Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæуæлахизы 77 азы бæрæгбонмæ республикæйы разамынд раджы райдыдтой сæхи цæттæ кæнын. Кæд Уæлахизы бон ацы аз юбилейон нæу, уæддæр ын ныртæккæйы уавæрты стыр ахадындзинад ис. Уымæ гæсгæ, архайынц æмбæлон уавæрты йæ банысан кæнын, цæмæй абон истори æмæ уæлахизы сгуыхтдзинæдтæ йæ къæхты бын чи кæны, уыдон æй зоной, ивгъуыдæн куыд аргъ кæнын хъæуы, уый. Вазыгджын нысаниуæг ын уымæн ис æмæ та ныртæккæ дæр Уæрæсе ис хæстон уавæры. Ирыстоны хæстон тыхтæ: 58-æм æфсад, нацгварди, контрактыл службæгæнджытæ, бархионтæ дæр архайынц нæ бæстæ нацизмæй ссæрибар кæныныл. Не знæгтæн равдисын хъæуы нæ иудзинад, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæн куыд аргъ кæнæм, уый. Стæй канд уыдонæн нæ…

Ацы аз бæрæгбон банысан кæнынмæ организацион комитет «Уæлахиз» бахаста бирæ ивддзинæдтæ. Алы районы разамонæг дæр хъуамæ бацархайа йæ ветеранты ном сæнусон кæныныл, чи ма дзы ис, уыдонæн та æмбæлгæ лæггад бакæнын. Йæ территорийыл чи ис, уыцы мемориалтæ æмæ цыртдзæвæнтæм базилын… Уыдон конд хъуамæ фæуой фыццæгæм маймæ.

Фыццаджыдæр, республикæйы разамынд бацархайдтой, цæмæй цалдæр боны цæуой бæрæгбоны мадзæлттæ. Реставраци æмæ æфснайд цæуынц  хæстон цыртдзæвæнтæ æмæ мемориалтæ, арæзт цæудзынц культурон æмæ социалон проекттæ, социалон нысаниуæджы æмæ культурон-рухстауæн мадзæлттæ. Тохвæллад ветеранты бинонтæй цалдæрæй райсдзысты фатертæ, иннæтæ та æхцайы иухаттон æххуыс. Чидæриддæр Цæгат Ирыстонæй хæсты архайдта, уыдонæн се ‘ппæты къамтæ дæр æрцæудзысты горæты уынгты баннертыл æвæрд. Сæ кадæн республикæйы алы къуымты сагъд æрцыд мингай талатæ акци «Сад памяти»-йы фæлгæтты. 5-æм майы та Уæлахизы кадæн горæты уынгты ацæудзæн автодугъ.

Ивддзинæдтæ хаст æрцæудзæн «Æнæмæлгæ полкъ»-ы цыдмæ дæр. Уый дыууæ азы дæргъы куыста онлайн хуызы короновирусы аххосæй. Ныр та раздæрау уынгты рахæсдзысты сæ хæстон фыдæлты къамтæ. Ацы хатт дзы уыдзæн, фæсчъылдым архайгæйæ иумæйаг уæлахизмæ стыр бавæрæн чи бахаста, къаддæр зындзинæдтæ чи нæ бавзæрста, уыдоны къамтæ дæр.

Ацы аз ма оргкомитет «Уæлахиз» фæндон бахаста, Украинæйы хæстон операцийы рæстæг чи фæмард, уыдон къамтæ дæр «Æнæмæлгæ полкъ»-мæ бахæссын, фæлæ уый тыххæй бæлвырд уынаффæ хаст нæма ‘рцыдис…

 

НÆ КИНОСТУДИ  НÆХИ  БАЦИС

Дзæвгар рæстæг Дзæуджыхъæуы æдзæллагæй чи лæууы, йæ куыст кæмæн банымæг, уыцы Цæгат Кавказы кинохроникæйы студи, æппынфæстаг, федералон исбонадæй рацыд нæхимæ.  Уый тыххæй указ бафыста бæстæйы Президент Владимир Путин. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ культурæйы уагдон нырмæ нæхи исбонадмæ кæй нæ хаудта, уый тыххæй йæ нæдæр цалцæг кæнæн уыд, нæдæр дзы исты аразæн уыд. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд банысан кодта, афтæмæй йын фыццагдæр аскъуыддзаг кæнын хъæуы йæ юридикон фарстатæ, уый фæстæ та — цалцæг кæныны. Уый та афтæ саразын хъæуы æмæ йæ историон фæлгонц, йе ‘ддаг хуыз ма хъуамæ фесæфа. Уый фæстæ дзы арæзт æрцæудзæн нырыккон æппæтфадатджын сфæлдыстадон фæз кинотæ исын æмæ цæттæ кæнынæн.

 

УАВÆР  АИВЫН  ХЪÆУЫ

Цæгат Ирыстоны Адæмон фронты эксперттæ архайынц республикæйы скъолаты ахуыры дыккаг сменæ аивыныл. Уый тыххæй куырдиат барвыстой Ахуырады управленимæ. Уым куыд загъд ис, афтæмæй дыккаг сменæйы ахуыр стыр зындзинæдтæ æвзарын кæны ныййарджытæн. Скъоладзаутæ иуæй æндæр секциты архайын нал æййафынц, иннæмæй та сæ хæдзæрттæм ацæуынц талынджы. Уый та æвзæрын кæны тæссаг уавæр.

Ныртæккæ ма дыккаг сменæ кæм ахуыр кæны, ахæмтæ скъолатæ горæты ис цыппар. Фæлæ сæ уавæр афтæ у æмæ дзы фыццаг сменæйы ахуырæн бынæттæ нæ фаг кæны. Скъолаты разамынд куыд зæгъы, афтæмæй уавæр аивæн ис æрмæстдæр скъолайы бæстыхайыл уæлæмхасæн уаладзыг сæвæргæйæ. Уый тыххæй та ацы скъолаты реконструкци скæныны тыххæй бахæссын хъæуы федералон проектмæ. Уæрæсейы разамынды уынаффæмæ гæсгæ, 2025 азы кæронмæ иунæг скъолайы дæр дыккаг сменæ нал уыдзæн.

Фæлæ, республикæйы разамынд куыд нымайынц, афтæмæй уый тагъд нæ уыдзæн æмæ агурынц уæлæмхасæн мадзæлттæ, цæмæй ног ахуыры азы райдайæнмæ иу скъолайы дæр дыккаг сменæ мауал уа. Ныфс сæ ис, уыцы лыггæнинаг фарста нæ амалхъомтæй исчи йæхимæ кæй райсдзæн.

                                                                                   Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.