Республикæйы разамынд йæ размæ сæвæрдта ацы азы кæронмæ цалдæр ахсджиаг хъуыддаджы бакæрон кæныны хæс. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд бафæдзæхста, афтæмæй горæты уынгты иунæг пырх, æрдæгарæзт бæстыхай дæр мауал хъуамæ уа. Кæм гæнæн кæны, уым арæзтад бакæрон кæнын, иннæты фидæны хъысмæты тыххæй бæлвырд документаци бацæттæ кæнын. Зæгъæм, заводтæ «Разряд», «Газоаппарат», Афицерты раздæры хæдзар, Хæххон металлургион техникумы æмдзæрæн, цалдæр культурон объекты… Уыдон бирæ азты кæлæддзагæй лæууынц. Ныртæккæ уал систой Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы цал-дæр азы æрдæгарæзтæй цы бирæуæладзыгон бæстыхай лæууыд, уый. Æрмæстдæр уый тых-хæй, æмæ хæлдта парчы аивдзинад. «Ахæм бæстыхæйттæ халынц горæты фидауц. Йæ гæххæттытæ нывыл кæмæн сты, закъоны бындурыл сæ чи аразы, уыдон сыл фæтагъд кæнæнт, иннæтæ сæ цыбыр рæстæгмæ сисæд. Уыдон бæлвырд кæныны тыххæй декабры кæрон уыдзæн рейдтæ», – банысан кодта Сергей Меняйло.

Уыимæ, азы кæронмæ, æппынфæстаг, байгом уыдзæн Сабырдзинады проспект. Уым цалдæр азы цыд реконструкцион куыстытæ. Ивд æрцыдысты инженерон инфраструктурæ, трамвайты рельсытæ, стæй фæндаджы уæлцъар. Ноджы æхсызгон дæр та у, ног фæндагыл ног трамвайтæ кæй ацæудзысты, уый. Уыдонæй декабры мæй республикæй райсдзæн дæс.

Федералон программæ «Удæнцой горæт»-ы фæлгæтты æрæджы арæзт фæци Титовы уынджы аллея. Уым ныртæккæ ис тезгъо кæнын æмæ уылæфынæн æппæт уавæртæ дæр. Ацы бонты бакæрон кæндзысты æхсæнадон фæз «Нæртон»-ы реконструкци дæр. Аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй йæ хуыз бындуронæй хъуамæ аива. Тезгъогæнæн фæзуаты асфальт раивын æмæ ног бандæттæ сæ-вæрынæй дарддæр ма скульптурæтæм уагъд æрцæудзæн электрон тых æмæ æхсæвыгон дæр рухс кæндзысты.

Уымæй дарддæр, Дзæуджыхъæуы бынæттон администра-цийы Сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав æмæ хъырымаг арæзтадон компанийы разамынды бадзырды бындурыл рæхджы нæ горæты уынгты фæзындзæн транспорты ног æрлæууæнтæ. Компанийы минæвæрттæ куыд загътой, афтæмæй проект «Умные остановки» æнтыстджынæй сæххæст кæндзысты Дзæуджыхъæуы. Уыдон уыдзысты ифтонг нырыккон мадзæлттæй. Зæгъæм, агъуыст рæсугъд бандæттимæ, электронон рекламæ, æрлæууæнты цы транспорт урома, уыдоны номыртæ, æрлæууыны рæстæг æмæ афтæ дарддæр. Æппæт уыцы удæнцойтæй рагæй пайда кæнынц размæцыд бæстæты. Хъырымаг специалистты хъуыдымæ гæсгæ, нырыккон, алцæмæй æххæст æрлæууæнтæ баст сты горæты транспорты инфраструктурæимæ æмæ сты горæты цæсгом. Уазджытæ, туристты цæсты сын ис стыр ахадындзинад.

Хъырымаг компани Дзæуджыхъæуы ахæм æрлæууæнтæ аразы лæвар.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.