Ивгъуыд къуырийы кæрон нæ республикæйы Экологион, технологион æмæ арæзтадон цæстдарды комитеты сæрдар, Цхинвалы цæрæг Къуылыхты Уанийы фырт Таймураз йæ чиныг «Къуылыхты мыггаджы равзæрд æмæ йæ нырыккон уавæр»-ы балæвар кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ музейæн. Чиныг нырæй фæстæмæ хъахъхъæд цæудзæнис куыд экспонат æмæ йемæ адæм зонгæ кæндзысты æнусты дæргъы.

Цымыдисон чиныг «Къуылыхты мыггаджы равзæрд æмæ йæ нырыккон уавæр» мыхуыры рацыдис Ростовы дыууæсæдæ экземплярæй ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. «Генеалогион бæлас»-ы тексты та англисаг æвзагмæ тæлмацгонд у. Автор йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ацы чиныг саразыныл бахъуыд дыууын азæй фылдæр. Сæрмагондæй ам дзырдæуы Къуылыхты чысыл мыггаджы равзæрды тыххæй фыдæлты заманæй ныртæккæйы дуджы онг. Æрмæджытæ сты бæстон æмæ бирæвæрсыг: сæ мыггаг цы бынаты æмæ цы уавæрты фæзынд, кæмыты цардысты, мыггаджы ’рвадæлтæ, таурæгътæ, легендæтæ — историон æмæ архивон бæлвырдгæнæнтимæ. Мыггаджы генеалоги дæр æрмæджыты æхсæн ахсы зынгæ бынат. Уым дзырд цæуы канд Къуылыхтæн сæхиуыл нæ, фæлæ ма чындзытæ, сиæхстæ æмæ хæрæфырттыл. Цы уæлмæрдты бавæрд-той Къуылыхты зиæнтты, цавæр фыстытæ ис сæ цыртытыл æмæ ма ингæнты координаттæ дæр сты ацы чиныджы. Ам ма ис бакæсæн историон æрмæджытæ Хуссар Ирыстоны тыххæй къаннæг гуырахстæй. Уымæй дарддæр ма чиныгкæсæг базонгæ уыдзæнис Къуылыхты мыггагæй фыццаг æмæ дыккаг Дунеон хæстыты хайад чи иста, уыдон тыххæй дæр бæлвырд зонæнтимæ. Афтæ ма гуырдзиаг-ирон конфликт куыд бандæвта мыггагыл суанг 1920 азæй ныры дуджы онг. Хицæнæй хаст сты мыггаджы царды цымыдисон цаутæ, хъæлдзæг æмæ худæг хабæрттæ, кæцыты нысан у Къуылыхты иумæйаг портрет равдисын. Уæлæмхасæнæн ма чиныджы ис æндæр æмæ æндæр цымыдисон æрмæджытæ: фотонывтæ, иллюстрацитæ æмæ статистикæ. Ацы куыстæн зонады къабазы дæр егъау нысаниуæг ис, уымæн æмæ автор арф æмæ бындуронæй сахуыр кодта мыггаджы истори, спайда кодта археологион цыртдзæвæнтæй, фольклор, этнографи, историон документтæ æмæ информаторты æрмæджытæй. Стыр æххуыс æмæ хъæуæг уыдзæнис студенттæн дæр. «Æз ацы чины-гыл бакуыстон стыр цымыдисимæ. Æрмæг тымбыл кæнын æнцон нæ уыд, рæстæг дæр ыл бирæ бахъуыд, фæлæ цы иртасæн куыст бакодтон æмæ адæмы рæгъмæ цы чиныг рахастон, уый мæнæн у тынг æхсызгон æмæ зынаргъ. Мæн фæнды, цæмæй нæ мыггаджы кæстæртæ зоной номгай сæ фыдæлты, сæ кæрæдзи æмæ фидар хæцой ирон æвзаг æмæ ирон æгъдæуттыл. Мæнмæ гæсгæ, æндæр мыггæгты минæвæрттæн дæр ахъаз фæуыдзæн, куыд инструкци сæ мыггæгты чингуытæ саразынæн», — банысан кодта Таймураз.

Национ музейы директор Зассеты Мераб арфæ æмæ бузныджы ныхæстимæ банысан кодта, зæгъгæ, чиныг аккаг бынат ссардзæн музейы библиотекæйы тæрхæгыл. «Дæ „генеалогион бæлас“ зонын стыр æххуыс у, цæмæй бахъахъхъæнай æмæ фидардæр кæнай хæстæгдзинады ахастытæ, афтæ ма ахъаз у адæймагæн йæхи тыххæй фылдæр базонынæн, ома, кæцæй рацыд йæ мыггаг, чи уыдысты. Æрмæг тымбыл кæныны рæстæджы, мыггаг кæрæдзимæ кæй æрбангомдæр сты, уый дæр хорз дæнцæг æмæ нысан у. Абон нæм ахæм зынаргъ чиныг кæй æрбахауд, уымæй зæрдæрухс дæн. Чиныгмæ куы ‘ркæсæм, уæд бæрæг у, автор фундаменталон куыст кæй бакодта, уый. Ис дзы нæ мыггæгтæй сæ иуы равзæрды цымыдисон истори. Таймураз цы хæс æрæвæрдта йæ разы, уый сæххæст кодта бирæбæрцæй. Йе стыр фыдæбон бæркадджынæй зыны. Фидарæй зæгъдзынæн, ацы чиныг канд Къуылыхты мыггагæн нæ, фæлæ ма Ирыстоны историмæ чи цымыдис кæны, уыдонæн дæр уыдзæнис пайда», — банысан кодта музейы директор.

Цхуырбаты Ларисæ