Сывæллонджын бинонтæн социалон æххуыс бакæныны нысанæн Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин йæ къух æрфыста «Сывæллæттæ цы бинонты ис, уыдонæн иурæстæгон бафыст»-ы тыххæй барамындыл, цыран дзырдæуы:

«Сывæллæттæ цы бинонты ис, уыдон социалон æххуысæй сифтонг кæныны нысанæн уынаффæ кæнын:

  1. 2021 азы август-декабры иурæстæгон бафыст 10 мин сомы бæрц лæвæрд æрцæуæт, Уæрæсейы Федерацийы территорийыл чи цæры, УФ ахæм æмбæстæгтæн: а) 6 азæй 18 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæтты ныййарджытæй сæ иуæн (йæхицæн лæппу чи загъта, æвджиды лæг), кæцытæн ис Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинад (2021 азы 1 сентябрмæ сывæллоныл 6 азы куы сæххæст уа, уæд ); б) сахъатджынтæн, 18 азæй 23 азы онг кæуыл цæуы, æмæ се ‘нæниздзинады фæкъуындæггонд фадæттæ кæмæн ис, Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинад кæмæ ис, уыцы адæймæгтæн, кæцытæ ахуыр кæнынц сæйраг астæуккагахуырадон программæмæ гæсгæ, уыдонæн сæ ныййарджытæй (закъонон минæвæрттæй) сæ иуæн.

Уыимæ иумæ барамынды нысан æрцыд, зæгъгæ, бафыстытæ лæвæрд цæуынц алы сывæллонæн дæр. Сахъатджын, æнæниздзинадмæ гæсгæ фæкъуындæггонд фадæттимæ сывæллоны ныййарджытæй сæ иуæн, кæцы нысан æрцыд ацы барамынды «б» пункты, ахæм бафыстытæ лæвæрд цæуынц алкæцы сахъатджын сывæллонæн дæр, кæнæ йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ фæкъуындæггонд фадæттимæ алкæцы адæймагæн дæр.

Нысан æрцыд, зæгъгæ, бафыстытæ чи хъуамæ райса, уыдонæн сæ бон у 1-æм ноябрмæ бацæуой Уæрæсейы Федерацийы Пенсион фондмæ ахæм бафыст снысан кæныны тыххæй. Иурæстæгон бафыст хынцыд нæ цæуы, ахæм бафыст чи исы, уыцы бинонты æфтиæгты скондмæ, соцæххуысы æндæр мадзæлттæ куы бавдисой, уæд æмæ нæ хауынц æфтиæгтæм дæр, кæцыты тыххæй, гæнæн уыд, æххæстгæнæн документтæм гæсгæ, ист æрцыдаид хъалон.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.