Алы рæстæгæн йæхи барæнтæ кæй ис, уый тыххæй, хорз у, æвзæр у, уæддæр нæ дуджы, хъыгагæн, чиныгæн аргъ кæнын райдыдтам йæ гуырахстæй – йæ бæзн æмæ йæ дæргъ, йæ уæрхæй.  Хъыгагæн. Æмæ алыгъуызон мыхуыры фæрæзты ахæм рецензигæндтæ ауыны адæймаг – сбад æмæ сыл худ, сæ автортæ аивадæн кæй ницы фембарынц, дур налхъуыт кæй фæхонынц, налхъуыт – æвзалы, уый охыл.

Фæлæ нæм ныртæккæ цы поэтикон уæзгæ æмбырдгонды кой уыдзæнис, – фыссæг æмæ ахуыргонд, профессор Хъазиты Мелитоны чиныг “ЦАТЫР”-æй зæгъын, – уым бакаст дæр ис æмæ дзы цы зæгъай, уымæ дæр дæ дардмæ цæуын нæ бахъæудзæнис. Уымæн æмæ, йæ авторæн ис, цæмæ дæ æркæсын кæна, уый:

 

Фæззæджы был Ир ысдиссаг

Амæндты амонд фыссæгау.

Суæлбикъон дæн быркуы сисæг,

Кусарт акæнæг фысымау.

 

Хур кæсы нæ дзæбæх Ирæй,

Растæндæр мæ риуы арфæй!

Нуазæн айсут дзæбидырæй!

Зæдтæ бахудынц цъæх арвæй!

 

Цинæй зæхх тæлфы мæ быны –

‘Нæвнæлд чызджы ризгæ тæвд

буар.

У æцæг.

Нæ уыдис фыны –

Райста раттæг Ир Сæрибар!

(“Сæрибар”)

Уæдæ, Сæрибаррайсæг радтæг Иры цинæй куыннæ хъуамæ райа поэт. Иугæр афтæ у, уæд сбирæ, поэтимæ чи сырæзт, йæ чиныгыл цингæнджыты нымæц дæр. Æмæ уый хуымæтæджы нæу. Дардыл хъуыстгонд у нæ фыссæджы кады ном. Зындгонд уырыссаг журнал “Дружба народов” æй йæ ивгъуыд азы N12-æм  чиныджы цъары 2-аг (дыккаг) фарсыл хуымæтæджы нæ зæгъы: “Мелитон Казиты – патриарх осетинской литературы”.

Гъемæ, “Цатыр”-ы ном дæр дардыл æнæнхъæлæджы нæ ныхъхъæр. Йе `нтыстыл ын цы литературон-критикон уацты дзырдæуы, уыдон сæхæдæг сты иу чиныг (“Цатыр”-æй – цардмæ”. – Цхинвал, 2022. – Сарæзта йæ Республикæ Хуссар Ирыстон – Аланийы Æвзæнгты библиотекæйы директор Тъотъоты Ленæ). Филологон зонæдты доктор, дзæнæттаг профессор Джусйты Нафи дзы уымæн загъта: “Мæн афтæ фæнды, цæмæй мах зонæм, Мелитон цы ныффыста, уый æцæг кæсинаг у. Йæ алы æмдзæвгæ, йæ алы уацмыс мæм, чизоны, не ‘рбафтыдысты, фæлæ йын йæ сæйраг чингуытæ иууылдæр кастæн. Бæргæ зæ-ронд лæг алцæуыл нал феххæссы, фæлæ сæ уæддæр хъуамæ зонæм. Мелитон æцæг курдиатджын лæг у æмæ хъуамæ зона, зæгъгæ, цин мыл кæнынц мæ курдиаты тыххæй. Ӕмæ уæд ноджы хуыздæр уыдзæнис, ноджы рæсугъддæр. Йæ “Цатыр” нырыккон ирон поэзийы хуыздæр чингуытæй у. Стæй “Ӕууæндын Адæймагыл”, йæ бирæ новеллæтæ, уацаутæ, роман, пьесæтæ… Мæнмæ хорз кæсы ноджыдæр уый, æмæ Мелитон канд курдиатджын нæу, фæлæ ма кæй у тынг куыстхъом. Кусын-хъом куы нæ уай, уæд курдиат йæхæдæг бахус уыдзæнис, æндæр ницы. Чи зоны, иу-дыууæ æмдзæвгæ ныффыссай, дыууæ чиныджы дæр фестæд, фæлæ Мелитон ныр æнæхъæн библиотекæ ныффыста æмæ цæмæй уыйбæрц уацмыстæ сфæл-дисай, уый тыххæй хъуамæ уай куыстхъом, куыстуарзон.

