На республикæйы цæрджытæн бирæ азты дæргъы Зæрæмæг æмæ Нар баст сты таможнæйы пункты хъизæмæрттимæ, – адæймаджы хъуыры стæг куыд ныффидар уа æмæ сулæфыны фæрæз куыд нæуал вæййы, растдæр афтæ.

Кæд æмæ арæны сæрты ахизынæн бирæ гæххæттытæ ницы домынц (не ‘мбæстæгты фылдæр хай УФ-йы æмбæстæгтæ сты), уæддæр пункты территоримæ бахизæны дзæвгар анхъæлмæ кæсын фæхъæуы. Кæд дзы фæстаг рæстæджыты сæдæгай автомашинæтæ æрæмбырд вæййы, уæд-иу дзы раздæр та минтæй фылдæр дæр уыд – уæзласæн машинæты колоннæ-иу нал фæуд кодта. Æмæ ацы проблемæ кæронмæ скъуыддзаг никуы æрцыд нырма.

26 августы нæ республикæмæ фæуазæг сты Уæрæсейы таможнæйы службæйы къухдариуæгад Цæгат-Кавказаг таможнæйы управленийы хистæры хæдивæг Дмитрий Штенбергы сæргълæудæй. Уазджытæн уыд кусæгон фембæлд сæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ Паддзахадон таможнæйы комитеты хистæр Цхуырбаты Мурæты сæргълæудæй, æмæ стæй сæ бадзырдты тыххæй сарæзтой пресс-конференци.

Дмитрий Штенберг æрдзырдта Зæрæмæджы таможнæйы сæйраг проблемæйыл, ома дзы адæмы бирæ рæстæг кæй бахъæуы æнхъæлмæ кæсын, æмæ баххах кодта, ацы хъуыддаг баст кæй нæу таможнæйы рæнхъон сконды кусджытимæ, сæ хæстæ æнæмбæлонæй æххæст кæнынимæ.

«Зæрæмæджы таможнæйы пункт афтæ арæзт у æмæ дзы суткæйы дæргъы 170 автомашинæйы йедтæмæ ма хъуамæ хиза. Ныридæгæн та æрвылбон дæр арæны сæрты ахизы иу мин автомашинæйæ фылдæр. Уавæр фæхуыздæр кæныны тыххæй уал фæфылдæр кодтой кусджыты нымæц. Ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныныл бирæ дзырд цæуы æмæ, æвæццæгæн, 2023 азы æрæвналдзысты таможнæйы пункты реконструкци кæнынмæ, цæмæй бæрæг фæфылдæр уа машинæтæ уадзыны бæрц суткæйы дæргъы», – зæгъы Дмитрий Штенберг.

Реконструкци саразын хорз хъуыддаг у – адæм сæ рæстæг нал сафдзысты хох-рагъыл æнхъæлмæ кæсгæйæ. Ам сæйраг проблемæ æнхъæлмæ кæсыны нæй, фæлæ таможнæйы пункт кæй уæвынад кæны Ирыстоны хсæн, уым. Афтæ куы уыдаид æмæ рагæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты бæллиц сæ цæгаттаг æфсымæртимæ баиу кæнын нæ уыдис, уæд Зæрæмæджы таможнæйы пункты реконструкцийы хабар алкæмæн дæр æхсызгон уыдаид.

Æрдзырдтой ма хуссарирыстойнаг фæлхасгæнджыты домæнты фæдыл дæр, кæцытæ бахатыдысты, цæмæй сын фæхуымæтæгдæр кæной таможнæйы декларацитæ райсыны хъуыддаг. Уазджытæ бахахх кодтой, зæгъгæ, абоны бон Хуссар Ирыстоны паддзахадимæ ис иууыл æнгомдæр æмгуыстад æмæ уый фæдыл уымæй фылдæр нæй фæкъаддæр кæнæн домæнтæ – уæд хъуамæ УФ-йы Уынаффæмæ хаст æрцæуой бæрæг ивындзинæдтæ.

Хуссар Ирыстоны фармацевттæ дæр арæх сæмбæлынц зындзинæдтимæ хостæ ласыны рæстæджы. Зæгъæм, брокерты лæггæдтæ сын бирæ слæууынц æмæ уый фæстиуæгæн нæ республикæйы афтекты дæр фæзынаргъ вæййынц æнæмæнгхъæуæг медицинон препараттæ. Уазджытæ баныфс æвæрдтой, ома, сæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ раиртасдзысты проблемæ æмæ райсгæ мадзæлтты тыххæй æввахс рæстæджы фехъусын кæндзысты. Афтæ ма сæм бахатыд сæнуадзæн куыстуат «Ирон сæн»-ы генералон директор Цопайты Алексей дæр, кæцы сын рахъаст кодта, ома Зæрæмæджы таможнæйы зындзинæдтæ февзары хъæуæг документтæ цæттæ кæныны рæстæджы. Уазджытæ йæм байхъуыстой æмæ йын загътой, йæ фарстмæ йын æнæмæнг лæмбынæг кæй æркæсдзысты.

                              ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.