Республикæйы Æхсæнадон палатæ æмæ Адæмон фронты минæвæрттæн æрæджы цы фембæлд уыд, уым ныхас цыд цæрджыты уавæр фæхуыздæр кæнын, æхсæнадон æмæ социалон царды æппæт фарстаты дæр.

Æмбырды архайдта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уый куыд загъта, афтæмæй фембæлды сæйраг нысан у Æхсæнадон палатæ æмæ Адæмон фронтæй кусæг организацитæ скæнын. «Уæ куысты уагæвæрд афтæ æвæрд хъуамæ уа, цæмæй алы мадзæлттæ агурат тыхст адæмæн æххуыс кæнынмæ. Цавæр фарстатыл кусут, уый зонын, фæлæ æмбæлы адæммæ дæр байхъусын, афæрсын… Уæ хъуыдытæ, уæ хъæппæристæ хъуамæ хорзæрдæм зыной цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æмæ транспорты тарифты политикæйыл. Зæгъæм, дæс мины чи исы, уыцы мæгуыр пенсиисæг æмæ хъæздыг, амалхъом иухуызон цæмæн хъуамæ фидой коммуналон лæггæдтæ? Афтæ алы къабазы дæр. Æппæт ацы хъуыддæгтæм æрмæст хицауады уæнгтæ ма хъуамæ кæсой, фæлæ сымах, организациты эксперттæ дæр», – банысан кодта Сергей Меняйло.

Республикæйы Сæргълæууæг ма уæлдæр амынд организациты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй хæстæгдæр рæстæг бацæттæ кæной республикæйы ахсджиагдæр куыстадон организациты номхыгъд, бæлвырдгонд æрцæуой, цас адæм дзы кусы, бюджетмæ цас хъалонтæ æрвитынц æмæ æндæр ахæм æууæлтæ. Уымæй уæлдай, сæрмагонд фембæлдтытæ саразын хъæуы амалхъомадон компаниты минæвæрттимæ дæр, цæмæй уыдоны хъуыдытæ æмæ проекттæ дæр хыгъд æрцæуой республикæйы социалон-экономикон райрæзты комплексон программæйы.

Æмбырды архайджытæ ма ныхас кодтой нæ республикæйы экологи, инвестицион проекттæ, ахуырад, медицинæ æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты куысты ахсджиаг фарстатыл. Журналист Цæголты Олег куыд загъта, афтæмæй, æхсæнады цы бирæ æвзæр цаутæ æрцæуы, уыдонæн сæ бындур вæййынц алыхуызон сайттæ, æмæ сæм фылдæр æргом аздахын хъæуы. Цæголы-фырт ма фæндон бахаста Ирыстоны мыхуыры фæрæзтæ электронон вариантмæ раивыны тыххæй.

Ныхас ма цыд мыхуыры абоны уавæрыл, газеттæ æмæ журналты тираж дæлæмæ кæй хауы, цы саразæн ис уый тыххæй æмæ афтæ дарддæр.

Æмбырды кæрон Æхсæнадон палатæйы сæргълæууæг Нина Чиплакова фембæлды архайджыты базонгæ кодта, сæ къухы саразын цы бафтыд æмæ ма сæм дарддæр цы фæндтæ ис, уыдонимæ.

Æмбырды архайджытæ ма ныхас кодтой нæ республикæйы экологи, инвестицион проекттæ, ахуырад æмæ медицинæйы ахсджиаг фарстатыл.

 

ДЗÆУДЖЫХЪÆУ  АИВДÆР  КÆНЫ

АДÆМЫ  УАВÆРТÆ – ХУЫЗДÆРКÆНИНАГ

Республикæйы сæйраг горæты дарддæр æххæстгонд цæуынц сæрмагонд федералон программæ «Æппæтфадатджын горæтаг алфæмблайы арæзтад»-ы мадзæлттæ. Ныртæккæ Дзæуджыхъæуы куыст æхсиды арæзтады алы къабазы дæр. Фæндæгтæ, трамвайты релсытæ ивд цæуынц бындуронæй. Бындурон цалцæг цæуынц скъолаты фылдæр хай дæр.

Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы кæронмæ ахæццæ сты цалцæггæнæн куыстытæ. Сноггонд парчы цæст рæвдауынц ног астъæрд, карусельтæ, цады бæлæгътæ, улæфæн бандæттæ стъолтимæ, цады былтыл хæрæндæттæ, доныхъазтæ æмæ бирæ æндæр удæнцой мадзæлттæ.

2022 азы цалцæджы программæтæм цы парктæ, сквертæ, аллейæтæ бахауд, уыдоныл цæрджытæ хъæлæс кодтой 2021 азы. Уæд дзыллон хъæлæскæнынады бæрæггæнæнтæм гæсгæ фидаргонд æрцыдысты ацы азы цалцæджы æмæ фæлгонцы программæтæ.

Уыимæ, ацы азæн цалцæджы программæтæм цы горæттаг объекттæ бахастой, уыдоны аивдзинадыл куыст цæуы графикты бындурыл. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хъæппæрисæй цы федералон программæ фидаргонд æрцыд, уый, æмткæй райсгæйæ, зынгæ фæнывылдæр кодта æхсæнадон фæлладуадзæн бынæтты уавæр.

Ацы азы кæронмæ ма ахæм цалцæггæнæн куыстытæ бакæндзысты 22 æхсæнадон фæлладуадзæн бынаты. Фонтанты фæз æмæ горæты цæрджыты иннæ уарзон бынæтты уавæр банывыл кæнынæн. Фидæн азы та ацы федералон проекты фæлгæтты нысан æрцыд 80 æхсæнадон фæлладуадзæн бынатмæ базилын.

Нæ  уацхæссæг

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.