Мелитон у тынг куыстхъом æмæ йæ курдиат уымæ гæсгæ тынг уæрæх æвдисы, чи йæ кæсынц, уыдонæн. Чи йæ нæ кæсы, уымæн нæ дæр Мелитоны аххос у, нæ дæр мæ аххос (“Цины раныхас”).

Æмæ æмбæлон аргъ чи не скодта ацы зындгонд чиныгæн: уæдæ, РХИ-йы уæды президент Тыбылты Леонид, РХИ-йы уæды Парламенты сæрдар Коцты Станислав; уæдæ, филологон зонæдты кандидаттæ Безаты Фаризæ, зæгъай, æмæ Тъехты Тамерлан, Фысджыты цæдисы уæнгтæ Гæбæраты Юри, Черчесты Хъасболат; уæдæ, Джиоты Екатеринæ æмæ Тъотъоты Ленæ. Чиныджы тыххæй сæ рецензиты ис бæлвырд фиппаинæгтæ.

Йæхи куыд равдыста нæ тыхст заманы, йæ алы хъуыддаджы дæр цæвиттойнаг куыд уыд, тохы астæу куыд уыд иууылдæр, æмæ йæ бон кæмдæриддæр уыди, уым архайдта, цæмæй ацы рæсугъд бон æрлæууыдаид. Æмæ уыдæттæн: кусгæ дæр кæн, æхсæнадон куыстæй дæр дæхи ма сай, ноджы уыдонимæ иумæ уыйбæрц зонадон æмæ литературон куыстыл æххæсс, уымæн хъæуы бирæ стыр тых. Фæстаг рæстæджы мæм афтæ кæсы, мæнæ вулкан куыд стоны, афтæ ацы лæгæн дæр, Мелитонæн, йæ курдиат срæмыгъта. Стæмхатт рауадзы дыгай-æртыгай чингуытæ дæр.

Цас диссаджы монографитæ ныффыссын ын бантыст, уый – Къостайыл, уый – Гафезыл, уый – Нигерыл, Камалы тыххæй… Нæ хæстон поэзийы тыххæй йæ диссаджы стыр монографи “Удæй зынаргъдæр – Сæрибар”… Ныр – «Цатыр».

О, æмæ Мелитонæн бирæ æнтысы. Стæй, у алыварсон: уый дын – драматургийы, уый дын – поэзийы, уый дын – прозæйы, уый дын – зонады… Алцæмæ дæр йæ ныфс хæссы. Æмæ ма афтæ искуы Ирыстоны Хуссары дæр, Цæгаты дæр искæй равдисын куы хъæуы, гъе, раныхас кæнын, искæмæн скад кæнын, уæд разæй тырысайау хæссæм Мелитоны. Уый тыххæй мæ фæнды, бирæ, бирæ йын бантыса ноджыдæр ардыгæй фæстæмæ.

Хъазийы-фырты поэтикон чиныг кæсынæй не `фсæды чиныгкæсæг, уый тыххæй лæууы нæ зæрдыл æппынæдзух Ирыстоны адæмон поэт, Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, дзæнæттаг Ходы Камалы куырыхон хъуыды нæ поэты æм-дзæвгæ “Мæ чиныг”-ы тыххæй: “Хъазиты Мелитон Ирыстоныл куыд иузæрдыг у, йæ разы йæ хæс куыд æнкъары, уый æвдисы йæ чиныг “Цатыр”-ы мæнæ ацы дыууæ рæнхъы:

 

«Систам Иры уæз нæ рагъмæ –

Махæн

цудыны бар

нæй».

Ацы ныхæстæ абоны Иры фæлтæртæ сæ тырысайыл куы ныффыссиккой, уæд сæ царды сæ сæйрагдæр хæс рæдийын никуы бауадзид. Ирыстонæн Мелитонау аккаг хъæбултæ уаиккой…

Хъазийы-фырт йæ хæсы раз у бæрнон. Уый æрмæст ирон дзырдæн лæггады, литературæйы не ‘вдисы, фæлæ йæ цардæй дæр. Ныртæккæ йæ сæйрагдæр бæллиц у дыууæ Ирыстоны фарст, æмæ уымæ разæнгард кæны иннæты дæр. Нырма уал нæ къухы бафтыд ирон Фысджыты дыууæ цæдисы баиу кæнын. Æмæ йæ Стыр Хуыцау рæстмæ фæкæнæд! Дыууæ Иры куыд баиу уой, уымæн сæрæвæрæн уæд! ” Ирыстоны баиу кæнын йæхи цæстæй фенын Камалæн нал бантыст, фæлæ йыл Хъазиты Мелитон тох кæны абон дæр.

Уый хъуамæ уа алы æцæг ироны бæллиц.

ПЛИТЫ Мадинæ,

ХИПУ-йы хистæр ахуыргæнæг

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.