Цæгат Ирыстоны Парламент æрæджы цы закъоны проект сфидар кодта, уымæ гæсгæ нырæй фæстæмæ Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæрдары æмæ Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæст кæндзæн иу адæймаг. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй иу организацийы разамонæг йæ хъуыддаг зондзæн, алцыдæр йæхицæн кæнгæ кæй у, уый æмæ кæрæдзимæ гæсгæ æнæкондæй ницы баззайдзæн. Уый фадат ратдзæн куыстмæ бæрнондæрæй æркæсынмæ, иумæйаг хъарутæй практикон къабазы куыст фæхуыздæр кæнынæн. Дыууæ организацийæн та сæ куыст, зæгъæн ис æмæ иухуызон у. Дыууæ баиугонд ног организацийæн разамынд чи дæтдзæн, уый бæрæг нæма у.

 

ÆФСАД  –  ЛÆГДЗИНАДЫ  СКЪОЛА

Æрвылаз куыд вæййы, афтæ та ныртæккæ дæр æфсады службæ кæнынмæ уалдзыгон æрсидты сконд цæттæ у. Сæ æфсæддон хæс сæххæст кæнынмæ апрелы райдайæнæй июны онг службæ кæнынмæ фæсиддзысты 18 азæй 27 азмæ кæуыл цæуы, ахæм лæппутæм. Æнæхъæн Уæрæсейы уыдон сты 147 мин адæймаджы, уыдонæй 300 фылдæр Цæгат Ирыстонæй.

Дзæуджыхъæуы æфсæддон командир Беджызаты Роберт куыд загъта, афтæмæй æрсиддонтæ нæ архайдзысты Украинæйы æфсæддон операцийы, нæ службæ кæндзысты Уæрæсемæ ног æрбаиугонд территориты.

Уыдон службæ кæндзысты Кавказы, Центрон Уæрæсейы, Дард Скæсæны æмæ Сыбыры регионты фистæгæфсæддон, денджызон флоты, нацгвардийы æмæ æндæр æфсæдты рæнхъыты. Æфсад у лæгдзинады скъола æмæ йæ чи рацæуа, уый у бæстæйæн фидæны ныфс.

ЦÆМÆЙ  НÆ  ГОРÆТ  АИВ  УА…

Фыццаградон национ проект «Æппæтфадатджын горæтаг алфамбылайы арæзтад»-ы фæлгæты ацы бонты дарддæр цæуы дзыллон онлайн-хъæлæскæнынад 2024 азæн æхсæнадон фæлладуадзæн бынæтты цалцæджы пълантæ сбæлвырд кæнынæн.

Куыд зонæм, афтæмæй федералон проекты уагæвæрдмæ гæсгæ, фыццаградон æгъдауæй цалцæг æмæ нывылгонд цæудзысты, адæм сæхæдæг цы объекттæ равзарой, уыдон. Ахæм фæткы бындурыл арæзт æрцыдысты амынд объектты ацы азы цалцæджы программæтæ. Ныр та ахæм фæткыл æнцой кæнынц фидæн азы уагæвæрдтæ.

Уыцы æууæл хынцгæйæ, профилон ведомствæтæ республикæйы цæрджытæм сидынц, цæмæй зæрдиагæй архайой онлайн-хъæлæскæнынады æмæ равзарой фыццаградон æгъдауæй цалцæгкæнинаг æхсæнадон фæлладуадзæн бынæттæ. Æхсæнадон хъæлæскæнынадмæ та хаст æрцыд 82 алыхуызон æхсæнадон фæлладуадзæн бынаты. Уыдонæй фидæн аз адæмы хъæлæскæныны бындурыл пъланмæ хаст æрцæудзæн 32 объекты. Сæрмагондæй фæбæрæг кæнын хъæуы, хъæлæскæнынады архайынæн паддзахадон лæггæдты порталы адæймаг регистрацигонд кæй хъуамæ уа.

Онлайн-хъæлæскæнынад ахæсдзæн 30 майы онг. 2024 азы та хъæлæс кæндзысты 2025 азы цалцæджы пълантыл. Цас фылдæр адæм хъæлæс кæной, уыййас фылдæр гæнæнтæ ис проекты архайынæн.

                                                                  Нæ  уацх

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.