Фылдæр хатт адæймагæн йæ хъысмæт йæхицæй аразгæ вæййы, йæхæдæг равзары йæ цардвæндаг, кæд æй фæзоны фыдæбонæн ын уыдзæн, уæддæр.  Уæдæ æппæтдæр лæгдзинадæй кæнгæ у. Иугъуызон фадæтты адæмтæ сæхи равдисынц алыгъуызон, афтæмæй раргом вæййы сæ удыхъæд.  Мæ ныхасы сæр у хорз кæй зонын, йæ уæззау хæс-тон цардвæндаг кæмæн уыдтон, ахæм ирон лæг Дзигойты Аланы тыххæй.

Ӕнцæнттæй нæ уыд æмæ нæу йæ цардвæндаг, æмæ цымæ гæнæн уыдис æмæ æндæргъуызон рауадаид йæ хъысмæт? Чизоны, æрмæст уæд  цæуылдæрты хъуамæ йæ къух систаид: дзырд, сæйраджыдæр, цæуы лæджы намысыл.  Ӕмæ уæд йæ фæндаг нæ ахæццæ уыдаид суанг Афганистаны онг дæр – хæсты цæхæрмæ. Ӕмæ дард Афгайнаг зæххыл цы советон салдатты туг ныккалд, уым Аланы туджы æртæхтæ дæр ис. Уæддæр йæ хæстон фæндаг нæ ныууагъта, æмæ йæ цæфтæ куы байгас сты, уæд та йе ̀мгæртты фарсмæ ногæй слæууыд, райста цалдæр хорзæхы дæр, сæ иу “За отвагу”… Фæлæ йын къаддæр зынаргъ нæ уыд йæ хæстон æмгæртты хорзæх, уыдоны æууæнк. Искæй зæххыл тохмæ цæуын зын у, цæуыс куырмæджы, нæ зоныс æмæ нæ уыныс, кæцы къæйдуры фæстæйæ, кæцы зæххы скъуыдæй дæм ракæсдзæн мæлæт. Ахæм уæззау уавæрты цыдысты сæ риуы æмбæрц нæ цардбæл-лон хæстон  фæсивæд Афганы зæххыл. Стыр хæсты хъæдгæмттæ нæма байгас сты æвзонг лæппуйы зæрдæйы, афтæ та йæ бахъуыд фыдызнаджы ныхмæ æрлæууын, йæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын.

Йæ чысыл Ирыстоны сæрмæ саудар мигътæ тымбыл кæнын райдыдтой. Чи уыд æнхъæл, æмæ гуырдзыйы фæтæг Гамсахурдиа Тбилисы митингтæ кæндзæн æмæ тугдыппыр сырх-сырхид цæстытимæ ирон адæммæ æрдхъирæнтæ кæндзæн. Стыр тыхы сæр бахъуыд ирон адæмы. Уый афгайнаг зæхх нал уыд, уый уыд Райгуырæн бæстæ, райгуырæн зæхх. Кæнæ сæрибар, кæнæ мæлæт, дзырдтой кæрæдзийæн нæ фæсивæд.

Аланы ацы хæст æрæййæфта Мæскуыйы, йæ бон уыд йæхи ницы зонæг, ницы фенæг скæнын, йæхи æнæвдæлонæй равдисын, фæлæ дзырд лæджы намысыл кæм цæуы, уым Аланæн иу уысм дæр фæстæ фæлæууæн нæ уыд. Йæ райгуырæн Ирыстоны тыхст уавæр зонгæйæ, æвæстиатæй фæдисы цыдæй æрхæццæ. Уайтагъддæр йæхи Коцты Грийы хæстон къорды ныффыста æмæ райдыдтой сæ æгъуыссæг удхайраг æхсæвтæ æмæ бонтæ, къæвда æмæ хур, уазал æмæ тымыгъ не ̀взаргæйæ. Йæ удæн тас у, уый йæм нымады дæр никуы уыд. Афганистаны хæстон фæлтæрддзинад йын, Ирыстоны, уæлдæф æмæ донау бахъуыд. Автоматæй суанг уæззау хæцæнгарзы онг ын амонын ницы хъуыд, гуырдзиаг тугмондаг сырдтæн Ирыстоны кæцы фæнды къуымы дæр Знауыры районы уа, Тамарашены æви Присы, алы ран дæр ак-каг дзуапп лæвæрдта.

