Паддзахадон федералон программæ «Ахуырады рæзт»-ы фæлгæты Цæгат Ирыстоны суанг апрелæй райдыдтой скъолаты бындурон цалцæджы куыстытæ. Цалцæджы уæлдай ма скъолатæ ифтонг æрцæудзысты хъæугæ дзаумæттæй, чингуытæй, нырыккон ифтонггæрзтæй, хæринаггæнæнтæй, спортивон залтæй… Ахæм стыр программæ Цæгат Ирыстоны æххæст цæуы фыццаг хатт.

Программæ куыд æххæстгонд цæуы, уый æдзух бæрæг кæны республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уый разы нæу иуæй-иу компаниты куыстимæ. Куыд загъта, афтæмæй скъолаты бындурон цалцæг у социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм ахсджиаг хъуыддаг æмæ йæм хъæуы бæрнон ахаст.

Бæрæг куыд у, афтæмæй, цалцæджы куыстытæ кæм цæуынц, уыцы скъолаты ахуырдзаутæ цæуынц æндæр скъолатæм, бирæты хъæуы дард цæуын æмæ æвзарынц зындзинæдтæ. Ныр бацархайын хъæуы, цæмæй ног ахуыры азмæ алчидæр йæхи скъоламæ бацæуа. Ныртæккæ бындурон цалцæг цæуынц 44 скъолайы. Сæ иуты цалцæг хъуамæ ахицæн уа ахуыры азы райдайæнмæ, иннæтæ – азы кæронмæ. Ныртæккæ фынддæс скъолайы ахицæн цалцæггæнæн куыстыты фылдæр хай, Фæлæ, хъыгагæн,  уыдон дæр алцæмæй ифтонг не ‘рцыдысты. Зæгъæм, видеоцæстдарды системæйæ, «фæдисы» дзæнгæрджытæй, дæсны фæлтæрд хъахъхъæнджытæй…  Уыцы æдасдзинады мадзæлтты тыххæй 2021-2022 азтæн республикæйæн дихгонд æрцыд 85 милуан сомы, фæлæ ног цалцæггонд скъолаты домæнтæн уыдон дзуапп нал дæттиынц. Афтæмæй, Ахуырады министрад цæхгæр разы нæу скъолаты ахæм хуызы райсынмæ. Ахца та уыцы куыстыты фаг нал кæны. Афтæмæй та, цалынмæ уыцы цухдзинæдтæ иуварсгонд æрцæуой, уæдмæ бирæ скъолаты дуæрттæ нæ байгом уыдзысты æмæ та скъоладзауты цæуын бахъæудзæн æндæр скъолатæм. Кæм хъæуа, уым сæ автобустыл ласдзысты, фæлæ уый уæддæр ахуыры хъæрзхъæддзинадыл хорзæрдæм нæ зыны.

Æрæджы Ахуырады министр Алыбегты Эллæ Хицауады æмбырды бæлвырд ранымадта, ахуыры азы райдайæнмæ ног цалцæг скъолатæй кæцытæ скусдзысты, ацы азы кæронмæ цалцæг чи фæуыдзæн, сывæллæттæ рæстæгмæ кæцы скъолатæм цæудзысты, цавæр транспорт сæ ласдзæн æмæ бирæ æндæр фарстытæ. Уыимæ министр ногæй куырдиат балæвæрдта Уæрæсейы Рухсады министрадмæ, цæмæй та 2024-2025 азтæн скъолаты бындурон цалцæджы программæмæ ногæй бахæссой Цæгат Ирыстонæй 69 ахуырадон кусæндоны.

Нæ  уацхæссæг

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.