Куыстыты алы этапы фæстæ дæр подрядонтæ Арæзтад æмæ архитектурæйы министрадмæ бавдисынц бакæнгæ куыстыты фæдыл акттæ. Æрмæстдæр уый фæстæ райсынц ноджы æхцайы фæрæзтæ дарддæры куыстытæн. Афтæмæй контроль цæуы æхцайы фæрæзтæ нысанмæздæхтæй хардз кæныныл дæр æмæ арæзтадон куыстыты гъæдыл дæр.

 

Ныртæккæ ацы уынгтыл раивтой зæххыбыны коммуникацитæ. Раивтой ма, цæрджыты хæдзæрттæм цы электроны хæххытæ цыд, уыдоны дæр. Иудзырдæй, кæронмæ бахæццæ сты æппæт зæххыбын хæрзарæзтадон куыстытæ. Асфальт кæныны размæ цы куыстытæ конд хъуамæ æрцæуа – зæххы уæлцъар сисын æмæ  йыл уый фæстæ хуыр ныккалынмæ та æрæвнæлдта «Дорэкспострой».

«Куыддæр уыцы куыстытæ фæуой, афтæ та æрæвæналдзыстæм асфальты фыццаг цъар сæвæрынмæ. «Водоканал» æмæ газы арæзтады кусджытæ куыд загътой, афтæмæй не ‘мбæлдысты цæрджыты ‘рдыгæй ницахæм проблемæтыл. Доны хæтæлтæ уагъд æрцыдысты схемæмæ гæсгæ. Кусджыты-иу кæд исты æрмæг бахъуыд, бынаты ссарæн кæмæн нæ уыд, ахæм, уæд та-иу æй самал кодтой республикæйæн æддейæ. Нæ сын уыд техникæимæ проблемæтæ, дыууæ куыстуат дæр хорз ифтонг сты сæрмагонд техникæйæ. Уый фæстиуæгæн, махмæ куыст радæдтой графикæй раздæр. Мах дæр фæстæ нæ фæлæудзыстæм, афоныл сæвæрдзыстæм асфальты дыууæ цъар дæр, бордюртæ æмæ ма иннæ бакæнинаг куыстытæ дæр нæ ныддаргъ уыдзысты. Уынгтæ хъуамæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуой æмгъуыдæй раздæр», – дзырдта «Дорэкспострой»-ы директор Мæхъиты Семен.

Ацы аз сæ рагон бæллиц сæххæст Едысы уынджы цæрджытæн. Тынг тыхстысты ацы уынджы адæм, рæстмæ фæндаг сæм кæй нæ уыд. Къæвдайы рæстæджы-иу азмæлæнтæ нал уыд цæрæн хæдзæртты рæзты. Ныр ам дæр уынджы арæзтады фæдыл куыстытæ сты сæ тæмæны. «Нæ уынг арæзт никуы уыдис. Нæхи тыхтæй-иу барастытæ кодтам дзыхъхъытæ, æркалдтам-иу хуыр, фæлæ-иу уый бирæ рæстæг нæ ахаста, уайтагъд-иу къæвда рæстæджыты фехæлдис æмæ дзы къахæй цæуджытæн нæ, фæлæ машинæтæн дæр ахизæнтæ нал уыдис.  Æппынфæстаг, махæн дæр нæ уынг рафидаудзæнис! Къæвдабонты цъыфæй нал тыхсдзыстæм, хурбонты та – рыгæй. Фæндаг аразджытæ дæр сты, сæ куыст чи зоны, ахæмтæ. Архайынц æппæт куыстытæ дæр цæсгомджынæй бакæныныл», – радзырдта нын  Едысы уынджы цæрæг.

Нарты уынг Плиты Ароны уынгимæ кæм баиу уыдзæн,  уыцы фæсфæд уынгыл дæр æвæрд æрцыдысты магистралон канализацион трубæтæ, аразынц дзы ног цъайтæ. Ауагътой дзы газуадзæн ног хæххытæ, цæмæй сæ стæй баиу кæной, 4-æм Æфсæддон базæйы цы казармæтæ æмæ цалдæр корпусы ис, уырдæм. Фæндагарæзтады прораб куыд зæгъы, афтæмæй ацы уынджы доны æмæ газы трубæтæ зæххы бын нæ цыдысты. Уыдон ам арæзт цæуынц фыццаг хатт. Уымæ гæсгæ кусджыты уæлхъус хъæуы æппынæдзух лæууын. Уынджы арæзтадыл ныртæккæ кусы техникæйы 2 иуæджы.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.