Ирон æвзагзонынады йæхи сæрмагонд фæндаг ис филологон зонæдты кандидат, ХИПУ-йы профессор Дзабиты Зарбегæн. Хицæн чингуытæй чи рацыдысты, уыцы зонадон куыстытæ, ахæмтæ, куыд «Ирон адæмон медицинæйы терминтæ», «Ирон æвзаджы фразеологион дзырдуат», «Ирон æвзаджы фразеологи», «Рагон ирон топонимтæ», «Омонимты дзырдуат», «Синонимты дзырдуат». «Фидар дзырдбастыты равзæрд» æмæ æндæртæ уæзгæ бавæрд сты ирон æвзагзонынады рæзтæн. Уыимæ цымыдис æвзæрын кæнынц æрмæст æвзагзонынады дæснытæм нæ, фæлæ рæнхъон адæймæгтæм дæр. Цæ-виттон, «Ирон адæмон медицинæйы терминтæ»-мæ йæ автор бахаста 400 бæрц кæрдæджы нæмттæ æмæ дзуры сæ хосгæнæн миниуджытыл. Чиныг мыхуыры рацыд дыууæ хатты æмæ уый та дзурæг у, адæм æм кæй цымыдис кæнынц æмæ йæ кæй агурынц.

Дзабиты Зарбегæн егъау зонадон куыстыл банымайæн ис йæ «Ирон фразеологион дзырдуат». Ацы чиныгмæ бахауд 7600 фразеологизмæй фылдæр. Уыдон кæд дзæвгар сты, уæддæр кæй æрæмбырд кодта, уыдон æм иууылдæр нæ бахаудысты æмæ сæ дыууæ уацимæ «Цæрæгойты нæмттимæ баст терминтæ» æмæ «Буары хæйттимæ баст терминтæ», зæгъгæ, хицæн чиныгæй рауагъта æрæджы. Чиныг дæр хуыйны афтæ «Уацтæ æмæ фразеологизмтæ».

Фразеологизмты тыххæй ныхас дарддæр кæнгæйæ. Зæгъын хъæуы, ацы чиныгмæ ма йæ автор кæй бахаста 2 минæй фылдæр фразеологизмы, афтæмæй иууыл иумæ кæй æрæмбырд кодта, уыдоны нымæц хизы 9700 онг. Уый ноджыдæр дзурæг у не ‘взаджы хъæздыгдзинадыл æмæ сæ Зарбег кæй æрæмбырд кодта, рæгъмæ сæ кæй рахаста, уымæй бакодта стыр куыст. Уыдонæй, кæй зæгъын æй хъæуы, абон иугъуызон нæ пайда кæнæм нæ ныхасы рæстæджы, бирæтæ дзы рохуаты аззадысты, æмæ уый диссаг дæр нæу – æвзаг у удæгас организм, цардимæ æмдзу кæны æмæ куыд хицæн ныхæстæй, афтæ фразеологизмтæй дæр бирæтæй нал фæпайда кæнæм. Уый æмрæнхъ фæзынынц ног ныхæстæ, ног фразеологизмтæ æмæ абон не ‘взаджы цы  фазеологизмтæ ис уыдоны æмбырд-гонд нæ бон у нæ къухмæ райсын Зарбеджы куысты руаджы. Афтæ зæгъæн нæй æмæ нæ æвзаджы æппæт фразеологизмтæ дæр сæ бынат ссардтой ахуыргонды куысты, æмæ кæд афтæ у, уæд ыл куыст дарддæр, æвæццæгæн цæудзæнис.

Цымыдисон сты чиныджы мыхуыргонд уацтæ дæр. «Цæрæгойты нæмттимæ баст терминтæ»-йы автор лæмбынæг æвзары хицæн æмæ хицæн цæрæгойты нæмттæй æндæр нысаниуæгты куыд пайда кодтой æмæ кæнынц нæ адæм се ‘взаджы, уый. Цæвиттон – арс. Арсы номимæ баст сты адæймаджы хицæн нæмттæ, мыггæгтæ. Бирæ ис зайæгойты нæмттæ дæр, ахæмтæ, куыд æрсных, æрсмыд, арсы дзæмбы, арсы картоф, арсы загæлæг, арсы кæрдо, арсы нуры, арсы æхсæр, арсы цил, арсы хъæдындз, арсы къах, арсы хъæлæрдзы. Ацы зайæгойтæй мах абон иу стæмтæй дарддæр иннæты нал зонæм, афтæмæй сæ кæддæр нæ фыдæлтæ хорз зыдтой, пайда сæ кодтой æмæ сыл нæмттæ дæр уымæн сæвæрдтой.

Арсы номимæ не ‘взаджы æмбæлæм бирæ æмбисæндтæ æмæ фразеологизмтыл дæр. Уыдон сты ацы уацы æмæ сæ нысаниуæг цы у, уый дæр нын æмбарын кæны автор. Цæвиттон, махæй æвæццæгæн, алчи дæр æнæзонгæ нæу фразеологизм арс цымы бын куыд базæронд, уый. Фæлæ алчи нæ зондзæн, растдæр цымы бын цæмæн зæронд кодта æмæ æндæр бæласы бын цæуылнæ. Ахæмтæн æй Дзабийы фырт æмбарын кæны: цым рагацау рафтауы дидинæг æмæ арс æнхъæлдта, зæгъгæ, æппæтæй раздæр уый сбæздзæн хæрынæн. Сбадт йæ быны æмæ æнхъæлмæ каст, кæд сбæздзæн хæрынæн, уымæ. Иу ахæмы акаст йæ алыварс æмæ … кæрдотæ фыррæгъæдæй згъæлын райдыдтой. Арс цымы фæуагъта æмæ ныййарц кæрдоты ‘рдæм. Фæзæгъынц æй, искæмæ бирæ рæстæджы æнхъæлмæ кæсынæй куы сфæлмæцынц, уæд.

Афтæ чиныджы йæ иннæ уацы та Дзабиты Зарбег æвзары æмæ æмбарын кæны адæймаджы буары хæйтты нæмттимæ баст терминтæ.

Зæгъын ма хъæуы уый тыххæй дæр æмæ Зарбег кæй фыссы аивадон уацмыстæ, стæй нæ æхсæнады раз лæууæг карз фарстыты фæдыл публицистон уацтæ. Ахæм уацтæ, сæйраджыдæр, хауынц ирон-гуырдзиаг хæсты рæстæгмæ æмæ сæ æвдисы рæстдзинады сæрыл нæ адæмы тох. Йæ аивадон уацмыстæй дæр бирæтæ фыст æрцыдысты ацы темæйыл. Алкæмæндæр зынаргъ у йæ райгуырæн къуым. Зынаргъ у Зарбегæн дæр, кæм хъомыл кодта, уыцы Чеселтгом æмæ ахæм номимæ цы чиныг рауагъта, уым цы уацмыстæ, æндæр æрмæджытæ ис мыхуыргонд, уыдон баст сты, ацы комы раздæр цы бирæ адæм цардысты, уыдоны царды хабæрттимæ.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.