Иу ахæм хабар уыд 1991 азы, сæрды мæйты. Ирон хъæу Балтайæ Знауыры ‘хсæн фæндагыл гуырдзиæгтæ амардтой зæронд лæг, зæронд ус æмæ æрыгон лæппуйы. Фæдис æрхæццæ Чъребамæ. Хъæу бахъахъхъæнын хæсгонд æрцыд Коцты Грийы къордæн. Уыдон фынддæс лæппуйæ æхсæвыгон араст сты Балтамæ. Алан куыд дзуры, афтæмæй бонырдæм ныххæццæ сты, æмæ æрбадтысты хъæуы хæдзæртты. Куы рбабон ис, уæд сæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд, хъæуы кæрон æрлæууыдысты БТР-тæ. Уыцы афон гуырдзиаг вертолет хъæуы сæрмæ зилдух систа, хæдзæрттæм-иу хæрз ныллæг æрцыд,  нæмыг æхсгæ, – фæндыдис сæ, хъæуы цавæр ныхмæлæууæг тыхтæ ис, уый базонын. Сихорафæттæм хæст бацайдагъ, æнæуый дæр æнтæф бон, æмæ ма йæм хæсты арт дæр бафтыдис, цæхæр калдтой автоматæй, пулеметæй. Стыхстысты, кæй зæгъын æй хъæуы, афтид автомат æмæ пулеметæй вертолет куыд фехсдзынæ, гранатæхсæн дæр сæм бæргæ уыд, фæлæ чи фехса, уый нæ уыд. Уæд Аланы бахъуыд сæр, кæддæр дард Афганистаны зæххыл æхста ацы мигæнæнæй, уыд æм фæлтæрддзинад. Ӕрбадт йæ фарсмæ, æмæ дзы иу æхст фæкодта. Уалынмæ вертолеты сау фæздæг скалд. Йæхи ма аппæрста гуырдзиаг хъæу Калеты ̀’рдæм, фæлæ йæм хæццæ дæр нал баци, æрхауд. Гуырдзиаг БТР-тæ дæр сæ хуыцауы цæф базыдтой æмæ сæхи хъæуæй айстой. Иуцасдæр рæстæг гурдзиаг тугмондаг лæгсырдтæ  æввахс нал бацыдысты ацы хъæумæ.

Уыцы уæззау бонты Алан стонг æмæ æгъуыссæгæй йæхи хуызæн дæр нал уыд. Иу гыццыл дæ цæстытæ хуыссæгæй фæсай, æмæ та де ‘фсæддон хæс æххæст кæнынмæ тындзгæ. Уыцы хæс æххæст кæнын та алыхатт æнтыстытимæ баст нæ уыд. Бахъуыдис-иу æй йæ цæф æмбæлтты хæсты быдырæй, йæ фарсыл быргæйæ, æккой хæссын дæр. Афганистаны фæрсæй-фæрстæм кæимæ хæцыд, уыдонæй цалдæрæн загъта æнусмæ хæрзбон.

Фæстæ та нæ фæлæууыд Алан 2008 азы дæр. Арты сыгъд йæ удæй фылдæр кæй уарзта уыцы Ирыстон, йæ фыдызæхх.  Гуырдзы Ирыстоныл арт бафтыдтой, сыгъдæг быдыр аразынмæ дзы хъавыдысты, фæлæ сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты.

Ирыстоны æнувыд хъахъхъæнæгæн йæ лæггæдтæ рохуаты нæ баззадысты нæ Республикæйы разамынады ‘рдыгæй дæр. Алан хорзæхджын æрцыд бирæ майдантæ æмæ æндæр хорзæхтæй дæр.

Хæстæг-хионæй цæрæнбонтæм рох никуы уыдзысты Райгуырæн Ирыстон бахъахъхъæныны тыххæй риуæмбæрц чи цыдис, уыцы хъæбатыр фæсивæд. Рацæудзæн бирæ азтæ, фæлæ ацы æнæмсæр хæсты хъæдгæмттæ никуы байгас уыдзысты ирон адæмы зæрдæты,

Сæндидзыдтой та ирон адæм, сæ къæхтыл слæууыдысты æмæ æдæрсгæйæ фидар къахдзæфтæй ацыдысты Ирыстоны зæххыл. Абон, ирон адæм сæ сæрæй ныллæг кувынц Алан æмæ уый хуызæн хæдæфсарм, намысджын лæппутæн уыдон бахъахъхъæдтой Ирыстоны хæдбардзинад сæ тугæй, сæ царды аргъæй, æмæ сын нæ зæрдæ зæгъы цæмæй дзы бафсæдой цæрынæй.

ÆЛБОРТЫ Агуындæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.