Горæты цæгатварс микрорайон «Северный»-мæ хæстæг экопаркæн цы 70 гектары хицæн æрцыд, уым ацы къуыри Хъæды хæдзарады управленийы кусджытæ ныссагътой сыбыраг кедртæ, сыфназ æмæ цъуйы талатæ.

«Хъæды хæдзарадæн ацы талатæ самал кодта экологон организаци «Зеленая Алания». 600 талайæ фылдæр ныссадздзыстæм республикæйы хъæдты, уымæй мах баххæст кæндзыстæм хъæды фонд. Цы талатæ садзæм, уыдонæй бирæтæ схъомыл кодтам нæхи тала хъомылгæнæндоны. Сыфназы бæлæстæ практикон æгъдауæй нæ республикæйы хъæдты нæ зайы. Æрмæст иу хатт фембæлдтæн ацы бæласыл Дзауы районы, хъавыдыстæм дзы тауинаг саразын, фæлæ йæ дымгæ афæлдæхта æмæ нын нæ бантыст. Сыбыраг кедр та фыццаг хатт сагъд æрцыд нæ хъæдты. Цъуйы хорздзинад æмæ пайдайы хиæдты тыххæй алчи дæр зоны. Æрмæст курæг дæн не ‘мбæстæгтæй, нæ фыдæбон нын нæхъуаджы ма кæнæд. Кæд искæй исты тала бæлас хъæуы, уæд, табуафси, æрбацæуæд Хъæды хæдзарады управленимæ, ратдзыстæм ын талатæ. Науæд иуæй-иутæ нæ фæстæ фæзилынц æмæ талатæ фелвасынц зæххæй», – зæгъы Хъæды хæдзарады управленийы сæргълæууæг Чилæхсаты Таймураз.

Управленийы кусджытæ уымæй размæ та Ленингоры районы ныссагътой назбæлас æмæ бæрзбæласы талатæ. Сатихъар-Громы фæндаджы былгæрæтты дæр сагъд æрцыд 1 000 талайы бæрц. Чилæхсаты Таймураз куыд зæгъы, афтæмæй хъæды массивты фæзуат фæфылдæр кæныны нысанæн афæдз дыууæ хатт бакæнынц ахæм куыстытæ.

«Нæ хъæдтæ хъæздыг сты бæлæсты мыггæгтæй, сабæлут, сусхъæд, бæрзбæлас, кæрзбæлас, тæгæр æмæ сырх тулдзæй. Уыдон иууылдæр æрзайын кæнæм, Ирыхъæуы территорийыл цы питомник ис, уым. Декоративон талатæй нын баххуыс кæнынц нæ уæрæсейаг коллегæтæ. Уыдон та ныссадзæм куыстуæтты рæзты, зæгъæм, паддзахадон ансамбль «Симд»-ы бæстыхайы раз ныссагътам æвзонг назбæлæстæ. Уыдон тагъд хъомыл кæнынц, æмбæлон æркаст сæм куы вæййы, уæд – 2-3 азмæ сырæзынц метры бæрц. Цалдæр азы размæ ацы назбæлæстæй ныссагътам Къуернеты хъæуы, хорз байрæзтысты. Ныр уыдонмæ кæсгæйæ, адæймаг æхцондзинад исы», – загъта Чилæхсаты Таймураз.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.